Фенддаг сты Згъуыбиры хъæуы алæмæттаг æрдз, йæ хосгæнæн суæрттæ, йæ сыгъдæг уæлдæф. Ахæм рæсугъд æрдзы хъæбысы,  1902 азы, зынгæ ирон рухстауæг Хæныкъаты Никъа æмæ Гаглуены хæдзары а-дунемæ фæзынд Згъуыбиры æрдхæрæны æрдзау, рæсугъд æмæ куырыхон зонд чи рахаста, уыцы номы чызг – Хæныкъаты Уæлгъа.

Никъайæн йæ бæллиц уыдис йæ чызг Уæлгъайæн иттæг хорз ахуырдзинад раттын. Уæлгъа фыццаг ахуыр кæнынмæ бацыдис Уанелы райдиан скъоламæ, уый фæстæ ацыд Хашуры сылгоймæгты гимназмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Æвзонг чызджы кæд царды уадтымыгътæ хостой, уæддæр сын бафæрæзта, хызт сæ иувæрсты. Уый æрыййæфта, октябры революцийы фæуæлахиз æмæ гуырдзы ирон адæмæн ивгъуыд æнусы 20-æм азты цы геноцид сарæзтой, уыцы трагикон рæстæджытæ. Уый кæд бирæ зындзинæдтæ æвзæрста, уæддæр æнгом ахастытæ дардта зынгæ революционертæ Дзаттиаты Александр, Санахъоты Серо, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ фыссæг Хъуылаты Сикъо, ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг Тедеты Бетъре, номдзыд революционер æмæ йæ адæмы патриот Гаглойты Рутен, зындгонд артисткæ Дзаттиаты Сона æмæ бирæ æндæр номдзыд адæймæгтимæ. Уыдоны æмæ æндæрты архайдтыты тыххæй Уæлгъа бирæ ирд цаутæ  ныффыста йæ мысинæгты.

Хæныкъаты Уæлгъа кæд йæ райгуырæн бæстæ æгæрон уарзтæй уарзта, уæддæр йæ царды рæсугъддæр азтæ арвыста Мæскуыйы. Уым моймæ фæцыдис Алмазовмæ. Баисты чызг æмæ лæппуйы хицау æмæ уыдон хъомыл кодта. Фæстæдæр йæ къухмæ райста фыссæджы сис æмæ æрывнæлдта уацмыстæ фыссынмæ. Райдианы сæ фыста уырыссагау. Уырыссагау фыст уыд йæ мысинæгты чиныг “Дæс азы” дæр. Фæлæ фæстагмæ йе `ргом аздæхта йæ мадæлон æвзагмæ. 57 азы йыл куы цыдис, уæд ныффыста иронау йæ фыццаг уац “Зынаргъ ном”, зæгъгæ. Уац уыдис Къостайы номыл, стыр аргъ ын скодтой нæ фысджытæ æмæ генион поэты цытæн цы æмбырдгонд рауагътой, уырдæм бахастой ацы уац дæр.

Йæ чиныг “Дæс азы” йæхæдæг раивта ирон æвзагмæ æмæ йæ мыхуыры рауагъта 1966 азы горæт Цхинвалы. Чиныгыл ирон адæм тынг зæрдиагæй сæмбæлдысты. Уый уыдис революцийы азфыст. Ирон номдзыд æхсæнадон  кусджыты  тыххæй йæ уацмысты æрдзырдта алкæуыл дæр. Ам иттæг хорз æрмæг бакæсæн ис Дзаттиаты Алыксандрыл, Гаглойты Рутеныл, Санахъоты Серойыл, Хаситы Миттайыл, Тедеты Бетърейыл, Хъуылаты Сикъойыл, номдзыд актрисæ ирон национ театры бындурæвæрджытæй сæ иу Дзаттиаты Сонайыл æмæ бирæ æндæр адæймæгтыл. “Бирæ  мадзурайæ лæууын дæр кæцæй у раст, – фыссы Уæлгъа йæ чиныджы разныхасы. Адæймаг йæ царды хæтæнтæй куы акъул вæййы, уæд ыл æмбæлы ивгъуыд бонты цы зоны, уый радзура йæ кæстæртæн… Мæнæн мæхи сæрмагонд царды цæвиттойнагæй ницы уыд, фæлæ мæ дзæбæх æмгæртты тыххæй мæ бон у чысыл цыдæртæ зæгъын, се `ддаг хуыз сфыссын сын бафæлвардзынæн. Æмæ, æцæгæйдæр, бирæ аив портреттæ ныффыссын бафтыдис йæ къухы. Мæнæ цы фæлмæн ныхæстæ фыссы номдзыд ирон фыссæг Хъуылаты Сикъойы тыххæй: “Бæрзонд, фидауцджын … йæ псевдоним Созырыхъо уыд æмæ æцæгдæр, Нарты бæгъатырау фидар нывгæнæг-фыссæг уыд».

