Ирон культурæйыл æрцыд стыр зиан. Уæззау рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн курдиатджын нывгæнæг, график, сывæллæтты чингуыты иллюстратор, интерьеры дæсны, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Козаты Æхсар (Зауыр) Алексийы фырт.

Æхсар райгуырд 1943 азы Гуырдзыстоны ССР-ы, Ахметайы районы Накъоловарийы хъæуы райдиан кълæсты ахуыргæнæджы æмæ Накъолова-Горийы астазон скъолайы директоры бинонты ‘хсæн.

Æхсарыл æхсæз ацы куы цыд, уæд йæ ныййарджытæ ралыгъдысты уыцы районы Домастуры хъæумæ. Æхсар иу афæдзы фæстæ бацыд  уыцы хъæуы скъоламæ. Нывкæнын бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ скъола каст фæуыны фæстæ Æхсар æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ ахуырмæ бацыд Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ æмæ дзы æнтыстджынæй ахуыр кодта, фæлæ йæм 4-æм курсы ахуыр кæнгæйæ, æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Райгуырæн бæстæйы раз йе ‘мбæстагон хæс куы сæххæст кодта, уæд фæстæмæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта. Нывгæнæн ахуыргæнæндон æнтысгæйæ фæуыны фæстæ ахуырмæ бацыд Нывкæнынады академимæ интерьеры дæсныйады фæдыл архитектурæйы факультетмæ. 1972 азы йæ æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ куыста Цхинвалы бæстæзонæн музейы нывгæнæг-реставраторæй. Фæкуыста дзы 1985 азы онг. Уый фæстæ кусын райдыдта  Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны хуызфыссынады ахуыргæнæгæй. 1987 азы та йæ снысан кодтой ацы ахуыргæнæндоны директорæй æмæ цалынмæ нæ фæрынчын, уæдмæ куыста уыцы бынаты.

Козаты Æхсар æнтыстджын куыст кæй кодта, уый бæрæг у йæ хорзæхтæй дæр.

Дæргъвæтин рæстæджы æнтыстджын куысты тыххæй йын 1988 азы 30 сентябры Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы барамындæй лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт нывгæнæджы ном, 2010 азы 29 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 15 азы сæххæсты цытæн» майданæй, лæвæрд ын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæджы кадджын ном.

Козаты Æхсар иууыл тынгдæр зындгонд у, куыд бирæнымæц шаржты автор, афтæ. Уый йе студентон бонтæй фæстæмæ шаржтæ арæзта йæ хæлæрттыл, йæ зонгæтæ, педагогтæ æмæ коллегæтыл. Кърандасæй-иу цы нывтæ æрхæххытæ кодта, уыдоны бæрæгæй зынд, кæй шаржтæ уыдысты, уыдоны характер. Ацы жанры куысты равдыст Козаты Æхсарæн уыд Цхинвалы 2002 азы. Равдыстæн стыр аргъ скодтой куыд специалисттæ, афтæ сæ хуымæтæг адæмæй чи федта, уыдон дæр.

Нывгæнæгæн фæстаг персоналон равдыст уыд 2014 азы. Ацы равдыстæн уыд стыр резонанс, уымæн æмæ автор адæмы рæгъмæ рахаста куыд хуызфыссынады, афтæ графикæйы жанры конд нывтæ. Равдысты гом кæнгæйæ, нывгæнæг фехъусын кодта,  йæ нывтæ йæ адæмæн кæй лæвар кæны æмæ сæ  Хуссар Ирыстоны Национ музейæн кæй дæтты,  уый. Нывгæнæгæн ацы фæнд уыд стыр патриотон, ахæм  къахдзæф сараздзæн æрмæстдæр  бæрзонд культурæйы хицау, æргомзæрдæ, сыгъдæг уды хицау адæймаг.

Ирон нывкæнынадон аивады къæбицмæ Козаты Æхсар бахаста стыр хайбавæрд. Йæ кæстæр æфсымæр, РХИ-йы адæмон нывгæнæг, Уæрæсейы Нывкæнынадты академийы академик Козаты Ушангимæ уыдон ирон адæмы культурон царды ныууагътой ирд фæд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад хъынцъым кæны курдиатджын нывгæнæг, арæхстджын къухдариуæггæнæг æмæ патриот Козаты Æхсары амæлæты тыххæй.

Рухсаг у нæ зынаргъ æмæ цытджын Æхсар!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.