УÆД РАЙДЫДТА НÆ ИСТОРИ

1989 азы 23-æм ноябрь… Номхуындæй, уыцы бон райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. Номхуындæй, уыцы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæст. Ирон адæмæй 20-æм азтæ куыд никуы ферох уыдзысты, афтæ сæ никуы ферох уыдзысты, 1989-2008 азты сын фашистон Гуырдзыстон цы удхайраджы бонтæ æмæ æхсæвтæ фервитыны кодта, уыдон дæр.  1989 азы 23-æм ноябры райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, кæцы ахæссыд 20 азы бæрц. Уыцы бон Гуырдзыстоны ‘рдыгæй сæдæгай автобустыл Цхинвалы ‘рдæм рацыдысты Цхинвалы «сабырадон» митинг ауадзынмæ, фæлæ сын сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон цæхæрцæст лæппутæ.

Уыцы бон Цхинвалы цæрæг гуырдзиæгтæ дыууæрдæм куы ратæх-батæх кодтой, уæд мах дæр иуран кæцæй бадтаиккам æмæ араст стæм нырма Театралон фæзуатмæ æмæ уый фæстæ та – ТЭК-мæ, цæмæй æнæхонгæ уазджытыл уым сæмбæлдаиккам. Тамарашенæй Театралон фæзуатмæ митинг уадзынмæ чи цыд, уыдоны уырдæм нæ бауагътой уæрæсейаг æфсæддонтæ, кæцытæ дыууæ рæнхъæй слæууыдысты фæзуаты. Уæд уыдон сæ фæндаг акодтой ТЭК-ы ‘рдæм æмæ уым баиу сты сæ тбилисаг митингаразджытимæ. Уыцы бон Цхинвалмæ æрбахизæны, хотыхджын агрессоры ныхмæ  кæрæдзийы къухтыл ныхæцгæйæ цы 30 ирон лæппуйы бæрц æрлæууыдысты, уыдон равдыстой æнæмæлгæ сгуыхтдзинад.  Зæгъгæ, уæд гуырдзиæгтæ горæтмæ æрбаирвæзтысты, уæд абон Хусср Ирыстон нал уыдаид. Афтæ нæ хæдбардзинады сæрыл тохы истори райдыдта хъæбатырдзинадæй. Уый фæстæ-иу уыцы хъæбатыр лæппуты бирæтæ абарстой 300 спартаконтимæ, фæлæ уыцы абарст дæр раст нæ уыд, уымæн æмæ спартаконтæ уыдысты иууыл профессионалондæр хæстонтæ æппæт Грецийы, æмæ сæ сæргъ та лæууыд фæлтæрдджын æфсадфæтæг Леонид. Хуссарирыстойнаг ирон лæппутæ та сæхи хæстмæ никуы цæттæ кодтой, нæдæр сæм хæцæнгæрзтæ уыд æмæ уымæ гæсгæ цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг у, цæрæнбонты дæр нæ ферох уыдзæн адæмæй, цы диссаджы хъæбатырдзинад равдыстой, уый. Уымæн æмæ иу чысыл провокаци дæр расайдтаид стыр фыдбылыз, уыимæ гуырдзиæгтæ уыдысты хотыхджын.

Уый фæстæ гуырдзиаг лидертæй сæ иу Гия Чантурия æргомæй загъта: «Уыцы дыууæсæдæ адæймагæй мах сарæзтам национ хъайтартæ, уымæн æмæ уыдон фæстæмæ раздæхтой 28 мин гуырдзиаджы. Стыр рæдыд уыд Цхинвалмæ цæуын, фæлæ дыууæ хатты стырдæр рæдыд та уыд фæстæмæ раздæхын. Æз æй нæ зонын, ацы рæдыд  куыд сраст кæнæм, уый». Гуырдзыстоны дзыллон инофрмацийы фæрæзтæй иуæй-иутæ та фыстой, зæгъгæ, дам, ирон лæппутæ сæ разæй слæууын кодтой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты æмæ, зæгъ, уый тыххæй раздæхтыстæм фæстæмæ. Гуырдзиаг адæм мæнг ныхæстæ дзурынмæ тынг рæвдз сты. Æндыгъддзинад ахаста 25 ноябры онг æмæ кæд уазал боныгъæд уыд, æгæрыстæмæй мит дæр рауарыд, уæддæр ирон лæппутæ фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ сарæзтой, уымæй дæр æнæхъæн горæты цæрджытæ лæууыдысты сæ фарсмæ. Гуырдзиæгтæм уæлдай тынгдæр хъыг каст Цхинвал хъахъхъæнджыты къухты Аланты тырысайæ дарддæр Советон Цæдисы Сырх тырыса дæр кæй уыд, уый. Æмæ сæм хъæр кæнын райдыдтой, зæгъгæ, дам, æххæст Ленины портрет дæр рахæссут. Æмæ… 10 минуты фæстæ ирон фарсы ‘рдыгæй хæрдмæ сдардтой Советон Цæдисы бындурæвæрæг Ленины портрет.  Æнæхонгæ уазджытæ дæр  сдардтой, 20-æм азты Хуссар Ирыстоныл туджы зæйтæ цы тырысайы бын рауагътой, уый. Афтæ æртæ боны дæргъы фæлæууыдысты кæрæдзийы ныхмæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. 25 ноябры райсомæй раджы горæтмæ æрбахизæны уавæр фæкарздæр. Гуырдзиаг æнæформалты къухдариæуæггæнджытæ уæддæр аскъуыддзаг кодтой горæтмæ æрбатонын. Æмæ уæд завод «Эмальпровод»-ы скуыста сиренæ, горæты цæрджытæм ныхмæлæуды бынатмæ сидгæйæ. Гуырдзиæгтæ уыйбæрц адæмы куы федтой зæронд хидæй мидхъуыддæгты æфсæдты кордоны онг, уæд нал сæххæст кодтой сæ ног бафæлвæрд.

