Дӕс азы рацыд украинаг «евромайданӕй», кӕцыйы фырбуцӕн рахуыдтой «хӕрзиуӕджы революци», фӕлӕ ӕцӕгӕй та адӕмӕн ӕрхаста хъизӕмӕрттӕ. Ацы майдан ӕнӕнхъӕлӕджы не ‘рцыд, фӕлӕ уыд хорз бацӕттӕгонд паддзахадон фӕфӕлдӕхт. Йӕ организатортӕ та уыдысты ныгуылӕн бӕстӕты политиктӕ ӕмӕ спецслужбӕты минӕвӕрттӕ. Майданы фӕстиуджытӕ фӕстӕдӕр расайдтой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ ӕмӕ Украинӕйы ныридӕгӕн дӕр цӕуынц активон хӕстон архӕйдтытӕ. Хайад дзы исынц Уӕрӕсейы цӕрджытӕ ӕмӕ постсоветон бӕстӕты минӕвӕрттӕ. Фӕмардысты мингай сабыр цӕрӕг адӕймаджы ӕмӕ хӕстонтӕ, мингай бынӕттон цӕрджытӕ лидзинаг фесты сӕ фыдӕлты уӕзгуытӕй, фӕлӕ тугкалдӕн нырма дӕр кӕрон нӕй. Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ «евромайдан» аразджытӕ цӕрджыты иунӕг домӕн дӕр не сӕххӕст кодтой. Уый  бæсты Украинæйы дӕс азы дӕргъы ис кризис ӕмӕ хӕст.

Украинаг нацийы историйӕ

Нырыккон Украинæйы зæххыл цӕрджытӕм рагӕй ӕрхъавыдысты англосакстӕ, цӕмӕй сӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ скӕной. Суанг ма Пруссийы министр-президент Отто фон Бисмарк райдыдта ӕргомӕй дзурын ацы хъуыддагыл. Бисмарк 1859-1862 азты куыста Уӕрӕсейы империйы Германы минӕварӕй ӕмӕ хорз зонгӕ уыд уӕрӕсейаг цӕрджыты менталитетимӕ. Уымӕ гӕсгӕ европӕйаг политиктӕн амыдта, зӕгъгӕ, уырыссӕгтыл хӕсты быдыры нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм – хъӕуы идеологийы фæрæзтæй пайда кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ ӕрымысыдысты ног адӕмыхатт «украинаг» ӕмӕ райдыдтой тауын сӕ хъӕстӕ пропагандӕ цӕрджыты ‘хсӕн.

«Уӕрӕсейы хъомысад ӕрмӕстдӕр фӕцуддзӕн, Украинӕйы территори дзы куы ахицӕн кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн ӕнӕуынон куы скӕнӕм уырыссаг ӕвзагыл дзурджыты, уӕд. Иу адӕмыхатты дыууӕ хайыл куы фӕдих кӕнӕм, уӕд сӕ схӕцын кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, ӕфсымӕр ӕфсымӕры куыд мары, уый. Цӕмӕй нӕ фӕндтӕ сӕххӕст уой, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Украинӕйы территорийыл ног фӕлтӕр схъомыл кӕнын, се ‘хсӕн сын ссарӕм уӕйгӕнджыты, балхӕнӕм сын сӕ номдзыддӕр гоймӕгты ӕмӕ сӕ сӕвӕрӕм къухдариуӕггӕнджытӕй. Ацы хъуыддаджы тагъд кӕнын нӕ хъӕуы – куы архайӕм, уӕд уыцы рӕстӕг ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн», – фыста Бисмарк.

