Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæн. Куыд зонут, афтæмæй æввахс рæстæджы райдайдзæн уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» реконструкци.

Паддзахады сæргълæууæгæн бæстон раргом кодтой реконструкцийы этаптæ, проект реализаци кæныны æмгъуыдты тыххæй æмæ йын равдыстой сæйраг куыстыты территори.

Уадзæн пункты ма уыдис кусæгон æмбырд Уæрæсейы Транспорты министрады паддзахадон арæныл уадзæн пункты арæзтады фадыджы паддзахадон политикæйы департаменты директор Кокайты Михаилы хайадистæй. Архайдтой ма дзы РХИ-йы Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли, Цæгат Ирыстоны Хицауады, арæнгæрон æмæ таможнæйон службæты, подрядон организациты минæвæрттæ.

Кокайты Михаил банысан кодта, зæгъгæ, ныры фембæлд уагъд æрцыд Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинмæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы сидты фæстæ. Уымæй темæ адарддæр ис Æхсæнведомствойон къамисы рабадты, кæцы уагъд æрцыд 26 сентябры УФ-йы Æдасдзинады советы аппараты.

«Уæрæсейы Транспорты министрадæн бахæс æрцыд, æмæ мах ссардтам уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ «Реконструкция пункта пропуска»-йы проекты реализацийæн. Хуссар Ирыстонимæ иумæйаг куысты фæрцы абон уыцы æхцайы фæрæзтæ хынцыд сты бюджеты. Мах саразтам паддзахадон контракт компетентон организаци «Росгранстрой»-имæ. Уый арæзтады фæдыл конкурс рамбылдта», – радзырдта Кокайты Михаил.

Объект фæуыны æмгъуыд у 2026 аз. Кокайты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, æппæт скондон схемæ æмæ концепци æххæстæй реализаци æрцыдысты, уынаффæ сыл кодтой контролон органтимæ. Ацы азы кæронмæ проект æрвыст æрцæудзæн экспертизæмæ, æмæ 2024 азы 1-аг кварталы та æнхъæлмæ кæсдзыстæм æвæрццаг хатдзæг райсынмæ.

 «Бындуронæй ныфсджын стæм, хæслæвæрд кæй сæххæст кæндзыстæм, уымæй. Æмæ  ныридæгæн иннæ аз райдайдзыстæм уадзæн пункты арæзтад», – загъта УФ-йы Транспорты министрады минæвар.

Уый хъусдард аздæхта хæслæвæрд  сæххæст кæныны зын уавæртæм. Уæлдай зындзинад уый мидæг ис, æмæ реконструкцийы рæстæджы уадзæны пункт кæй кусдзæн æххæст гуырахстæй.

«Уадзæн пункты реконструкци уыдзæн æртæ этапы. Бафтаудзысты йæм территори. Уый у куысты егъау гуырахст. Фæлæ мах сахуыр стæм архайгæ куыстуаты фæлгæтты проекттæ реализаци кæнын, ома уадзæн пункт куы фæкусы, уæд. Æмæ уыцы хæслæвæрдыл дæр фæтых уыдзыстæм. Ссардтам техникон уынаффæ, кæцы нын фадат радтдзæн уадзæн пункты хъомысдзинад ма фæкъаддæр кæнынæн», – загъта Кокайты Михаил.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Æдасдзинады Советмæ Хуссар Ирыстоны Президенты сидты фæстæ уагъд кæй æрцыдысты къорд æмбырды. Уыдоны рæстæджы Транспорты министрадæн бахæс кодтой уадзæн пунктмæ ацæуын, фенын цахæм уæлæмхас уавæртæ ис саразæн реконструкци уадзыны рæстæджы.

