Футболæй Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 18-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Набережные Челныйы «КАМАЗ»-имæ. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон тæрхонгæнæг сырх карточкæ равдыста алайнаг командæйы хъазæг Заур Тарбайæн. Фембæлды дыккаг хайы райдианы фысымтæ байгом кодтой хыгъд. Дарддæр дæр хъавыдысты хыгъд ноджы фæфылдæр кæнынмæ, фæлæ 83-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Расгуыхт Ислам Машуков.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ «Алани»-йы хъазт æмæ бæрæггæнæнтимæ разы кæй не сты спортуарзджытæ. Фæстаг авд хъазты дæргъы командæ фæуæлахиз æрмæстдæр иу хатт. Уыцы хъуыддаг бандæвта «Алани»-йы уавæрыл турнирон таблицæйы. Уый æрхауд 5-æм бынатмæ.

Радон туры Ирыстоны сæйраг футболон командæ 20-æм ноябры хъаздзæн цыппæрæм бынатыл цæуæг командæ «Химки»-имæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хасавюрты уагъд æрцыд дунейы спорты сгуыхт дæсны Шамиль Умахановы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты 61 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Тауитты Чермен. Уый финалы фæуæлахиз дунейы æмæ Европæйы чемпион Абасгаджи Магомедовыл, кæцыйæн æрæджы фембылды PWL-6.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Къæбæлоты Витали æмæ Остъаты Алан систы Минскы уагъдцæуæг Олимпион чемпион Олег Караваевы номарæн 28-æм дунеон турниры уæлахиздзаутæ. Витали 55 кг уæзы категорийы финалы рамбылдта узбекистайнаг Жасурбек Ортикбоевы. Остъайы фырт та 87 кг уæзы категорийы финалы тыхджындæр уыд иннæ уæрæсейаг спортсмен Данил Ковалевæй.

ДЗЮДО

Барнаулы кæронмæ бахæццæ 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Ерысты дыууæ сыгъзæрин майдан рамбылдтой Калоты Зитæ æмæ Цæкуылты Зæринæ. Зитæ 44 кг уæзы категорийы архайгæйæ фæуæлахиз Татарстан, Кемеровы, Челябинскы, Иркутскы æмæ Оренбургы областты минæвæрттыл.

Цæкуылты Заринæ та фæуæлахиз 40 кг уæзы категорийы. Уый та тыхджындæр разынд Краснодары край, Мæскуыйы, Свердловскы областты æмæ Адыгеяйы спортсменкæтæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.