Ирон удварны, ирондзинады сæйрагдæр бæрæггæнæн æмæ  рахæцæн уыд лæгдзинад.  Ирон лæгдзинад уыд адæмон сфæлдыстады сæйраг мидис. Ирон лæгдзинад уыд адæмы бæллиц æмæ адæймаджы хорздзинæдты бæрц-барæн, йæ митæ æмæ йæ ахастдзинæдтæ аразæг. Иу дзырдæй, ирон лæгдзинад уыд ирон адæмы психологийы апп, ирон цардарæзты идеологи.

Фæстаг рæстæджы Ирыстоны зæххыл цы хабæрттæ æрцыд, уый æрмæстдæр дурзæрдæмæ нæ бахъардтаид. Адæймаджы нæмын æмæ марын тохы быдыры дæр æнцон нæу, уæлдайдæр та – сабыр дуджы.

Мæхъæлимæ рагæй дæр хицæн социо-экономикон фæлтæрддзинадыл лæууыдыстæм. Уымæ гæсгæ нæм иумæйаг зондахаст æмæ цæстæнгас, удварн æмæ хидарыны æгъдæуттæ, иумæйаг цардахаст никуы уыд. Æнусæй-æнусмæ æмхæццæ цард никуы кодтам, фæстаг 30-40 азы куы нæ нымайæм, уæд. Рагæй дæр Ирыстонмæ тыхгæнæг цыдысты, уымæй дæр æргомæй нæ цавтой, фæлæ – къæбуты ‘рдыгæй.

Нырма уал не ‘хсæн æрцардысты. Ирон адæм сæ суазæг кодтой, хуыздæр куысты бынæттæ сын радтой, сæ фæсивæды сын сахуыр кодтой, цæрæн фæрæзтæй хайджын уыдысты. Фæлæ сæм уый æгъгъæд нæ фæкаст. Сæ фыдракæндтæн кæрон нал ис. Æмæ цы агуырдтой, уый ссардтой.

Ацы бонты цы видеоæрмæг апарахат социалон хызæгты, уым бæлвырд зыны, кæй та нын фæрæдийын кодтой нæ фæсивæды. Алцæмæн дæр ис закъон æмæ фыдгæнджытæ дзуапп ратдзысты закъоны раз, фæлæ ацы æвирхъау хъуыддаджы æнæбындурæй аххосджын кæнынц ирон лæппуты. Фæстаг рæстæджы ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты…

Бæрнон кусæг куыд зæгъы, афтæмæй видеойы нады цы  «хъайтар» бахауд, уый  ахста  алыхуызон бынæттæ Мæхъæлы республикæйы.

Бирæтæ адæмты ʻхсæн хæлардзинад тауыны бæсты тауынц марг, фыдæх æмæ та хъуыддаг хæстмæ куы æрцæуы, уæд ардауджытæ иуварс аззайынц, фæсивæд фесæфынц. Афтæ уыд 1992 азы дæр. 600 адæймаджы бæрц фæмард уæд дæр, фæлæ сын зонд-зонæн нæу. Хæст æрмæст цæссыг, мæгуырдзинад æмæ мæлæт кæй хæссы, уый уæддæр не ʻмбарынц æмæ та сæ адæмы ног цæхæры æппарынц. Фæлæ мах алы маст дæр аныхъуырæм, уæндгæ дæр нæм уымæн кæнынц.

Дыккаг Дунеон хæсты рæстæг, 1944 азы 23 февралы, мæхъæлы ‘хсæн фыдракæнджытæ, абырджытæ, дезертиртæ æмæ немыцы фарс чи хæцыдис, ахæмтæ бирæ кæй уыдис, уый тыххæй, И.Сталины бардзырдмæ гæсгæ æгас мæхъæлон адæм дæр иу бонмæ хаст (æрвыст) æрцыдысты Казахстаны (Астæуккаг Ази) æвадат зæххытæм. Сæ хъæутæ лæвæрд æрцыдысты ирон адæмы къухмæ, уыдонимæ ацы цалдæр (1922 азы агъоммæ – хъазахъхъаг) хъæуы дæр. 1957 азы уæды советон хицау Н.Хрущев бар радта мæхъæлæн æмæ иннæ хаст адæмтæн фæстæмæ сæ раздæры зæхмæ сыздæхынæн. Мæскуыйы бардзырдмæ гæсгæ ирæттæ суæгъд кодтой, 12 азы кæм фæцардысты, уыцы хъæутæ, æмæ та сæхæдæг æнæхæдзар фесты.

