Ирон удварны, ирондзинады сæйрагдæр бæрæггæнæн æмæ  рахæцæн уыд лæгдзинад.  Лæгдзинады алыварс зылдысты ирон дины фæзылдтæ. Ирон лæгдзинад уыд адæмон сфæлдыстады сæйраг  мидис. Ирон лæгдзинад уыд адæмы бæллиц æмæ адæймаджы хорздзинæдты, бæрцбарæн, йæ митæ æмæ йæ ахастдзинæдтæ аразæг. Иу дзырдæй, ирон лæгдзинад уыд ирон адæмы психологийы апп, ирон цардарæзты идеологи. Уымæ гæсгæ ирон зондахасты нæ ныффидар сты нæдæр чырыстон, нæдæр пысылмон дин. Уæд адæмы аппарын хъуыд сæ сæйраг миниуæг – лæгдзинад, ома сæ ирондзинад, иу зондахаст аивын хъуыдис иннæмæй.

Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы цы хабæрттæ æрцыд, уый, æрмæстдæр, дурзæрдæмæ нæ бахъардтаид. адæймаджы марын тохы быдыры дæр æнцон нæу, уæлдайдæр та – сабыр дуджы ахӕм фыдракæнд уæлдай æвирхъау цауыл нымад у.  Цы рæстæджы бауагътам нæ царды æмæ нæ зæрдæты уый бæрц фыдæх, цæмæй цæттæ уæм нæ кæрæдзи хурхытыл бахæцынмæ?

Ирондзинады бирæ фæзилæнтæ ис. Æрæджыдæр ма, нæ фыдæлтæ-иу искæй æнæфсарм митæ кæнгæ куы федтой, уæд афтæ дзырдтой: «Цы ми кæныс, ирон нæ дæ?». Истæмæй фæтарстæ уæд та: «Цæмæй тæрсыс, дæ ирон ныфс цы фæцис?». Æвзæр дзыхæй сдзырдтай – «Дæ ирон æфсарм цæмæн сафыс?» Дæхи æгъдаумæ гæсгæ нæ дарыс – «Дæ ирон уаг кæм ис?». Фаг хъару нæ равдыстай – «Дæ ирон тых цы фæцис?», дзырд фæсайдтай – «Дæ ирон цæсгом цæмæн бахордтай?». Уазæгæн фаг æгъдау не скодтай – «Ирон цæхх æмæ кæрдзыны кад цæмæн сафыс?». Дæ магусайы тыххæй мæгуырæй цæрыс – «Дæ ирон сæрæндзинад кæм ис?» æмæ афтæ дарддæр. Лæг фæдисы, кæнæ зиумæ нæ цæуы, зæгъгæ, уæд та-иу хъодыйаг бацис. Цыбыр дзырдæй, нæ фыдæлтæ ирондзинад бастой, дунейы æппæт адæмтæм дæр бæрзонд æвæрд чи у, ахæм миниуджытимæ: æгъдау, æфсарм, уаг, ныфс, зонд, хъару, кад, намыс æмæ фæллоимæ. Уыдон иууыл иумæ та ирон фарн хуыдтой, ирон лæгдзинад.

Нæ ирондзинад фидар кодта ирон адæмы иудзинад. Лæгдзинад ирон, дыгурон, хуссайраг, цæгаттаг, туалладжы сæрыл нæ уыд, фæлæ сæрæндзинады охыл, адæмæн хорздзинад ракæныны фæдыл. Дæхицæн æмæ æрмæст дæ бинонтæн цыфæнды дæр сараз уæддæр дæ хорз ничи загътаид. Дæ лæгдзинад хъуамæ равдыстаис адæмы сæраппонд. Уæд-иу адæймаджы хуыдтой «комы лæг», «бæстæйы лæг».

Нæ ирондзинад   иннæ адæмты ‘хсæн дæр бæрæг дардта, стæй нæ иумæ дæр баста: архайдтам, цæмæй ироны ном ма фегад кæнæм. Цас хъæбатырдзинад равдыстой нæ фыдæлтæ сæ ирон ном хъахъхъæнгæйæ. Цал æмæ цал хатты фервæзын кодтой нæ рагфыдæлтæ гуырдзыйы цыфыддæр знагæй, цал хатты йын бахъахъхъæдтой йæ хæдбардзинад.

Ирыстон нырæй тæссагдæр уавæры никуы уыд. Афон нын у, мæ нæ сæртæ сисæм змисæй. Ныхас цæуы, нæ адæмы фидæн бахъахъхъæндзыстæм æви нæхи сæфтмæ æруадздзыстæм, ууыл. Рæстæг ахæм у, æмæ хъуамæ арф ныхъхъуыды кæнæм, раиртасæм, равзарæм цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзт аразæм, цавæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ æвæрæм не ‘хсæн, цавæр исбонады бындурыл æрлæууæм. Уыдонæй аразгæ у нæ ирон удварн, нæ ирон миддуне, нæ ирон æгъдау, уаг æмæ æфсарм, нæ ирон лæгдзинады фидæн. Уыдонæй аразгæ у, ирон лæг ма ирон лæгæй баззайдзæн æви нæ, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.