УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Сидахъты Зауырбег ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпион. Ахæм стыр æнтыст ирон богалы къухты бафтыд Будапешты уагъдцæуæг дунейы чемпионаты. Уый 74 кг уæзы категорийы финалы тыхджындæр уыд гуырдзиаг спортсмен Автандил Кенчадзейæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Зауырбег кæй равдыста фидар удыхъæд. Уый финалы 1/4  хайы фæуæлахиз ерысты фавориттæй сæ иу – Олимпион хъæзтыты чемпион, цыппар хатты дунейы чемпион америкæйаг Джордан Барроузыл 6:5 хыгъдæй, æрдæгфиналы та 3:2 хыгъдæй рамбылдта ерысты но-джы иу фаворит Олимпион хъæзтыты призер италиаг Франк Чамисойы. Уый размæ та ирон богал нырма тыхджындæр уыд Болгарийы минæвар Кировæй æмæ стæй та Пуэрто-Рикойы богал Гомез Матосæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ-иу алы тохмæ дæр Сидахъты Зауырбегæн секундантæй кæй рахызт легендарон богал, дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты чемпион Фадзайты Арсен.

Чемпионаты ма ирон богалтæй расгуыхт Фриты Таймураз. Уый хъахъхъæны Испаны спортивон кад. 86 кг уæзы категорийы уымæн бантыст бронзæ майдан рамбулын.

***

Хорз бæрæггæнæнæнтæ равдыстой хуссарирыстойнаг богалтæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Бердиаты Солтаны номарæн турниры. Ерыстæ уагъд цыдысты РЦИ-Ала-нийы горæт Дигорайы. Хайад дзы райстой 2001-2002 азты гуырд хъæбысæйхæцджытæ. Æдæппæтæй 150 спортсменæй фылдæр. Уы-дон уыдысты РХИ, РЦИ-Алани, Дагъыстан, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Абхаз æмæ Сомихстонæй. Турниры Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ дыууæ та бронзæ майданы. 110 кг уæзы категорийы иууыл тыхджындæр уыд Бестауты Андрей. Уый акодта 4 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Йæ ныхмæлæуджытæ иууылдæр уыдысты РЦИ-Аланийæ. Цхинвалмæ ма сыгъзæрин майданимæ æрæздæхт Дзæгъиаты Сослан. Уый та 92 кг уæзы категорийы финалмæ цæугæйæ, фæд-фæдыл фæуæлахиз РЦИ-Алани, Цæцæн æмæ Дагъыстаны минæвæрттыл. Финалы та рамбылдта РЦИ-Аланийы ноджы иу минæвары. Хуссарирыстойнаг богалтæй бронзæ майдантæ та рамбылдтой Плиты Вадим (45 кг) æмæ Джиоты Андрей (60 кг). Тренер Коцты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй турниры хайад истой бирæ тыхджын богалтæ.

 

ФУТБОЛ

Цхинвалы футболон командæ «Спартак» РЦИ-Аланийы чемпио-наты радон туры фæуæлахиз Октябры поселочы командæ «Алани»-йыл. Цхинвайлæгты сконды пуртитæ бакъуырдтой Джиголаты Сослан, Тедеты Станислав, Джиоты Алан æмæ дыууæ пурти та бакъуырдта Бæззаты Ибрагим, -уый тыххæй хъусын кæны «Спартак»-ы тренер Хъоцыты Сослан.

«Уый размæ цалдæр хатты фæ-хæрд стæм, уымæн æмæ нæ командæйы сæйраг хъазджытæй цыппарæн травмæты аххосæй сæ бон нæ уыд хъазын. Ныр турнирон таблицæйы цæуæм 4-æм бынатыл æмæ тох кæндзыстæм чемпионаты фыццаг æртæ командæйы ном-хыгъдмæ бахауыныл», – загъта Хъоцыты Сослан.

 

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.