Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Федералон Æмбырдмæ йе ‘рвылазон ныстуаны банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы мидæггагон æмæ æддагон политикæйы рæзты сæйраг здæхтытæ.  Иннæ азты ныстуантæй ацы ныстуан хицæн кæны йæ масштабондзинадæй, паддзахады стратегион здæхтыты банысан кæнынæй. Ацы ныстуанæй æнкъардæуы бæстæйы хæдбардзинад фидарæй хъахъъæд кæй цæуы, уый.

Йæ ныстуаны Уæрæсейы Федерацийы сæргълæууæг банысан кодта Уæрæсейы адæмы бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуын-дзинад, сæ царды æмвæзад сын фæбæрзонддæр кæнын. Æппæт уыдæттæ уый бафидар кодта факттæй, анализæй. Æппæт здæхтыты цы хæслæвæрдтæ æрæвæрдта, уыдон хауынц алы уæрæсейаг бинонтæм, алы адæймагмæ дæр.

Владимир Путин куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци æрæмбырд кодта æппæт тыхтæ дæр, цæмæй паддзахады арæзт æрцæуа технологион нымæцон платформæ, пайда кæна иууыл нырыккондæр технологитæй, уадза инновацион продукци.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта барадон уавæртæ саразыны æнæмæнгхъæуындзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæахъаз уыдзæн паддзахады иттæг рæзтæн.

Уæрæсейаг политикты ныхæстæм гæсгæ, УФ-йы Президент цы хæслæвæрдтæ банысан кодта, уыдон фаг сты дæс азæн. Абон паддзахад хъахъхъæд цæуы, саразæн ис размæдзыд экономикæйæн, райрæзынгæнæн ис йæ ног хуыз-тæн.

Путин банысан кодта Уæрæсейы Гарзджын тыхты хæстон хъомыс, фехъусын кодта ног, дунейы аналог кæмæн нæй, ахæм хæцæнгæрзтæй ифтонг кæй æрцыдысты, уый тыххæй дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ног, хъомысджын хæцæнгæрзтæ æртхъирæнты нысан не сты, фæлæ уый фæахъаз уыдзæн паддзахады æдасдзинадæн. Уымæй дарддæр ма уый сабырадон бадзырдтæм бацырын кæндзæн Уæрæсейы партнерты.

«Раздæр нæ нæ хъуыстат, фехъусут нæ ныр. Уæрæсе никæйы тæрсын кæны, фæлæ хæссы аргументтæ, цæмæй йæм байхъусой, уый тых-хæй, цæмæй ма бацырын кæна агрессоры, фæлæ йæ æрæрвонг кæна. Уæрæсейы рæзгæ хæстон хъомыс у æхсæндунеон стабилондзинады фактор» – бахахх кодта Путин.

Уыимæ иумæ Путин бафæдзæхста, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы кæнæ йæ цæдисонты ныхмæ ядерон хæцæнгарзæй чи спайда кæна, уый дзуаппон цæф райсдзæн æвæстиатæй.

Ацы ногдзинæдтæ Уæрæсейы «хæлæрттæм» равзæрын кодтой уæрæх ажиотаж.

Фæсарæйнаг информацион фæрæзты хъуыдымæ гæсгæ, Владимир Путин йæ Гарзджын тыхты схотыхджын кæныны ног фæндæттæ фехъусын кодта Америкæйы Иугонд Штатты ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынады системæ саразынæн дзуаппы тыххæй. Ома, æрæджы Трампы администраци цы хъусынгæнинаг сарæзта уæрæсейаг ядерон арсеналы ныхмæ –  ног ядерон хæцæнгæрзтæ саразыны тыххæй, уый фæстиуæгæн Путины ныхæстæ сты Вашингтонмæ ныстуаны хуызæн.

Телекомпани CNN-ы хъуыдымæ гæсгæ «Путин хорз бамбарын кодта, Уæрæсе ног ядерон хæстон технологитæ аразынмæ кæй æрæвнæлдта, Скæсæн Европæйы Америкæйы Иугонд Штаттæ ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынады системæтæ кæй равæрдтой, уымæн дзуаппæн. Йæ ныхæстæ сты фæдзæхсты хуызæн, нысан кæнынц, зæгъгæ, ног хуызы хæцæнгæрзтæ кæмæ ис, уыцы Уæрæсеимæ конфронтаци нæ хъæуы».

Китайы информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй «Путин фехъусын кодта адæмон фæрныгады æмвæзад бæрзонд ист кæй æрцæудзæн æмæ паддзахады инфраструктурæйы проектты рæзты тыххæй. Уый радзырдта Уæрæсейы Федерацийы стыр прогрессы тыххæй. Протесттæ æмæ бафæдзæхстытæй дарддæр Уæрæсе дзуапп радта АИШ-ы æртхъирæнтæн, уыцы-иу рæстæджы фенын кодта, кæй йæ фæнды Америкæйы Иугонд Штаттимæ æмгуыст кæнын, æгæрыстæмæй, сæ позицитæ æндæр æмæ æндæргъуызон куы уой, уæддæр.

Индиаг газет «Times of India» фыссы, зæгъгæ, «Владимир Путин дунейæн фехъусын кодта йæ ног ядерон хæцæнгæрзты тыххæй. Банысан кодта, уыцы хæцæнгæрзтæн сæ бон кæй у дунейы кæцыфæнды тæпп дæр сцæф кæнын æмæ се ‘рцахсын та никæйы бон у».

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.