1991 азы 29 апрель Ирыстоны ногдæр историйы баззад фыдохы бонæй. Уæд ирон адæм æвзæрстой бирæ хъизæмæрттæ, иуæрдыгæй нæ нæ фыдбоны сыхæгтæ сусæг-æргомæй цагътой æмæ куынæг кодтой, иннæрдыгæй та ныл, нæ адæм сæ цард нывондæн цы зæхх бахъахъхъæныны тыххæй лæвæрдтой, уыцы æрдз  рахæтыд. Уыцы бон нызмæлыд зæхх æмæ скуынæг кодта æнæхъæн хъæу, баззадысты æнæ цæрæн хæдзæрттæй сæдæгай бинонтæ, ныппырх сты æмæ фесæфтысты зæххы уæлцъарæй Дзауы районы хисæрмагонд æмæ паддзахадон уагдæтты арæзтæдтæн сæ фылдæр. Уыцы бон æрцыд, рагфыдæлтæй фæстæмæ Ирыстоны историйы чи никуы ма æрцыд, ахæм стыр зæххæнкъуыст.  Кæд æртын азы рацыд, уæддæр уыцы бон, куыд абоны бон, афтæ баззад ирон адæмы зæрдæты.

29 апрель уыд къуырисæр бон æмæ адæм тындзыдтой чи йе скъоламæ, чи та – йæ куыстмæ. Уымæ гæсгæ хæдзæртты бирæ адæм нæ баззад. Чи ма дзы уыд, уыдон дæр рацыдысты райцентры уагъдцæуæг митингы хайад райсынмæ. Митинг сорганизаци кодта, уæды райкомы партийы нымæрдар, ныртæккæ дзæнæттаг Джиоты Заирæ.  Митинг байгом ис боны 12 сахатыл, райдайæн ныхæстæ зæгъын ма бæргæ бантыст Заирæйæн, фæлæ уæдмæ райхъуыст цавæрдæр æнахуыр, хъустæ кæмæй къуырма кодтой, ахæм уынæр, сыстад рыг æмæ цæст ницыуал уыдта. Сызмæлыд бæстæ, къæхты бын зæхх дыууæрдæм кæнын райдыдта, хæдзæрттæ, арæзтæдтæ  сæ мидбынаты «кафын» райдыдтой æмæ иугай, дыгай зæхмæ згъæлдысты.

Уыцы тыхст рæстæджы, æвæццæгæн, хорзыл æппындæр ничиуал хъуыды кодта. Æмæ уæдæ цы хъуамæ хъуыды кодтаиккой, Хахеты хъæуы сæфты хъуыддаг йæхи цæстæй чи федта, уыдон?! Чи уыд æнхъæл, æмæ уыцы рæсугъд уалдзыгон бон, хахеттæгтæ сæ бон куыд хъæлдзæгæй райдыдтой,  афтæ хъæлдзæгæй сыл нал баизæр уыдзæн. Уый нæ, фæлæ ма æгас дунейыл диссагæн баззайдзæн сæ хъысмæт, æнусты дæргъы цы хæхты ‘хсæн фæцардысты, кæм рæзтысты сæ сабитæ, уыцы уарзон райгуырæн хæхтæ сыл абон кæй рахæтдзысты, сæ быны сæ кæй ануæрддзысты æмæ афтæмæй кæй ссардзысты сæ адзал æнæхъæн хъæуæй.

Хъыгагæн, махæй, хуымæтæджы адæмæй, ничи фæзоны, цы йæм фенхъæлмæ кæсы разæй, æмæ уымæ гæсгæ махæн нæ бон нæу нæхи бааууон кæнын фыдбылызæй. Уый у царды фæтк æмæ йын нæй аивæн, цасфæнды йыл ма фæлварæм, уæддæр  æрцæуинаг цы вæййы, уый æрцæуы.

Хахеты хъæумæ æввахс хъæуты цæрджытæй бирæтæ федтой сæхи цæстæй, кинонывты дæр тасы æнкъарæнтæ чи сæвзæрын кæны, ахæм нывтæ. Хъыгагæн,  уы-дон нæ уыдысты кадртæ, уыдон уыдысты реалон цаутæ.

«Уыцы бон, куыд æрвылбон дæр, афтæ та ацыдыстæм нæ куыстмæ, Синагуры астæуккаг скъоламæ. Хахеты хъæуы нæ уыд скъола æмæ куыд иннæ æввахс хъæутæй, афтæ уырдыгæй дæр сабитæ цыдысты не скъоламæ. Æдæппæт уæд скъолайы ахуыр кодта 120 скъоладзауы.  Нæ зонын, цы æнкъарæнтæ уыд цæрæгойтæм, фæлæ хæдзарон фос иууылдæр ралыгъдысты сæрвæттæй, стыгуыр сты хъæумæ æввахс æмæ цæф сырдтау уынæргъыдтой. Мах æнхъæлдтам, тæвд бон кæй у, уымæ гæсгæ сæхи афтæ дарынц. Адæмæй та бирæтæ хъаст кодтой, зæгъгæ сæ туджы æлхъывдад у бæрзонд æмæ сæхи хорз не ‘нкъарынц. Чи уыд æнхъæл, æмæ хъуыды дæр кæуыл никуы акодтам, ахæм фыдбæллæх нæм кæй æнхъæлмæ каст. Боны 12 сахат æмæ 13 минутыл райхъуыст цавæрдæр æнахуыр тæссаг уынæр, гуыбар-гуыбур, сыстад рыг æмæ цæст ницыуал уыдта. Мах фенхъæлдтам, нæ фыдбоны сыхæгтæ та нæ цавæрдæр æхсæнгарзæй æхсын райдыдтой, фæлæ  куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд ноджы тæссагдæр хъуыддаг: ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау  цау – цалдæр уысммæ бабын сты æгас хъæуы цæрджытæ», – радзырдта нын Синагуры хъæуы цæрæг Бестауты Мери.

Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркади куыд радзырдта, афтæмæй Хахеты хъæуы рагæй фæстæмæ тасдзинад æвзæрын кодта, цæгатварс цы 4 километры бæрзæндæн хох уыд, уый. Уымæн йæ бындур уыд чъырæй æмæ тас уыд, йæхигъæдæй дæр куы ракалдаид, уымæй. Зæххæнкъуыст уыд бæрзонд амплитудæйы,  8-9 баллы онг,   æмæ хох нæ бафæрæзта, йæ бын фезмæлыд æмæ рафæлдæхт. Рафæлдæхт æмæ йæ разæй ассывта хъæу æд цæрджытæ…

Хахетæй Синагуры хъæуты ‘хсæн сæ уалдзыгон куыстытæ кодтой Бæззаты бинонтæ. Уыдон сæхи цæстæй федтой Хахеты хъæуы цæрджыты бынсæфт. «Зæххæнкъуысты фыццаг бæрджыты нысæнтты фæстæ райхъуыст тынг гуыбар-гуыбур, рыг сыстад æмæ мах бæлвырдæй нал уыдтам, цы цыд, уый, фæлæ æнæфенæн нæ уыд, галиуæрдыгæй хох кæй ралæбырд.

«Дыууæ хохы ‘хсæн раздæр цы ком уыд, уым æрбынат кодта, чи ралæбырд, уыцы хох. Уым уыд цæугæдон æмæ йын  æрæхгæдта йæ фæндаг. Дон æрæмбырд ис, раскъуыд  æмæ йæхицæн фæндаг айгæрста гуырдзыйы ‘рдæм. Уырдыгæй нæм æрвылбон дæр ирвæзынгæнджытæ æрвыстой Хахеты æнамонд цæрджыты буæртты хæйттæ. Ам, нæхи территорийыл дæр кодтам ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ  цалдæр мæйы дæргъы æмæ-иу цъыфы æрфæнты ссардтам, кæмæн йæ цонг, кæмæн та – буары æндæр хæйттæ. Баныгæдтам-иу сæ иу ран æмæ сын фæстæдæр уыцы бынаты сарæзтам иумæйаг уæлмæрд», – радзырдта Бестауты Аркади.

Ныййарæджы хъæбыс – æппæтæй адджындæр, мады гуыбын та – æппæтæй æдасдæр бынат, фæзæгъынц, фæлæ Гæбæраты Людæйæн йæ бон нæ бацис, нæдæр йæ хъæбысы цы иу аз æмæ æрдæгдзыд хъæбул уыд, нæдæр, чи йын нæма райгуырд, йæ уыцы хъæбулты бахъахъхъæнын. Людæ уыд Бæззаты Петърейы чындз,  уыцы бон Петърейы бинонтæ æхсæрдæсæй бынсæфт фесты.

Бестауты Фаризæт та уыцы бон рацыд Дзауы митингмæ. Цæмæй йæ зыдта, фæстаг хатт кæй уыдта, йе ‘ввахс хиуæтты æмæ йæ цардбæллон хъæбул Эммæйы. Эммæ скъолайæ куы рацыд уæд йе ‘намондæн ацыд Хахеты хъæумæ йæ хæстæджытæ Бæззаты Петъретæм. Хъæумæ æххæстæй дæр нæма бахæццæ, афтæмæй бацис æгъатыр мæлæты амæттаг, ссардтой ма йын æрмæстдæр йæ уæнгтæй иу цалдæр хайы. «Эммæ кæд нырма 11-æм къласы ахуыр кодта, уæддæр нымад уыд комбæсты æппæты рæсугъддæр æмæ зондджындæр кæстæртæй сæ иуыл. Ахуыр кодта тынг хорз, уыд фердæхтджын æмæ æппæтмæ дæр æвзыгъд иумиаг хъæбул», – загъта Эммæйы æввахс хион Джиоты Зæлинæ.

«Рацыд 30 азы, Хахеты хъæуы 42 цæрæджы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн æд хъæу зæххы уæлцъарæй куы фесæфтысты, уæдæй нырмæ, фæлæ уыцы хъуыддаг йæхи цæстæй чи федта, чи йæ бавзæрста, уыдонæй никуы ферох уыдзæн уыцы æвирхъау тугуарæн бон. Уым бабын сты ме ‘ввахс хиуæттæ, цæргæ цæрæнбонты адджынæй кæимæ фæцардыстæм, уыцы адæм, уыдоны ‘хсæн уыдысты не скъолайы 18 æнахъом ахуыргæнинаджы дæр», – загъта йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ Синагуры скъолайы ахуыргæнæг Бестауты Мери.

Нæ баззадысты æвыдæй Дзауы районы иннæ хъæутæ, Къуайсайы поселок дæр. Уыцы бон æдæппæт бабын сты 200 æввахс хуссарирыстойнаджы. Æппæты зындæр та у, уыцы бонтæ ирон адæмы зæрдæты цы хъæдгæмттæ ныууагътой, уыдоны байгас кæ-нын. Уыдон æнустæм баззайдзысты риссаг хъæдгæмттæй нæ адæмы зæрдæты.

Рухсаг уæд…

Хуыгаты Милена  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.