Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд орден «Уацамонгæ»-йы кавалертимæ.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, 2008 азы августы уыдон æцæг хъйтардзинад кæй равдыстой, уый тыххæй.

«Ирыстоны историйы уæ нæмттæ фыст æрцыдысты сыгъзæрин дамгъæтæй. Сымах цæвиттойнаг стут фидæны фæлтæртæн, уыдон сæрыстыр уыдзысты сымахæй, уæ хъæбатырдзинад, фидардзинад, æмæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта Ирыстоны сылгоймæгтæн, кæцытæ сæ хъайтардзинад, æнæфæтасгæ патриотизм æмæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинады тыххæй райстой уыцы уæлдæр хорзæх.

«Сылгоймæгтæ-хъайтарты фенд нæм æвзæрын кæны   сæрыстырдзинад. Бузныг уын уæ патриотизм, хъайтардзинад, æмæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинады тыххæй. Хуыцау зæгъæд, цæмæй сымах уæ къухтæм хæцæнгарз макуыуал райсат æмæ æппæт уæ тыхтæ радтат уæ бинонты дидинæфтыдæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма банысан кодта, бирæ бакусын нæ кæй хъæуы дарддæр дæр æмæ уымæн кæй хъæуы бирæ тыхтæ. Хæсты рæстæджы хъайтардзинад равдисгæйæ, абон æнæмæнгхъæуæг кæй у æппæт тыхтæ сабыр царды ‘рдæм аздахын, тырнын кæй хъæуы бæстæйы паддзахиуæгад сфидар кæнын æмæ йæ экономикæ райрæзын кæнынмæ.

«Кæд нын цы плæнттæ ис, уыдон сæххæст кæнын бантыса æмæ саразæм æппæтдæр, цæмæй нæ сывæллæттæ цæрой фидар æмæ дидинæфтаугæ бæстæйы, уæд махæн нæ бон суыдзæн зæгъын, нæ тырнындзинад æмæ удзиæнттæ æнæхъуаджы кæй нæ уыдысты», – загъта Бибылты Анатоли.

Республикон æхсæнадон змæлд «Уацамонгæ»-йы кавалерты цæдис»-ы сæргълæууæг Бестауты Тамаз,  йæ  рады банысан кодта проблемон фарстатæ, кæцытæ уыдысты фембæлды хайадисджытæн иууыл актуалондæр.

Сæйраджыдæр, ныхас цыд «Уацамонгæ»-йы ордены кавалертæн хатырон бафыстытæ сфидар кæнын, афтæ ма цалдæрæн сæ цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Президент фехъусын кодта, республикæйы финансты министрадæн кæй бахæс кодта, цæмæй банымайой кæцыдæр хатыртæ сфидар кæныны тыххæй хæрдзтæ, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон фыст цæудзысты ног 2019 азæй фæстæмæ.

Цæрæнуат райсыны фарстмæ ахизгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уый разы  кæй нæу, цæмæй исчи цæрæнуат райса æнæ иумæйаг радæй.

«Махмæ ис горæт Цхинвалы администрацийы радылæуджыты номхыгъд, цыран цæрæнуат райсынмæ рады лæууынц 1980 азæй фæстæмæ. Æмæ раст нæ уыдзæн, афтæ зæгъын ома, цæрæнуат кæмæдæр æмбæлы орден «Уацамонгæ» йæм кæй ис, уымæ гæсгæ. Адæм уый нæ бамбардзысты», – загъта Президент.

Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй уый загъта ахæм фæндон, цæмæй сфидар кæной ацы катеогрийы адæймæгты номхыгъд, цы æндæр категоритæ ма дзы ис, уыдон æмрæнхъ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.