Уырыссаг адӕмӕй Къирдзманаули сӕны градустимӕ тӕвд хинкалы тӕф чи ӕрымысыд ӕмӕ гуырдзиаг генацвале фехъусынмондагӕй чи мӕлы, уыдонӕн сӕ цин нӕма ӕрысыст, Уӕрӕсейы ныхмӕ рахӕсгӕ санкцитыл Гуырдзыстоны хицауад кӕй не сразы, уый цинӕй, афтӕ та гуырдзы равдыстой сӕ ӕнусон цӕсгом ӕмӕ уырыссаг адӕммӕ «ӕнӕкӕрон уарзондзинад» – ныридӕгӕн ӕнӕхъӕн дунейыл чи ӕрзылд, ахӕм  цыбыр видеоафысты цъыфы сӕвдылдтой стыр Уӕрӕсе ӕмӕ уырыссаг адӕмы.

Гуырдзы сӕ ног видеоафысты ӕвдисынц, Хуссар Ирыстоны куыд ӕхстой, куыд сыгътой, ирон адӕмы куыд цагътой, украинӕгтӕ та – Донбассы, уыдӕттӕ, ӕмӕ уыцы удмарӕг кадрты фоныл дзурынц ӕрдӕгцъӕррӕмыхст уырыссагау кӕнӕ англисагау, ныхас кӕрӕдзийы дзыхтӕй скъӕфынц, афтӕмӕй – мах дӕр, дам, афтӕ цагъта тугмондаг Уӕрӕсе 2008 азы августы, ӕмӕ, дам, уын уӕ рыст махӕй хуыздӕр ничи ӕмбары, нӕ зынаргъ украинаг адӕм… Æмӕ, дам, мах уӕ фарсмӕ стӕм, мах, дам, уын баххуыс кӕндзыстӕм уырыссӕгты скуынӕг кӕнынӕн ӕмӕ сӕрибарӕй сулӕфынӕн…

Цы йӕ ӕмбӕхсӕм – рӕвдз сты, ӕмбал сын кӕм нӕй, ахӕм хъуыддӕгтӕм! Сайын ӕмӕ искӕй бын стулынмӕ, зӕвӕттӕ сдӕрын ӕмӕ гадзрахатӕй рацӕуынмӕ. Æмӕ сӕ уый тыххӕй уырыссӕгтӕй бирӕтӕ уарзынц, бирӕ кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ цӕуынц сӕ уыцы ӕнусон гагк ӕмӕ миниуджыты тыххӕй… Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, йӕ быны нӕма сфӕлдыста мӕнгарддӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнкдӕр адӕм! Сӕ хицауад официалонӕй фехъусын кодта, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг паддзахадтӕ Уӕрӕсейӕн цы алыгъуызон санкцитӕ расидтысты, уыдоны ӕвварс кӕй нӕ хӕцынц, уый тыххӕй. Гуырдзыстоны хицауад «официалонӕй» ӕрбадын нӕ бауагъта, Украинӕйӕ сӕм гуырдзыстойнаг бархионтӕ акӕныны тыххӕй цы хӕдтӕхӕг ӕртахт, уый дӕр, цӕмӕй… Цӕмӕй уыдоны рдӕм дӕр ма фессӕнда, йӕ фынӕйӕ чи райхъал уыцы тыхджын арс ӕмӕ сӕ йӕ дзӕмбыйы бын ма ныссӕнда, Хуссар Ирыстоны йе скондмӕ ма айса… Æмӕ та сӕхи ныхъус кодтой. «Официалонӕй»… Æнӕофициалонӕй та аразынц алцы дӕр: Украинӕмӕ бархионтӕ дӕр ӕрвитынц, хӕцӕнгарзӕй дӕр сын ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕхъӕн дунейы цӕсты ӕфтауыныл дӕр кусынц.

Сӕ видеоафыстмӕ сын цы дӕрдтаг, ӕцӕгӕлон лӕг бакӕса, уымӕн тыхӕй дӕр нӕ бауырнын кӕндзынӕ, гуырдзы ӕмӕ украинӕгтӕ сӕхӕдӕг кӕй сты лӕгмартӕ, лӕбурджытӕ ӕмӕ терористтӕ.

