Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуджы» цыппæрæм номыр. Уый байгом арабаг æмбисæндтæй.

Хъайтмазты Аслæмырзæйы райгуырды 150 азы цытæн журнал мыхуыр кæны, «Сабиты уарзон хæлар», зæгъгæ, йæ цыбыр биографи. Аслæмырзæ бирæ литературон бынтæ нæ ныууагъта, фæлæ йын баззад цалдæр æмдзæвгæйы, уыдон систы сабиты уарзон уацмыстæ æмæ цæуынц иу фæлтæрæй иннæмæ. Аслæмырзæ бирæ уарзта ирон адæмон сфæлдыстад, уымæ гæсгæ æмбырд кодта Нарты æмæ Даредзанты кадджытæ, аргъæуттæ, таурæгътæ. Кæцыдæрты-иу раивта уырыссаг æвзагмæ æмæ сæ æрвыста чиныгуадзджытæм. Журналы ацы номыры мыхуыр æрцыдысты æмдзæвгæ «Сидзæр», кадджытæ «Æхснарт æмæ йæ фырттæ», «Нарты аг», «Уæйыг æмæ Даредзантæ» æмæ æндæртæ.

Поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырды 85 азы цытæн мыхуыр æрцыдис йе ‘мдзæвгæты цикл «Саст æрдыны хъарæг».

Фыссæг Сечъынаты Ладемирыл та сæххæст 95 азы. Журналкæсæг ын бакæсдзæн йæ радзырд «Дзылар».

Прозæйæ ма мыхуыр æрцыдысты Цгъойты Хазбийы «Дыууæ радзырды» — «Уый æнхъæл та чи уыд…» æмæ «Хæстæй лигъдонтæ», Черчесты Хъасболаты «Прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ» æмæ Хуыбецты Олегы «Этюдтæ».

Поэзийæ журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн Абайты Эдуарды æмдзæвгæты цикл «Кæнын дæ разы зоныг».

Рубрикæ «Нæ разагъды лæгтæ»-йы бын мыхуыр æрцыд Хозиты Петры «Уалыты Владимиры æрттивгæ стъалы». Фыццаг ирон профессионалон кинорежиссер Уалыты Владимир систа æртæсæдæйæ фылдæр киноныв ирон темæйыл, сæ фылдæр — документалон. Владимирæн йæ сæйраг куыстыл нымад у фильм «Фатимæ». Мыхуыр ма æрцыдысты Уалыты Владимирæн йæхи æмæ киноныв «Фатимæ»-йæ къамтæ.

Рубрикæ «Мах дуджы» равдыст” нæ зонгæ кæны испайнаг нывгæнæг Лоренцо Дюраны куыстытимæ. 43-аздзыд нывгæнæг хуымæтæджы сыфтæртæй аразы диссаджы нывтæ. Йæ куыстыты уый æвдисы æрдз, мæргътæ, саскътæ, геометрион фигурæтæ æмæ бирæ æндæр цыдæртæ.

«Æвыд-дывыдоны дуг», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуынц «ÆК(б)П-йы Цæгат Ирыстоны обкомы фæндзæм пленум» («Æрыгон большевик», 1952 азы 23 апрель) æмæ Юрий Росты «Лазарь Гадаев — друг Пушкина».

Рубрикæ «Ирон прозæйы антологи»-йы бын журналкæсæг бакæсдзæн Баситы Михалы цыбыр биографи æмæ йæ радзырд «Дурын къæппæджы».

«Арвистон»-ы бын мыхуыр æрцыдысты «Цитатæтæ», «Æмбисæндтæ», «Анекдоттæ», «Алыгъуызон хабæрттæ».

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.