Президент Гаглойты Алан хайад райста Барадхъахъхъæнæг органты кусæджы боны сæраппонд  цытджын æмбырды.

Ардæм ма æрбацыдысты  Хицауады сæрдар Джусойты Константин, РХИ-йы УФ-йы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, афтæ ма Мидхъуыддæгты органты кусджытæ æмæ ветеранты минæвæрттæ.

Цытджын æмбырд райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса бахæссынæй. Уый фæстæ арфæйы ныхæстимæ трибунæмæ рахызт Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны милицийы сырæзты истори æмæ архайд у хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады рæзты рæстæджы хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады истори.

«Нæ райгуырæн бæстæйæн уæззау рæстæджыты милицийы кусджытæ кæддæриддæр æнувыд уыдысты се службæйон хæсыл, æхсарджынæй хъахъхъæдтой закъондзинад æмæ барвæтк. Бирæтæ сæ цард радтой сæ æмфыдыбæстæгты царды сæраппонд».

Се службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ милицийы кусджытæй чи фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ сардтой æмырæй алæугæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Гаглойты Алан йæ раныхасы загъта:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны барвæтк хъахъхъæныны системæ йæ уæвынады рæстæджы иу æмæ дыууæ хатты нæ фæивта, фæлæ йæ куысты сæйраг нысан никуы ивта – сымах кæддæриддæр фидарæй хъахъхъæдтат паддзахадон интерес-тæ æмæ æхсæнадон фæтк», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, 1989-2008 азты гуырдзыйы агрессийæн ныхкъуырд дæтгæйæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кæй равдыстой хъайтардзинад æмæ æхсардзинад.

«Бирæтæ  сæ цард нæ бавгъау кодтой сæ Райгуырæн бæстæйы æнцойад æмæ сабыр фидæны сæраппонд. Уыдонæн сæ нæмттæ æнустæм фыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны историйы æмæ систы бирæ фæлтæртæн стыр патриотизмы цæвиттон. Ветерантæ бындур кæмæн æрывæрдтой, уыцы хуыздæр традицитæ хъахъхъæнгæйæ, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ абон æппæтдæр аразынц фыдракæндты рæзты ныхмæ тох кæныны тыххæй, ифтонг кæнынц æмбæстæгты æнцойад, хъахъхъæнынц сабырад æмæ æнцойдзинад нæ зæххыл. Уырны мæ, сымах дарддæр дæр аккагæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ, фидарæй кæй хъахъхъæндзыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджыты бартæ æмæ интерестæ», – банысан кодта уый.

Официалон хайы фæстæ уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны церемони.

Президент йæ Барамындтæй радта «Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæджы» кадджын нæмттæ. Мидхъуыддæгты министрады къорд кусæгæн лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ, «Хуссар Ирыстоны сабырад  хъахъхъæныны службæйы тыххæй», «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг» æмæ «Сабырады сæраппонд намысджын куысты тыххæй» майдантæй, афтæ ма радта бузныджы гæххæттытæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.