Ӕмӕ та мах фӕстейӕ баззадыстӕм… Махӕн дӕр куы уыд нӕ бон ахӕм видеоафыст бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ йӕ интернет-тыгъдады апарахат кӕнын… Махӕн ӕнцондӕр куы уыд, мах мӕнг факттӕ агурыны, историон ӕцӕгдзинад зыгъуыммӕ кӕныны сӕр куынӕ хъӕуы, ӕцӕгӕй нӕ куы цагътой гуырдзы. Мах цӕмӕннӕ сарӕзтам ахӕм видеоафыст, ӕмӕ мах цӕмӕннӕ дзурӕм нӕ тугуарӕн хӕстон кадрты фоныл, украинӕгтӕ Донбассы адӕмы куыд цагътой ӕмӕ ӕхстой, мах дӕр гуырдзы афтӕ кӕй цагътой ӕмӕ ӕхстой, ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕй фервӕзын кодта Стыр Уӕрӕсе, абон Донбассы хӕстдзагъд адӕмы куыд ирвӕзын кӕны, афтӕ?.. Нӕ та нӕ равдӕлд… Уый хыгъд нӕ ӕвдӕлы, Хуссар Ирыстоны чи цӕры ӕмӕ чи нӕ цӕры, уыдӕттӕ бӕлвырдгӕнӕг видеотӕ исынмӕ ӕмӕ документтӕ ӕмбырд кӕнынмӕ. Цӕмӕн, цы сӕрнизӕн нӕ бахъуыдысты ахӕм змӕнтӕн ӕмӕ цардхалӕн митӕ? Чъребайӕ исчи иу ӕхсӕв искӕдӕм уазӕгуаты куы ацӕуа, уӕд ӕй ӕнӕхъӕн горӕт куы базондзӕн, боны дӕргъы йӕ кӕрчытӕ кӕмӕн цал айчы ӕры-фтауынц, уый нӕм куынӕ басусӕг уыдзӕн, уӕд…

Афон нын нӕма у нӕхимӕ ӕрцӕуынӕн?.. Цас хъуамӕ змӕнтӕм, цас хъуамӕ ардауӕм адӕмы кӕрӕдзиуыл, нӕхи не знӕгты фӕндиаг кӕдмӕ хъуамӕ кӕнӕм!

Цалдӕр боны размӕ нӕ горӕты сӕйраг фӕзуаты политикон парти «Иугонд Ир»-ы хъӕппӕрисӕй уыд стыр митинг Уӕрӕсе Украинӕйы кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы сӕрмагонд хӕстон операцийы фарс рахӕцыны фӕдыл. Бирӕ адӕм ӕрбацыд митингмӕ, уый тыххӕй стыр бузныг алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ куы уыд гӕнӕн, цӕмӕй фылдӕр адӕм ӕрбацыдаид… Уымӕн ӕмӕ ацы митинг ауадзыны фӕдыл «Иугонд Ир» ӕрсидт ӕппӕт партитӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитӕм дӕр, цӕмӕй, куыд гӕнӕн ис, афтӕ фылдӕрбӕрцӕй фенын кодтаиккам, нӕ ӕнусон ӕмцӕдисоныл иузӕрдион кӕй стӕм, ӕмӕ йын бузныг кӕй зӕгъӕм, Донбассы размӕ мах кӕй фервӕзын кодта бынтон скуынӕгӕй, уый тыххӕй. Фӕлӕ… Нӕхӕдӕг нӕхи куы нал ӕмбарӕм, уӕд нӕ куыд ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой ӕндӕр адӕмтӕ! Нӕ «ныхӕстӕ» ма кӕрӕдзийӕн социалон хызӕджы цы фӕкӕнӕм, уымӕй дарддӕр нӕм кӕрӕдзийы хъӕр нал хъуысы… Ацы фарст бирӕ чидӕртӕ радтой уыцы социалон хызӕджы, ома, фарон-ӕндӕраз адӕммӕ фӕзуатмӕ чи сидт, уыдон ныр цы фесты, цӕмӕннӕ балӕууыдысты адӕмы фарсмӕ? Æмӕ сдзуапп кодтой цалдӕрӕй: мах дӕр Уӕрӕсейы позицийы фарс хӕцӕм, фӕлӕ митингмӕ нӕ бацыдыстӕм, «кӕйдӕрты мордатӕ» фенын нӕ кӕй нӕ фӕндыд,  уый тыххӕй…

Цӕй, цы ма хъуамӕ зӕгъӕм… Кӕд нӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау ралгъыста, уӕд ын цы кӕнӕм, цы йын нӕ бон у…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.