Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад райстой æппæтстилон каратэйæ Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. Нæ республикæйы минæвæрттæн хорз традици ссис ацы ерысты майдантыл тох кæнын. Алы хатт дæр сын бантысы бирæ хорзæхтæ рамбулын. Ныр дæр та Хуссар Ирыстоны командæ рамбылдта 8 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 5 бронзæ майданы.

Ерысты уæлахиздзаутæ систы Хъуылымбегты Руслан, Хъотайты Давид, Алан Генгеури, Къæбулты Хъазбег, Кокойты Александр, Туаты Алан, Бестауты Азæмæт æмæ Бекъойты Айсан. Дыккæгтæ систы Оттаты Артур æмæ Александра Сычева. Æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Хъуылымбегты Джабраил, Джиоты Артем, Абайты Дмитри, Къæ-булты Дауыт æмæ Тæтæрбиты Да-вид.

«Пандемийы фæституæгæн карантины фæстæ ныр дыккаг хатт хайад райстам ерысты. Фыццаг ерыстæм абаргæйæ, ныр сывæллæттæ сæхи хуыздæр равдыстой. Зæгъæн ис, райхæлдысты æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад куыд æмбæлы, афтæ», – банысан кодта тренер Хъуы-лымбегты Мамед. 

Командон ерысты РХИ-йы командæ бацахста 3-аг бынат.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ æвзист призертæ райстой Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Хъуылымбегты Мамед, Бестауты Азæмæт æмæ Хаситы Зелим. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмбуар хæст популяронæй-популярондæр кæй кæны нæ республикæйы. Спорстментæн иу зал нал фаг кæны. Уымæ гæсгæ тренировкæтæ уадзынц æндæр бынаты дæр. Уый тыххæй Хъуылымбегты Мамед куыд банысан кодта, афтæмæй бузныг сты Багаты Хъазбегæй, кæцы сын баххуыс кодта спортивон залæй сæ сифтонг кæнынæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.