Сикъо нывтæ дæр кæй кодта, уый æцæгæйдæр  Уæлгъайы фыстытæй рабæрæг. Тынг аив фыст сты йæ чиныг “Царды бонтæ”-йы уацмыстæ. Ам, аив ахорæнтæй æвдисы хъæууон хуымæтæг адæмы цардыуаг: цæмæйты цардысты, цы куыстытæ кодтой, куыд уазæгуарзаг æмæ хъæлдзæг уыдысты. Фæлæ æрмæст мысинæгтæ нæ фыста, Уæлгъа фыста радзырдтæ æмæ очерктæ дæр. Аив сфæлдыста номдзыд Томайты Мæхæмæты фыд  Созырыхъойы фæлгондз. Уацæн йæ ном дæр романтикон у “Зылындзаст орфей”, зæгъгæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Созырыхъо уыдис тынг кадджын лæг, иттæг хорз цагъта хъис-фæндыр æмæ дыууадæстæнон фæндырыл дæр. Йæ аив цагъды тыххæй йæ бауарзта Куырттатаг рæсугъд чызг, чындзы йæм фæцыдис, уый уыдис хъæбатыр Мæхæмæты мад.

Йæ радзырдтæ æмæ очеркты чиныг “Сындзы къутæр”, зæгъгæ мыхуыр æрцыдис 1977 азы, авторыл 75 азы куы сæххæст, уæд. Чиныгæн стыр аргъ скодта курдиатджын стыр фыссæг Гафез: “Ирон чиныгкæсджыты зæрдæмæ фæцыдысты, Хæныкъаты Уæлгъа раздæр цы дыууæ чиныджы рауагъта, уыдон. Мæн ныфс ис, ацы чиныг дæр сын кæй ссардзæнис сæ зæрдæтæм фæндаг”-фыста Гафез.

Куыд ма загътам, афтæмæй Уæлгъа æгæрон æнувыд уыд йæ райгуырæн уæзæгыл. Ирæттæй бирæтæм, хъыгагæн, ахæм миниуæг ис, æмæ сæ райгуырæн бæстæйæ æндæр рæттæм куы фæцæуынц цæрынмæ, уæд ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, сæ сæрмæ йæ нал фæхæссынц, ницæмæуал фæдарынц сæ фыдыуæзæг. Уæлгъайæн йæ райгуырæн уæзæгæй зынаргъдæр никуы ницы уыдис. Йæ чызг æмæ лæппу сыгъдæг зыдтой сæ мады æвзаг æмæ æрмæст уыдон нæ, фæлæ йæ фырты зæнæг дæр. Кæд Мæскуыйы хъомыл кодтой, уæддæр сæ фыдымад уый бæрц бакодта æмæ сын бауарзын кодта ирон æвзаг. Арæх иу сæ æркодта йæ райгуырæн уæзæгмæ, цæмæй хуыздæр базыдтаиккой ирон адæмы æмæ æнувыд уыдаиккой сæ зæронд мады национ æгъдæуттыл. Уæлгъайæн йæ зæнæг дæр йæхийау курдиатджын рацыдысты. Йæ фырт – дзæнæттаг Вова фыста радзырдтæ, драмон уацмыстæ. Йæ иу пьесæ йын Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл дæр сæвæрдтой. Йæ чызг Азæ ахуыргонд рауад, ссис филологон зонæдты кандидат, сахуыр кодта бирæ фæсарæйнаг æвзæгтæ, аив тæлмац ра-кодта францаг æвзагæй стыр ахуыргонд Дюмезилы куыстытæ Нарты эпосы фæдыл.

Уæлгъайæн стыр аргъ кодта номдзыд ирон ахуыргонд Уанеты Шакро дæр. Йæ мысинæгты уый фыста: “Мысинæгтæ гæнæн ис æмæ алчидæр фысса, фæлæ нæ газеты æз Хæныкъонæн цы мысинæгтæ бакæсын, уыдон сты цымыдисаг, ирдæй сæ зыны ирон адæмы цард æмæ уæлдай диссагдæр та у се `взаг, царвау – фæлмæн, мыдау та – адджын.

Хæныкъаты Уæлгъа йæ амæлæты агъом-мæ карзæй ныффæдзæхста йæ зæнæджы. “Ам, Мæскуыйы мæ ма бавæрут, аласут-иу мæ мæ фыдыбæстæм. Мæнæн уым ис мæ бынат, мæ адæмы фарсмæ”. Йæ фæстаг фæндон ын сæххæст кодтой æмæ йæ бавæрдтой йæ райгуырæн бæстæйы.

Хæныкъаты Уæлгъайы цардвæндагыл дæ цæст ахæсгæйæ, æнæмæнг дæ зæрдыл æрлæудзысты фыссæг Хостыхъоты Зинæйы ныхæстæ:

 

“Æз мæ зæрдæйы рæхыстæй

Иры урссæр хæхтæм баст дæн.

Æз мæ гуырдз, мæ ныхы фыстæй

Ардæм царды бонтæм хаст дæн.

Баст дæн уалдзыгон дымгæтæй

Баст-мыггагмæ дæр нæ Ирмæ,

Ме стыр цин æмæ мæ рыстæй

Баст дæн ацы зæххы риумæ.

 

Ацы аз 120 азы сæххæст Хæныкъаты Уæлгъайы райгуырды боныл æмæ йын пакъуыйау фæлмæн уæд, афтæ зынаргъ ын чи уыд, уыцы райгуырæн зæхх.

                                      БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.