Дзырд «украина» йӕ этимологимӕ гӕсгӕ нысан кӕны «окраина», ома «кӕройнаг». Мидисмӕ гӕсгӕ та – «Уӕрӕсейы империйы кӕрон». Афтӕ ма дзырд «белорусь» дӕр равзӕрд «белый русский»-йӕ. Бисмаркы план азӕй-азмӕ ӕххӕст цыд ӕмӕ 1908 азы Украинӕйы цӕрджыты 1% сӕхи хонын райдыдтой «украинӕгтӕ». Октябры революцийы фӕстӕ ацы хъӕстӕ пропагандӕ хъуамӕ куынӕг ӕрцыдаид, фӕлӕ бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ Советон Цӕдисы рӕстӕджы дӕр фылдӕр кодтой «украинӕгтӕ», алыгъуызон методтӕй уырыссаг ӕвзагыл дзурджыты ассимиляци кодтой. Уый та уымӕн ӕмӕ Октябры революци арӕзт ӕрцыд англосаксты ӕхцатӕй ӕмӕ Ленин ӕмӕ йӕ хуызӕн уӕйгӕнджытӕ не ‘внӕлдтой уырыссаг нацийы дихгӕнджытӕм. Стӕй ма коммунистон режим бирӕ бартӕ нӕ дӕтта националисттӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ системӕйӕн ницы зиан хастой.

Ныгуылӕн бӕстӕтӕ та сӕ активон архайд райдыдтой Советон Цӕдисы ныппырхы фӕстӕ ӕмӕ комкоммӕ ӕрӕвнӕлдтой украинаг ӕрыгон фӕлтӕрӕй Уӕрӕсейы знӕгтӕ аразынмӕ. Бирӕ азты дӕргъы ахӕм арф уидӕгтӕ ауагъта англосаксойнаг ӕлгъаг пропагандӕ ӕмӕ ныр Украинӕйыл ӕлдариуӕг кӕнынц политикон сектанттӕ, комкоммӕ зӕгъгӕйӕ та – нацисттӕ ӕмӕ фашисттӕ. Сӕ девиз дӕр раст гитлеронты хуызӕн у – «Украiна понад усе». Немыцӕгтӕн та уыд «Германия превыше всего». Ныгуылӕн бӕстӕты ма ныр хъуыд ӕфсон, цӕмӕй уыцы мингай хӕрамдзаст ӕрыгон «украинӕгты» арвитой Уӕрӕсейы ныхмӕ хӕцынмӕ. Ӕмӕ сын уыцы фадат дӕр фӕзынд.

 

Майдан ӕмӕ йӕ

фӕстиуджытӕ

21 ноябры 2013 азы райдыдта «евромайдан». Протестон акциты гуырахст бонӕй-бонмӕ кодта егъаудӕр. Майданы организатортӕ развӕлгъау сӕхи цӕттӕ кодтой мидӕггагон хӕстмӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, майданы активисттӕ АИШ-ы минӕварады территорийы сӕхи куыд цӕттӕ кодтой ныхмӕлӕудмӕ, фӕсарӕйнаг инструктортӕ сын куыд амыдтой барадхъахъхъӕнӕг органты ныхмӕ ӕнтыстджынӕй фӕлӕууыны мадзӕлттӕ.

Райдианы уыдысты евроинтеграцийы лозунгтӕ, ома, украинӕгты тынг фӕнды Европӕмӕ ӕмӕ сӕ Янукович нӕ уадзы. Уый фӕстӕ райдыдтой разӕнгард кӕнын растадмӕ студентты – уыдон ӕнцондӕр фӕсайӕн сты. Украинӕйы разамынады дӕр уӕйгӕнджытӕ бирӕ разынд ӕмӕ рӕстӕг куы ‘рцыд, уӕд сӕ знагиуӕг архайд бакодтой. Зӕгъӕм, Януковичы администрацийы сӕргълӕууӕг Лёвочкин сусӕгӕй бардзырд радта, цӕмӕй 1 декабры фӕнӕмой ӕмӕ ныппырх кӕной студентты демонстраци. Уыцы цауы фӕстӕ адӕм домын райдыдтой, цӕмӕй Янукович ацӕуа ӕмӕ сӕ евроинтеграцийы лозунгтӕ баивтой ахӕмтӕй – «Банду Януковича – геть!»

