2020 азы 31 августы Хицауады №69 Уынаффæмæ гæсгæ 2020 азы 14 сентябры 23 сахат 59 минутæй ис Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн паддзахадон арæныл ахизыны бар, бирæварсон уадзæн пункт «Рукъ»-ыл хуымæтæг режимы.

Афтæ ма 2020 азы 15 сентябрæй иуварс цæуынц арæнгонд мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбауадзыны тыххæй, уыдоны нымæцы, автоматон æгъдауæй ист цæуы республикæмæ æрцæуджытæн æнæмæнгхъæуæг дыууæ къуырион карантины уæвынад.

Уыимæ иумæ, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ æмæ цæрджыты фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, УФ-имæ паддзахадон арæны бакондимæ карздæр кæнынц профилактикон эпидемиологон мадзæлттæ цæрджыты ‘хсæн коронавирусон инфекци ма æруадзыны фæдыл.

«Югосетпотребнадзор»-ы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй куыстгонд цæуынц алыгъуызон уагдæттæ æмæ организациты куысты фæдыл рекомендацитæ, афтæ ма республикæйы территоримæ коронавирусон инфекции COVID-19 баирвæзыны тасдзинад куы ис, уыцы уавæрты æмбæстæгты хидарыны фæткойтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.