«Уымæн æмæ статистикæмæ гæсгæ бæрæг рæстæджыты ам æрæмбырд вæййы бирæ транспорт, сæрмагондæй, рог машинæтæ. Астæуккаг нымадæй уадзæн пунктыл ахизынц 1500 машинæйæ фылдæр, уыдонæй  1400 – рог машинæтæ, ома фондз мин адæймагæй фылдæр. Нæ хæс у адæмæн цардуагон уавæртæ саразын. Ныридæгæн радтам цалдæр хæслæвæрды. Уый фæдыл уынаффæ кодтам арæнгæрон æмæ таможнæйон службæтимæ. Мах хъæуы уæзласæн бастдзинады нысангонд хæххытæ ифтонгадæй баххæст кæнын, цæмæй уыдонæн дæр сæ бон уа рог транспортон фæрæзтæ уадзын. Аразæм уæлæмхас уавæртæ цæрджытæн, цæмæй адæмæн сæ бон уа сæ домындзинæдтæ æххæст кæнын уадзæн пункты æмæ уырдæм бацæуæнты. Уый дæр хуымæтæджы хъуыддаг нæу, фæлæ реализаци æрцæудзæн. Æмбæлон лимит æвæрд æрцыд. «Росгранстрой» уыцы хæс сæххæст кæнынмæ цæттæ у», – загъта Кокайты Михаил.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, хæххыты ифтонгадæй баххæст кæныны сæйраг куыстытæ, таможнæйон службæйæн æмæ æмбæстæгтæн цардуагон уавæртæ арæзт æрцæудзысты ацы аз. Уый фæстæ уадзæн пунктыл сæ бон уыдзæн уæлæмхасæй 400 машинæйæ фылдæрæн ахизын.

«Дæллаг зæрæмæджы» реконструкцийы фæдыл æмбырд

Гаглойты Алан банысан кодта, арæныл ахизын у Ирыстоны дыууæ хайы ‘хсæн иууыл сæйраг дæр проблемон фарст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты бирæ хатт фæфылдæр ис арæныл хизæг машинæты нымæц, æмæ уадзæн пункты куыст зынгæ фæвазыгджындæр æмæ фæзындæр ис.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг радзырдта, зæгъгæ, УФ-йы Транспорты министр Виталий Савельев, УФ-йы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитри Медведев æмæ УФ-йы Æдасдзинады Советы секретары фыццаг хæдивæг Рашид Нургалиевимæ ацы фарстыл уынаффæ кодтой. Уæрæсейаг коллегæтæ сæ хъус æрдардтой ацы ахсджиаг фарстамæ.

Гаглойты Алан ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон цæттæ у æппæтварсон æххуыс æмæ куыстытæм баиу кæнынмæ: куыд йæ реконструкцимæ, афтæ йæ бацæттæ кæнынмæ дæр.

Президент хъусдард аздæхта, зæгъгæ, ныртæккæйы вазыгджын уавæрæй пайда кæнынц иуæй-иу политикон тыхтæ, уыцы нымæцы паддзахадæн йæхи мидæг дæр.

«Уымæ гæсгæ абон махæн бар нæй Уæрæсейы Федераци, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ нæ æхсæнпаддзахадон ахастыты дискредитаци бауадзыны бар. Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын Уæрæсейы разамынадæн æмæ абон ам чи ис, æппæт уыцы коллегæтæн. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм конкретон фæстиуджытæм», – загъта Гаглойты Алан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уæзласæн хæххытæ ифтонгадæй баххæст кæныны фарста азы кæронмæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы, цæмæй реконструкцийы райдайæнмæ сисæм цæрджыты ‘хсæн æндыгъддзинад.

Президент хорзыл банымадта куысты рæстæджы уадзæн пункты функционалондзинад бахъахъхъæныны тыххæй уынаффæ. Уый æнцонвадат уыдзæн куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, æмæ республикæмæ цæуæг уазджытæн.

«Курæг уæ дæн, цæмæй мæ раст бамбарат, транспорт кæй æрымбырд вæййы, уым адæймаджы аххосагдæр ис. Курæг уæ дæн, цæмæй ацы фарстмæ æмбаргæ ахаст равдисат, радтат æмбæлон бацамындтæ. Мах æмбарæм уаргъæвæрд дæр æмæ, арæнхъахъхъæнджытæ практиконæй сæ пълан уæлдайджынтæй кæй æххæст кæнынц, уый дæр. Уыимæ иумæ уавæр æндыгъддæр кæны, æмæ мах фадат дæттæм æртыккаг тыхтæн УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджыты куыст дæлдзиныг кæнынæн», – загъта Гаглойты Алан.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы уадзæн пунктыл ахизыны фарста Хуссар Ирыстонæн у хъысмæтхæссæн æмæ республикæйы адæм дæсгай азтæ æнхъæлмæ кæсынц арæныл ахизыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.