Президент Гаглойты Алан хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд сконды базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæг Марат Павловимæ.

Хъæугæ Барамындыл паддзахады сæргълæууæг йæ къух æрфыста 2022 азы 23 августы.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Марат Павлов бирæ рæстæг æнгомæй æмархайд кодта хъахъхъæнынады ведомствотимæ æмæ сæрмагонд хайбавæрд бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъ-хъæнынады министрады хæстхъомдзинад сфидар кæнынмæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, хъахъхъæнынады министрады кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны фарстытæ уыдзысты ног министры компетенцийы.

«Уырны мæ хъахъхъæнынады министрады потенциал ног къухдариуæггæнæгимæ фæбæрзонддæр уыдзысты, æппæт уавæр фæхуыздæр уыдзысты – кусджытæн куыстмызд фæфылдæр кæнынæй суанг хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Марат Григорийы фыртæн ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй ацы фарстытæ скъуыддзаггонд æрцæуой. Æз уæ курæг дæн, цæмæй йæ фарсмæ балæууат. Ныфс мæ ис, – ивындзинæдтæ хорзæрдæм кæй бандавдзысты ведомство æмæ нæ адæмыл дæр», – загъта Президент.

Йæ рады Марат Павлов бузныджы ны-хæстæ загъта Гаглойты Аланæн йе ‘ууæнкдзинады тыххæй.

«Банысан кæнын мæ фæнды, нырыккон дунейы ивындзинæдтæ кæй цæуы, уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрад фæстæ ма хъуамæ баззайа. Куысты нæ сæйраг здæхт махæн уыдзæн национ кадртæ цæттæ кæнын æмæ хæстон цæттæдзинад фæхузыдæр кæнын. Уæлдай хъусдард здæхт уыдзæн æфсæддон службæгæнджыты социалон ифтонгадмæ æмæ ацы аз план цæуы æфсæддонты æмæ хъахъхъæнынады ведомствойы кусджыты куыстмызды индексаци», – загъта уый.

Президент ма йæ Барамындæй ссæрибар кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр – Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг  Виктор  Федоровы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.