Нæ республикæ кæд курдиатджын адæмæй цух нæу – аивады, спорты, ахуырады æмæ а.д., уæддæр ис ахæм професситæ æмæ дзы нырмæ нæ уыд, æппæт адæмон конкурсты хайад чи райста æмæ республикæйæн ном чи скодтаид, уый.

Цхинвайлаг модельер, курдиатджын дизайнер Бекъойты Хохæн модæйы дунемæ йæ фæндаг райдыдта ивгъуыд аз. Фыццаг фæлварæнтæ цалдæр азы дæргъы кодта нæхи горæты хиуæттæ æмæ æмгæртты ‘хсæн. Уыдон æй баразæнгард кодтой, цæмæй официалонæй уæрæхдæр аудиторийæн фенын кæна йæ дзаумæтты фыццаг коллекци.

Уый фæстæ та скодта  уæрæсейаг равдысты хайад райсыны фæнд. Уым хайад истой Белоруси, Украинæ æмæ Уæрæсейы горæттæй бирæ модельертæ. Бекъойты Хохæн ацы  конкурсмæ ацæуынæн баххуыс кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Ам йæ хуыд дарæсæн стыр æнтыст уыд, бирæ дæсны модельерты зæрдæтæ балхæдта æмæ йæ ногæй фæхуыдтой æвзонг дизайнертæ æмæ модельерты XIV-æм æхсæнадæмон конкурсмæ. Конкурсы домæнтæм гæсгæ равзæрста 15 Look-ы. Йæ равзаргæ моделты уыд ирон орнаменты элементтæ. Йæ коллекци схуыдта «Наваждение». Ам æвзонг ирон дизайнер бацахста дыккаг бынат, «Профи»-йы номинацийы.

Æрæджы та Бекъойты Хох хуынд æрцыд Санкт-Петербурджы модæйы къуыри «Neva Fashion Week»-ы Æхсæнадæмон равдысты подиуммæ. Ардæм ахастæуыд «Bekoev»-ы дзаумæттæ дæр. Уый æвзонг модельерæн уыд йæ дыккаг коллекци æмæ йæ схуыдта «Дыккаг уарзт».

«Дыккаг уарзт»-æй уымæн схуыдтон, æмæ ацы коллекци фыццагæй гъæд-джындæр æмæ хуыздæр у. Куыд дыккаг уарзт тыхджындæр æмæ фидардæр вæййы, афтæ», – зæгъы Бекъойты Хох

Æвзонг модельер йæ коллекци «Дыккаг уарзт»-ы спайда кодта бур, урс æмæ æрвгъуыз хъуымæцтæй. Ам, мастер фыццаг хатт спайда кодта «Эбру» техникæйæ æмæ радта хъуымацæн хъулон хуыз. Хоны йæ пляжон дарæс, кæцы дарæн ис бындурон гардеробимæ, æрвылбонон царды дæр.

Курдиатджын дизайнер нын куыд загъта, афтæмæй уый баулæфдзæн иу чысыл рæстæг æмæ стæй та хуыйынмæ бавналдзæнис «фæззæг-зымæгон» коллекцимæ. «Мæ коллекцийы нырмæ кæд æрмæст сылгоймаджы дарæс уыд, уæд ныр та уыдзæн нæлгоймаджы дарæс дæр. Спайда кæндзынæн мæхи сæрмагонд хъуымацæй. Мæскуыйаг хуыйæн фабрикæ мын лæвар кæны 30 метр «Bekoev»-ы сæрмагонд хъуымац рауадзыны фадат. Хъавын æй æртæ дих ныккæнынмæ, цæмæй уа æртæ хуыз. Ацы æрмæгæй хуыд æрцæудзæн ме ‘ртыккаг коллекци», – зæгъы Бекъойты Хох.

Дæсны модельеры куы бафарстон, йæхæдæг та цавæр дарæс дары, уæд худгæйæ загъта, зæгъгæ, нырмæ кæд европæйаг дизайнерты дарæс дардта, уæд куыддæр нæлгоймаджы дарæс хуыйнын райдайа, афтæ йæхæдæг дæр «Bekoev Look»-ы дарæсмæ ахиздзæнис.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.