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ныгуылӕн куратортӕ адӕммæ райдыдтой хӕццӕ кӕнын ахӕм информаци, ома алцыдӕр Уӕрӕсейы аххос у, уый нӕ уадзы Януковичы евроинтеграцийы гӕххӕттыл къух ӕрфыссын. Киев уайтагъд байдзаг ис ныгуылӕн политтехнологтӕй – ныццыдысты ма сӕм суанг Гуырдзыстонӕй дӕр. Активисттӕн ӕхцатӕ хастой хӕдтӕхджытыл, стӕй сӕ АИШ-ы минӕварадӕй та згъӕрварс транспортыл ластой майданы организатортӕм. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дзы суткӕйы дӕргъы хардз цыд иу милуан доллары бӕрц.

Цы уыд евроинтеграцийы бадзырд? Ныгуылӕн бӕстӕтӕ йæ рагӕй фӕстӕмӕ хъардтой Украинӕйӕн. Йӕ нысан та уыд, цӕмӕй Украинӕ бахызтаид европӕйаг экономикон зонӕмӕ ӕмӕ уыимӕ иумӕ мауал уыдаид постсоветон бӕстӕты сӕрибар базарады зонӕйы. Уӕды рӕстӕджы Украинӕйы экспорты 40% цыдысты постсоветон базарады тыгъдадмӕ, 30% та – Европӕмӕ. Уыцы бадзырд бафыссынимӕ Украинӕ иууылкъаддӕр фесӕфтаид 30 миллиард доллары ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ нымад ӕрцыдаид банкротыл. Стӕй ма украинаг товарты Европӕмӕ уадзгӕ дӕр нал кодтаиккой, ома стандарттӕм гӕсгӕ арӕзт уын не сты ӕмӕ сын сӕхи уӕййӕгтӕ хъардтаиккой.

 

Паддзахадон фӕфӕлдӕхт

Цауты эпицентр уыцы бонты уыдис Украинӕйы столицӕ Киевы. Адӕм тымбыл кодтой Хӕдбардзинады фӕзуатмӕ, ныгуылӕн Украинӕйы регионтӕй автобустыл ласын райдыдтой нацистон хъуыдыйыл хæст ӕрыгон лӕппуты. Демонстрантты рохуаты иунӕг уысм дӕр нӕ уагътой – цыдысты сӕм АИШ-ы президенты æххуысгæнæг Виктория Нуландӕй райдайгӕйӕ ӕмӕ сын хастой адджинӕгтӕ ӕмӕ доллартӕ. Уавӕр ӕндыгъддӕр кодта, Януковичмӕ ӕппынӕдзух дзырдта АИШ-ы уӕды вице-президент Джо Байден ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕнтӕ кодта, зæгъгæ, активистты ныхмӕ тыхӕй спайда кӕныны фӕнд ма скӕн. Афтӕмӕй та украинаг националистты фыдракӕндтӕн кӕрон нал уыд – пайда кӕнын райдыдтой ӕхсӕнгӕрзтӕй, ӕрцыдис дзы уды зиӕнттӕ дӕр.

Янукович разынд ӕгӕр лӕмӕгъ президент ӕмӕ уымӕй парахатӕй пайда кодтой ныгуылӕйнаг политтехнологтӕ. Стӕй ма украинаг хъӕздыджытӕ ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕртты фылдӕр хай дӕр ахызтысты бандеронты фарсмӕ ӕмӕ уавӕр уыд бынтон мӕгуырау. Фӕстӕдӕр Янукович лидзинаг фӕцис Украинӕйӕ ӕмӕ дзы бӕстон ӕрбадтысты бандеронтӕ.

Майданы фӕстиуджытимӕ не сразы сты Украинӕйы хурскӕсӕн хайы цӕрджытӕ. Харьковы сӕрмӕ сфӕйлыдта Уӕрӕсейы тырыса ӕмӕ йӕ цӕрджыты минӕвӕрттӕ ӕрсидтысты Путинмӕ, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕна украинаг нацисттӕй. Фӕлӕ Уӕрӕсейӕн сӕ бахъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ уæд нӕ уыд –  экономикӕ лӕмӕгъгомау уыдис, санкциты ныхмæ, ныртæккæйау, лæууын нæ бафæрæзтаид.

