2013 азы кæрон. Адæм сæхи цæттæ кодтой ног, 2014 азы æрбалæудмæ.

Æнæнхъæлæджы райхъуыст æвирхъау хабар. 29-æм декабры Армавиры цур Краснодары Федералон трассæйыл фæндагон-транспортон цауы фæмард Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, цыппар хатты дунейы чемпион Къудухты Бесик. Стыр трагеди æрцыд æрмæст Ирыстоны спорты нæ, фæлæ дунеон спорты дæр.

Стыр спортсмен æмæ стыр адæймаг Къудухты сахъгуырд дунейы нымад уыд иууыл тыхджындæр богалтæй сæ иуыл. Хæларзæрдæ æмæ диссаджы æвзонг адæймаг хайджын уыд царды цыдæриддæр хорздзинæдтæ ис, уыдонæй.

Бесикæн æрмæстдæр 27 уалдзæджы бантыст рацæрын йæ уарзон Ирыстоны зæххыл. Райгуырд 1986 азы 15-æм августы Ленингоры районы Уæллаг Цхилоны хъæуы. Йæ ныййарджытæ Къудухты Нодар æмæ Лейлæйæн сæ фыццаг хъæбул а-дунемæ куы фæзынд, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтой. Цыбыр рæстæджы фæстæ ма Бесикæн фæзынд хо дæр æмæ бинонты уæзæгæй хъуыст сабиты хъæлдзæг хъæлæба, фæлæ…

1991 азы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд уæззау уавæры бахаудтой Цхилоны цæрджытæ дæр, сæ цард Ирыстоны иннæ хъæутау бынтондæр схæлæттаг. Къудухты бинонтæ лидзинаг фесты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрбынат кодтой Беслæны лигъдоны номимæ. Лигъдонæн йæ ном йæ уæлæ ис. Сæ цард уæззау уыд, ногæй йæ бахъуыд  аразын, фæлæ Нодар æмæ Лейлæ куыстой, амæлттæ кодтой, цæмæй сæ дыууæ хъæбулы раст фæндагыл бафтыдтаиккой æмæ адæмы рæгъы рацыдаиккой.

Бесик ахуырмæ разынд æвзыгъд, фæлæ ма ахуыры æмрæнхъ йæ хъусдард аздæхта спортмæ дæр. Хæрзчысылæй бауарзта уæгъдибар хъæбысхæст æмæ йæ бæллиц уыд номдзыд хъæбысæйхæцæг суæвын. Æппæт тыхтæй дæр архайдта йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй. Фæлæ Къудухты бинонтæм æнхъæлмæ каст стыр æнамонддзинад. Бесикы фыд Нодар цæрынхъуагæй фæмард автомобилон катастрофæйы æмæ йæ хъæбултыл сæвæрдта сидзæрты ном. Æвзонг лæппу банкъардта дывæр бæрндзинад йæ саударæг мады раз, йæ хъару нæ асаст æмæ  æппæт тыхтæй тренировкæтæ кодта. Йæ къухты æфтыд егъау спортивон æнтыстытæ. Йæ уæзы категорийы уыдис дунейы иууыл тыхджындæр хъæбысæйхæцæг. Спортуарзджытæ йын табу кодтой æмæ-иу сæрмагондæй бацыдысты ерыстæм, цæмæй-иу ын бакастаиккой йæ рæсугъд æмæ динамикон хъæбысæй-хæстмæ. Йæ ныхмæлæууджы алыварс-иу афтæ зылд, афтæ-иу æй атакæ кодта, æмæ-иу æй тасы баппæрста. Спортуарзджыты, йæ курдиатæн табугæнджыты та йæ арæхстдзинадæй дисы æппæрста. 2008 азы Пекины Олимпиадæйы йæм спортивон амонд нæ бахудт, бынтон æнæнхъæлæджы бацахста 3-аг бынат, фæлæ уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнтыст уыд.

Бæргæ йæм æнхъæлмæ кастысты ноджы стырдæр æнтыстытæ, фæлæ йæ ныййарæг фыды «амондæй» фæхайджын. Уый йæ дыууæ хъæбулы сæ тæккæ фыдуарзыныл сидзæрæй куыд ныууагъта, афтæ Бесик дæр йæ дыууæ хъæбулы Евæ æмæ Георгийы ныууагъта сидзæрæй æмæ фæцух сты фыды рæвдыдæй.

Къудухты Бесикыл кæд 27 азы йедтæмæ нæ цыд, уæддæр йæхи базонын кодта æнæхъæн дунейæн, уарзтой йæ æмæ йын кад кодтой. Райгуырæн бæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй. 2009 азы Пекины Олимпаг хъæзтыты тыххæй Бесикæн лæвæрд æрцыд «За заслуги перед Отечеством»-ы II-аг къæпхæны орден. 2012 азы Лондоны Олимпаг хъæзтыты тыххæй та хорзæхджын æрцыд «За заслуги перед Отечеством»-ы I-аг къæпхæны орденæй. Бесик уыд УФ-йы спорты сгуыхт мастер æмæ Цæгат Ирыстоны кадджын æмбæстаг. Хаст уыд, 2014 азы Сочийы XXII-æм Олимпаг хъæзтыты Краснодары Олимпаг арт чи хастаид, уыдоны номхыгъдмæ дæр, фæлæ йын нал дæр Олимпаг арт бæрзонд сисын бантыст æмæ нал дæр йæ иууыл стырдæр бæллиц сæххæст кæнын – 2016 азы Рио-де-Жанейройы Олимпаг чемпион суæвын. Хъыгагæн, ын хъысмæт æндæр фæндаг равзæрста.

Бесикы бинонты номыл зæрдæмæхъаргæ ныхæстимæ мæсæллæйы телтæ æрæрвыстой УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ УФ-йы Хицауады уæды Сæрдар Дмитри Медведев дæр.

Ирыстоны богал цæрæнбонтæм баззад ирон адæмы мысынады. Бесикы номыл Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæуынц номарæн турниртæ. Азфыссæг Мæргъиты Алыкси (дзæнæттаг) та йыл сарæзта чиныг. Æмдзæвгæтæ йыл ныффыстой поэттæ. Ленингоры поселочы йæ номыл ис уынг.

Ныр æй зæдтæ уæларвмæ фæхастой æмæ уым йе стъалы судздзæн æнустæм æмæ афтæмæй  хъарм кæндзæн адæмы зæрдæтæ…

Дзæуджыхъæуы Кады аллейæмæ та цæудзысты спортуарзджытæ æмæ йын йæ цыртдзæвæныл æвæрдзысты дидинджытæ…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.