Цхинвалмæ батоныны фыццаг бафæлвæрд кæй фæсыкк кодтой, уымæй ирон адæм бындур æрæвæрдтой дарддæры уæлахизтæн. 1989 азы 23-æм ноябрь куынæ уыдаид, уæд нæ уыдыаиккой 1990 азы 20-æм сентябрь, нæдæр 1992 азы 29-æм май, нæдæр 2008 азы 26-æм август.

Уый размæ Тбилисæй хъуыстысты алыгъуызон сидтытæ ирæтты ныхмæ. Цæвиттон 1988 азы «Литературурли Сакартвело»-йы Т.Кванчилашвили йæ уацы фыста, зæгъгæ, æнæгуырдзиаг адæмæн бирæ сывæллæттæ гуырыны бар нал ис. Сæ иннæ газет «Комунисти»-йы фæзынд профессор З.Чкановы уац «Фæндаг ссардæуыд», зæгъгæ, цыран уый фæндон бахаста, цæмæй республикæйæ æрвыст цæуой, æндæр адæмы хаттытæй дыууæ сывæллæонæй фылдæр кæмæн ис, уыцы адæймæгтæ æмæ афтæ дарддæр. Фæстæдæр Гуырдзыстоны лозунг ссис «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн». Уавæр бонæй бон æндыгъддæр кодта. Ноябры мыхуыр æрцыд гуырдзиаг æвзаджы рæзты паддзахадон программæ, цыран хæлд цыдысты æнæгуырдзиаг нациты бартæ. Программæйы проекты сæйраг уагæвæрдтæй иу уыд хъуыддагдар гуырдзиаг æвзагмæ ракæнын, кæцыйыл хуссарирыстойнаг цæрджытæ никуы сразы уыдаиккой. Гуырдзиаг политикон лексиконæй ист æцыд термин Хуссар Ирыстон æмæ  территори хонын райдыдтой «Самачабло», «Шида Картли», Цхинвалы регион æмæ афтæ дарддæр. Уыцы иурæстæджы райдыдтой бафæлвæрдтытæ Хуссар Ирыстоны уавæр сдестабилицзаи кæнынмæ цæрджыты гуырдзиаг хайы руаджы. Цхинвалы митинг ауадзынмæ гуырдзиæгтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. 19-æм ноябры Хуссар Ирыстоны ирон æмæ гуырдзиаг интеллигенцийы минæвæрттæ ацыдысты Тбилисмæ Гамсахурдия æмæ гуырдзиаг националистты иннæ лидертимæ фембæлыны тыххæй, цæмæй сын аивын кодтаиккой сæ фæнд митинг ауадзыны тыххæй, фæлæ сæ къухты нæ бафтыд, уыдон не сразы сты. Уымæй дарддæр ма Цхинвалмæ æрбацыд Гуырдзыстоны адæмон фронты лидер Нодар Натадзе «Цхинвал æмæ Дзауы районы цæрджытæм сидтимæ», цыран уый адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон советы домæнтæ рахуыдта æнæзонд. Сидты æргомæй дзырд цыд, зæгъгæ, ирон цæрджыты хъысмæт ис сæхи къухты, уыдон, зæгъ, хъуамæ басæттой. «Бамбарын кæнут уæ сывæллæттæн æмæ уыдоны сывæллæттæн, зæгъгæ, сымах цæрут Гуырдзыстоны зæххыл æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ кад кæнат Гуырдзыстонæн! Сымах махимæ иумæ хъуамæ тох кæнат Гуырдзыстоны сæрибардзинады тыххæй», – дзырдæуыд сидты. Уый фæстæ, дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг адæм цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон махæй алчи дæр зоны…

Фæдзурынц, зæгъгæ, дæ сыхагæй дæр амонд хъуамæ уа. Раст у, хорз сыхагæй хуыздæр цы ис, фæлæ ирон адæмы амонд нæ фæци хорз сыхæгтæй куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр. Ирон адæмы цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ гуырдзы æмæ мæхъæлæн куыддæр фадат фæцис, афтæ та се ‘цæг цæсгом равдыстой, Советон Цæдис куы ныппырх æмæ сын сæ рохтыл куы ничиуал хæцыд, уæд. Æмæ балбирæгътау лæбурын райдыдтой ирон адæммæ дыууæ ‘рдыгæй, фæлæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон куыд нæй, афтæ фыдлæгæн дæр йæ цъаммар митæн æрцæуы кæрон æмæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ сæрибар паддзахад. Ныр дæс азы нæ сывæллæтты нал рамбæхс-бамбæхс кæнæм знаджы нæмгуытæй ныккæндты алы къуымты стыр Уæрæсейы руаджы.

1989 азы ноябры цаутæй кæд 29 азы рацыд, уæддæр ирон адæмы зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.