Хъырымы ӕрдӕгсакъадахӕн стратегион нысаниуӕг кӕй ис, уый тыххӕй сӕ тыхтӕ радтой ардӕм ӕмӕ дзы ауадзын кодтой референдум. Кӕд ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ сӕ «гӕндзӕхтӕ цагътой», уӕддӕр Путины къухты бафтыд Хъырымы фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы скондмӕ раздахын. Луганск ӕмӕ Донецкы регионтимæ Киев арвыста æфсад. Харьковы украинаг нацисттӕн бантыст протестон акцитӕ банымӕг кӕнын ӕмӕ абоны онг дӕр йӕ цӕрджытӕ сты «уацары». Бандеронты сырдон митӕ ахӕццӕ сты Украинӕйы алы къуымтӕм, алы рӕтты мардтой ӕмӕ марынц, фыдмитӕ кодтой ӕмӕ кӕнынц уырыссаг ӕвзагыл дзурджытӕн.

Украинӕйӕн экономикон бастдзинӕдтӕ Уӕрӕсеимӕ дзæвгар фæкъаддæр сты æмæ  уый тынг бандӕвта йӕ цӕрджытыл. Радыгай ӕхгӕд ӕрцыдысты заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ, ӕгуыст адӕмы нымӕц фылдӕр кодта, цыдысты алырӕттӕм куыстагур ӕмӕ цардагур. Куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй ӕрмӕст «евромайданы» фӕстӕ Украинӕйӕ ацыдысты 6-8 миллуан адӕймаджы бӕрц, сӕ фылдӕр – Уӕрӕсемӕ. Мӕгуырау экономикон уавӕры фӕстиуӕгӕн ӕппынӕдзух исынц кредиттӕ, абоны бон сын уыйбӕрц баисты, ӕмӕ сӕ цалдӕр фӕлтӕры фиддзысты дӕсгай азты дӕргъы.

Нацисттӕ нал уадзынц адӕмы уырыссаг ӕвзагыл дзурын, кӕд ӕмӕ Украинӕйы цӕрджыты фылдӕр хайӕн сæ мадӕлон ӕвзаг у, уӕддӕр. Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн дзы ӕдӕрсгӕ кусыны фадат нал ис – сӕхгӕдтой дзы сӕдӕгай информацион ресурстӕ, ӕрцахстой ӕппӕт оппозицион журналистты. Ӕхгӕд ма ӕрцыдысты оппозицион политикон партитӕ дӕр ӕмӕ дзы адӕмы бартыл исчи куы сдзуры, уӕд та йӕ ахӕстоны «амидӕг» кӕнынц, кӕнӕ йӕ ӕрбамарынц. Нӕ ныууагътой ӕвыдӕй дины кусджыты ӕмӕ чырыстон диныл хӕст цӕрджыты дӕр. Сӕ дискриминацийы цаутӕн кӕрон дӕр нӕй, фӕлӕ та ныгуылӕн бӕстӕты минӕвӕрттӕ радон хатт «саугуырм» баисты.

Рӕстӕг ӕй куыд равдыста, афтӕмӕй ныгуылӕн бӕстӕты Украинӕйы цӕрджытӕ никуы хъуыдысты, ӕрмӕстдӕр сӕ спайда кодтой Уӕрӕсейы ныхмӕ тохы. Кӕд ӕмӕ майданы размӕ цӕрджыты нымӕц 45 милуаны уыдис, уӕд ныр та ӕрмӕст 28 милуаны, ӕмӕ уый дӕр ӕххӕст бӕлвырд нӕу. Майданы размӕ Украинӕйы паддзахадон хӕстӕ хӕццӕ кодтой 73 миллиард доллармӕ, ныр та ахызтысты 134 миллиард долларӕй. НАТО-йӕн украинаг хӕстонтӕ сты ӕххуырст ӕфсад ӕмӕ ма сын фидгӕ дӕр исты куы кӕниккой. Факттӕ йӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Украинӕ ӕххӕст у ӕппӕт антипаддзахады миниуджытӕй, у Уӕрӕсейы ныхмӕ хиаразгӕ проект, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йӕ кой хъуамӕ фесӕфа.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.