Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы боны цытæн нæ республикæйы скъолаты уагъд цæуынц патриотикон мадзæлттæ. Иу ахæм мадзал концертон программæимæ бацæттæ кодтой нæ горæты скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ахæм номимæ «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе, уым ирон туг дæр ныккалд», зæгъгæ. Мадзалмæ æрбацыдысты нæ Республикæйы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов, скъола-интернаты директор Тедеты Роланд, ветерантæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ сывæллæтты ный-йарджытæ.

Ахуыргæнинæгтæ бацархайдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты трагикон цаутæ сæ бацæттæгонд номырты ирдæй равдисыныл. Æрбамбырд-уæвджытæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыцы хæстонты рухс нæмттæ. Хæстон зарджытæ, ирон кæфтытæ, инсценировкæтæй сывæллæттæ бацархайдтой сæ арæхстдзинадæй æрæмбырд-уæвджыты зæрдæтæ барухс кæныныл. Ам айзæлыд зындгонд æмæ уарзон зарæг «Катюша» дæр. Зынгæ ирон зарæггæнæг, уырæсейаг æмæ æхсæнадæмон конкурсты лауреат Тасойты Игорь та сæххæст кодта зарæг «День Победы».

Стыр Уæлахизы боны цытæн ветерантæн æмæ æрæмбырдуæвджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Бузныджы ныхæстæ мæ зæгъын фæнды скъола-интернаты коллективæн, уымæн æмæ сымах алы хатт дæр æрымысут Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ æмæ афтæмæй нæ уадзут мысынады цырагъ ахуыссын кæнын. Мæхи æмæ мæ æрæмбырдуæвджыты номæй бузныг зæгъын фæнды Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн. Уымæн æмæ уыдоны хæстон сгуыхтдзинæдтæ кæддæриддæр цæрдзысты нæ адæмы зæрдæты. Æнæ сымах, зынаргъ ветерантæ, махæн нæ уыдаид сабыр цард»,- банысан кодта Гасситы Натали. 

Арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загътой ацы скъола-интернаты директор Тедеты Роланд æмæ Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов. Уый ма скъола-интернатæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.