Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, Юстицийы министры хæстæ æххæстгæнæг Лалыты Зæлинæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георгий, Экономикон рæзты министрады минæвæрттимæ ауагъта кусæгон æмбырд. Æмбырды рæстæджы æруынаффæ кодтой цæрæнуатон арæзтады рæзты фарстытыл.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ Хицауад кусы радылæуджытæн цæрæнуат радтынæн уæлæмхас фадæттæ ссарыныл, афтæ ма республикæйы æмбæстæгты æндæр категоритæн дæр.

«Республикæйы паддзахадон цæрæнуатон политикæйы сæйраг хæстæй сæ иу у цæрæнуатон хыгъды цы æмбæстæгтæ лæууынц, уыдонæн сæ рады лæууыны æмгъуыд фæкъаддæр кæнын. Ацы хæс аскъуыддзаг кæнын æмæ цæрджыты цæрæнуатон уавæртæй сифтонг кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у цæрæнуатон арæзтады гуырахстытæ рауæрæх кæнын, фæлæ уымæн хъæуы финансон фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ куыстгонд цæуы барадон базæ, кæцы фадат ратдзæн коммерцион бындурыл цæрæнуатон фонд саразынæн. Ома, æнæаргъ цæрæнуаты уæлдай кæцы лæвæрд цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, фадат уыдзæн цæрæнуат хисæрмагонд финансон фæрæзтæй балхæнынæн», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Уæлæмхас фадæттæ – цæрæнуатæ ифтонг кæнынæн

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Юстицийы министрадæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй цæрæнуатон политикæйы фæдыл ног закъон, дæлзакъонон барадон акттæ бацæттæ кæной, кæцытæ хъуамæ æвдыст æрцæуой Президенты Администрацимæ, уый фæстæ, 15 мартмæ та республикæйы Парламентмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.