Нæ æрдз алыхуызон кæркæ-мæркæ дарæсæй фидауы æмæ йæм адæймаг кæсынæй нæ фефсæды, фæфæнды йæ уымæй æдзухдæр æхцондзинад исын. Фæлæ нын уыцы зæрдæхцон æнкъарæнтæ æрбайсæфынц, нæ раттæг æрдзæн фыдаудæн митæ чи кæны, йæ рæсугъддзинад ын чи æвидыц кæны, «фæдтæм» кæсгæйæ. Уыдон та иуæй-иу рæтты куы уаиккой, уæд сыл хъæциккам, фæлæ, хъыгагæн, афтæ нæу. Ахæм æнæсæрфат митæ чи кæны æрдзæн, уыдон, æвæццæгæн, афтæ æнхъæлынц, цыма уыцы фыдархайдæй хъыгдары æрмæст æндæрты æнцойад, фæлæ уый бынтон афтæ нæу,  йæхицæн дæр кæны знагиуæгон архайд.

Цы антисанитарон нывы тыххæй радзурынмæ хъавын, уый ис Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ хæстæг, Тихреуы цур. Ацы бынатмæ æввахс сзынд нуазыны дон æмæ дзы пайда кæнынц хъæуы цæрджытæ. Донæй рæсугъддæр ницы ис, адæймаджы йе ‘рвылбонон царды хъæуы. Сыгъдæг хъуамæ уа йæ алыварс дæр. Фæлæ чидæр бавдæлд æмæ банысангонд суадоны фарсмæ ныккалдта брæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы брон æккойæ не ‘рбахастаид. Уыдон ласт сты хæдтулгæйыл, фæзивæг кодта  горæты сæ æмбæлон ранмæ фæхæццæ кæныныл. Æмæ дзы цынæхуызон брон ис, адæймаг йæ цæстытыл ныххæцы, уыдоны уынгæйæ. Ахæм æдзæсгом æмæ æнæсæрфат æмбæстæгты æнæмæт ахасты фæстиуæгæн ацы ран къорд азтæм нал æрзайдзæн бæзгæ кæрдæг. Уый хыгъд дзы сарæх уыдзысты, адæймаг æмæ фосæн дæр знаггад чи кæны, ахæм зайæгхал. Куыд бæрæг у, афтæмæй уыцы бынæтты уæлдæф дæр сыгъдæг нал вæййы æмæ  мæгуырауæрдæм æндавы ‘нæниздзинадыл.

Æрдз нæ фæхайджын кодта йæ бирæ хæрзиуджытæй æмæ сæ пайда кæнын зонæм, ма йын кæнæм фыдаудæн ми æмæ нæ уый ноджы тынгдæр рæвдаудзæн, ахъаз нын уыдзæн царды алы къабæзты дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.