Цæдисы фехæлдæй фæстæмæ  адæмæн сæрбос нал ис. Кæй цы фæнды, уый дзуры æмæ аразы.

Нæ ирондзинад фидар кодта ирон адæмы иудзинад. Лæгдзинад ирон, дыгурон, хуссайраг, цæгаттаг, туалладжы сæрыл нæ уыд, фæлæ сæрæндзинады охыл, адæмæн хорздзинад ракæныны фæдыл. Дæхицæн æмæ æрмæст дæ бинонтæн цыфæнды дæр сараз, уæддæр дæ хорз ничи загътаид. Дæ лæгдзинад хъуамæ равдыстаис адæмы сæраппонд. Уæд-иу адæймаджы хуыдтой «комы лæг», «бæстæйы лæг».

Нæ ирондзинад  иннæ адæмты ‘хсæн дæр бæрæг дардта, стæй нæ иумæ дæр баста: архайдтам, цæмæй ироны ном ма фегад кæнæм. Цас хъæбатырдзинад равдыстой нæ фыдæлтæ, сæ ирон ном хъахъхъæнгæйæ. Цал æмæ цал хатты фервæзын кодтой нæ рагфыдæлтæ гуырдзыйы цыфыддæр знагæй, цал хатты йын бахъахъхъæдтой йæ хæдбардзинад.

Ирыстон нырæй тæссагдæр уавæры никуы уыд. Афон нын у, æмæ нæ сæртæ сисæм змисæй. Ныхас цæуы, нæ адæмы фидæн бахъахъхъæндзыстæм, æви нæхи сæфтмæ æруадздзыстæм, ууыл. Рæстæг ахæм у, æмæ хъуамæ арф ныхъхъуыды кæнæм, раиртасæм, равзарæм, цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзт аразæм, цавæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ æвæрæм не ‘хсæн, цавæр исбонады бындурыл æрлæууæм. Уыдонæй аразгæ у нæ ирон удварн, нæ ирон миддуне, нæ ирон æгъдау, уаг æмæ æфсарм, нæ ирон лæгдзинады фидæн. Уыдонæй аразгæ у, ирон лæг ма ирон лæгæй баззайдзæн æви нæ, уый.

Ном ницы давы, йæ аккаг хъуамæ уай. Къоста нын алцæмæй дæр у фæзминаг æмæ нын афтæ ныффæдзæхста: «Дæ фыдæлтæ – рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!». Цæмæй аланты аккаг уай, нæ абоны Ирыстоны цæргæйæ, «уæрæседзау» ма уай, уый тыххæй уал сын се ‘взаг сахуыр кæн, базон! Нæ алыварс цæрæг æндæр адæмтæй нæ фыдæлтæ алантæй йæхи чи буц кæны, уыдонæн та бузныг зæгъын хъæуы, сæ зæххытыл цæргæйæ сын сæ ном кæй нæ рох кæнынц, сæ номыл егъау кулдуæрттæ æмæ æндæр номарæнтæ кæй аразынц, уый тыххæй. Нæ фыдæлтæ – аланты нын ничи байсдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уæдмæ! Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ нæ фыдæлтæ – алантæн кад кæнынæн дæр нал стæм.

Историйы уæззау цалх тулы, рæстæг ивы æмæ йемæ хатт раст хъуыддæгтæ нæ хæссы. Бирæ адæмтæ, хи нацийы пайдайæн æмæ хæрзæбонæн пайда кæнынц æндæр адæмты историон бынтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.