«Рæсугъд дарæс хуыйынмæ уымæн нæ тырнын æмæ сæ æвдисон Миланы, Парижы æмæ æндæр стырдæр горæтты, уымæй буц кæнон мæхи, фæлæ мæ фæнды цæмæй мын мæ хуыд дарæс дарой æмæ сæ æхцондзинад исой мæ уарзон ирон адæм». Ахæм хъуыды-тæ иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта не ‘мбæстаг æвзонг модельер Бекъойты Хох.

Хох æвзонгæй бауарзта ацы дæсныйад. Уый фыццаг æдгуыртæ бахуыдта йæ чысыл хæстæг чызджытæн. Йæ алы хуыд дзаумайыл дæр-иу æрмæст уыдон нæ бацин кодтой, фæлæ-иу фæцыдысты йæхи зæрдæмæ дæр  æмæ йæ уый ацы куыстмæ разæнгард кодта ноджы тынгдæр.

Хох фæстагмæ дарæс хуыйын райдыдта хистæр кары адæймæгтæн. Ам дæр йæ хуыд дарæсæй рухс кодта, куыд йæхи зæрдæ, афтæ сæ кæмæн хуыдта, уыдоны зæрдæтæ дæр.

Хох нырмæ хайад иста цалдæр модæты равдысты. Уыцы нымæцы Санкт-Петербургы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы. Алы ран дæр йæ хуыд дарæс адæммæ æвзæрын кодта стыр цымыдисдзинад. Æрæджы та хайад райста Кæсæг-Балхъары сæйраг горæт Налцыччы цы модæты равдыст уагъд æрцыд, уым. Ардæм æвзонг дизайнертæ адæмы тæрхоны размæ рахастой Цæгат Кавказы адæмты дарæсы хуызтæ. Хох ацы модæты равдыстмæ бацæдтæ кодта æмæ бавдыста дæс хуызы дарæс. Уыдон се ‘ппæт дæр адæммæ æвзæрын кодтой стыр цымыдис æмæ сыл алы хатт дæр æмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ.

Кæд нæ курдиатджын æмбæстаг йæ фыццаг равдыст схуыдта «Фыц-цаг уарзт», уæд йæ фæстаг дизай-нерон куысты та равдыста «Дыккаг уарзт»-ы  номимæ.

 Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.