САМБО

Æртæ майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг самбисттæ спортивон æхсæнад «Динамо»-йы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Призтыл тох кодтой РЦИ-Алани, Дагъыстан, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Хъалмыхъхъы, Стъараполы крайы æмæ Хуссар Ирыстоны æвзонг богалтæ. Нæ республикæйы спортивон кад хъахъхъæдтой Дзауы поселочы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

55 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Хъоцыты Димитр. Уый акодта цыппар тохы. Æрдæгфиналы фæуæлахиз Дагъыстаны минæварыл, финалы та цæгатирыстойнаг спортсменыл.

Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Гасситы Аслан æмæ Джиоты Джер. Аслан ерыс кодта 50 кг, Джер та – 60 кг уæзы категорийы.

Тренер Хъоцыты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй тынг райгондæй баззад йæ хъомылгæнинæгтæй. «Карантинон мадзæлтты аххосæй ерысты иу азæй фылдæр хайад нал райстам. Тренировкæ кæнын та райдыдтам 3 мæйы размæ. Уый хынцгæйæ мæ хъуыдымæ гæсгæ тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстам», – банысан кодта Тамерлан. 

Ерысты ма хорз йæхи равдыста иууыл уæззаудæр уæзы категорийы архайæг Карсанты Олег, кæцыйæн травмæйы аххосæй йæ бон нал ссис чемпионаты дарддæр дæр хайад райсын.

ВОЛЕЙБОЛ

     Горæт Къуайсайы уагъд æрцыд Дзауы районы гом чемпионат волейболæй. Ерысты хайад райстой 5 командæйы. Уый тыххæй хъусын кæны Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Къуайсайы спортивон скъолайы командæ, дыккаг ссис паддзахадон университеты командæ æмæ æртыккагыл та ацыдысты Къуайсайы æмбырдгонд командæйы хъазджытæ.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ Къуайсайы мэр Бæззаты Геннади.

Чемпионаты уæлахизуæвæг командæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ кады грамотæтæй.

ÆМБУАР ХÆСТ

Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад райстой æмбуар хæстæй æвзæнгты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Бесланы Къудухты Бесикы номыл спортивон комплексы. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн бантыст 3 сыгъзæрин, 7 æвзист æмæ 9 бронзæ майданы.

Чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Къæбулты Хъазбег, Алан Генгеури æмæ Пухаты Умар. Æвзист майданты хицæуттæ баисты Мамытаты Роман, Кокойты Александр, Джиоты Арсен, Пухаты Арсен, Гуыззыдтаты Дмитри, Алексей Чебатарев æмæ Лалыты Арсен. Бронзæ майдантимæ та Цхинвалмæ æрæздæхтысты Хъуылымбегты Руслан, Хъотайты Дэвид, Хъуылымбегты Джабраил, Абайты Дмитри, Джиоты Арсен, Бекъойты Айсан, Пухаты Ренат æмæ Дзабиты Хох.

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Хъуылымбегты Мамед, Лолоты Артур, Коцты Алан, Хаситы Зелим, Бестауты Азæмæт, Дзабиты Артем æмæ Хетæгкаты Яков.

Тренер Хъуылымбегты Мамед командæйы уæнгтæй сæрмагондæй рахицæн кодта Къæбулты Къазбеджы, кæцы æрдæгфинал æмæ финалон тохтæ рамбылдта æмгъуыдæй раздæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.