Хъороты Хъазбеджы райгуырдыл æххæст кæны 115 азы

 115 азы æххæст кæны скъæрæнты дуджы поэт, советон дугыл зарынæй чи нæ бафсæст, поэтикон куысты æвæллайгæ зиууон, æнæзæрдæхудт æхсæнадон кусæг, советон фысджыты 1-аг съезды делегат, йæ рæстæджы рæстæй æфхæрд чи æрцыд, фæлæ сын сæттын чи нæ бакуымдта, уыцы зынгæ ирон поэт Хъороты Хъазбеджы райгуырдыл.

Хъороты Хъазбеджы райгуырдыл æххæст кæны 115 азы. Скъæрæнты дуджы Хъазбег бахауд бирæ фыдæвзарæнты, йæ царды бонтæ цыбыр уыдысты – æрмæстдæр 56 азы.

Хъазбег цы фæцард, уыдонæй уыд нæртон зиууон, хъæлдзæг æмæ ныфсджын, куысты – фæразон. Поэт йæхицæй куыд домдта, афтæ домаг уыд йе ‘мпоэттæй дæр. Уæндонæй сæм дзырдта:

 

«Кæд поэты ном хæссæм, –

Хъуамæ зарджытæ фыссæм,

Хъуамæ хъуыса уæд нæ зард,

Не’мдзæвгæтæй худа цард».

Хъазбегæн йæ райгуырæн бæстæ, йæ фыдæлты уæзгуытæ уыдысты бæрзонд Урстуалтæ, Беджызаты Чермены мæсгуыты бæстæ, Беджызаты Леуан æмæ Хъороты Агор фыдæлты хæзнатыл кæм дзырдтой, уыцы бæстæ.

Стæнæг ис Хъазбеджы Урстуалгом, фæлæ йыл йæ рæстæджы кады зарæг чи ныккодта – Беджызаты Чермен æмæ Уасо, Хъороты Дауыт æмæ Хъазбег, Дзесты Куыдзæг, Фæрниаты Дзибуш, Галуаты Аким, Гугкаты Шамил, Хæмыцаты Георги æмæ æндæрты хъæр æй федзæрæг кæнын нæ бауадздзæн.

Ранымадгонд адæймæгтыл иу æмæ дыууæ хатты нæ цыд ныхас нæ литературон фронты. Цыдис, фæлæ зæгъæн ис, сæ фæстæйы фæлтæр нырма йæ хъуыдытæ кæронмæ нæ загътой Урстуалгомы зиууæттыл.

Хъазбег бирæ уарзта цард, арæх фæлхатт кодта: «Куыд хорз у цард».

Нæ уыдысты бæллиццаг йæ сабион бонтæ, райгуырд тугуарæн азты 1908 азы Ерманы хъæуы. Бинонтæ зæххъуаг, цыбыркъух уыдысты. Æнахъомæй райста фыййауы лæдзæг, æххуырст фыййауæн – схуыст къæбæр. Ахæм уыд йæ дуг Хъазбегæн.

Æвзонг лæппу федта 1918-1919 азты хабæрттæ, уæд бабын сты йæ мад æмæ йæ фыд, 1920 азы – 12 аздзыдæй фæхауæккаг Ирыстонæй, бахауд сидзæрдонмæ.

1923 азы Хуссар Иры сывæллæттæй иу хай Дзæуджы-хъæуæй æрæрвыстой Тбилисмæ. Уыдонимæ бахауд Хъазбег дæр. Ам ын фæцис фадат ахуырмæ бацæуынæн. Каст дзы фæцис 7-азон скъола, стæй йæ 1925 азы барвыстой типографимæ, куыста дзы чингуытæн цъæрттæ аразæн цехы. Уым ссис фæскомцæдисы секретарь. 1928 азы ахуыр кæнын райдыдта изæры скъолайы – комвузы. Иу афæдзы фæстæ Гуырдзыстоны Централон комитет Хъазбеджы æрбарвыста Цхинвалмæ типографийы директорæй.

Арæхстджын уыд куысты, нæ типографийы йæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы стыр куыстытæ бакодта. Фæкуыста дзы 1932 азмæ.

Æхсæнадон куысты цæхæр уыд, сæ зæрдæ дзы рухс кодта нæ хицауадæн æмæ йæ ракодтой фæскомцæдисы обкомы хистæрæй. Фæстæдæр та нысан æрцыд Рауагъдады директорæй. Бакуыста дзы 1937 азмæ.

1937 аз уæззау фæд ныууагъта нæ адæмы царды, уæд бабын сты нæ Иры интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй бирæтæ. Скъæрæнты дуг уыд. Бирæтæ дзы сæ мæлæт кæм ссардтой, уый абон дæр нæ зонæм, дзæвгар азты фæстæ ма дзы сæ фыды зæххыл сæмбæлдысты иугæйттæй. Уыцы скъæрæнты бахауд Хъазбег дæр. Табу Хуыцауæн, æрирвæзт йæ Ирыстонмæ, фæкуыста дзæвгар азты нæ типографийы директорæй.

Хъороты Хъазбег литературон куыстмæ æвзонгæй бавнæлдта, кæд ирон периодикон мыхуыры йæ ном раджы фæзынд, уæддæр зæгъæн ис, Хъазбеджы ном Ир æмæ ирон чиныгкæсджыты ‘хсæн хуры тынау рарттывта 1932 азæй, уæд фæзынд мыхуыры йæ фыццаг чиныг, кæцыйы схуыдта «Æндон зæлланг». Поэт æнæхъуаджы нæ радта ацы ном йæ чиныгæн. Йæ сæйраг бæллиц 1930 азты уыд, адæм æндоны зæллангмæ хъуамæ райхъал уой, иумæйаг куыстмæ бавналой хъæуты æмæ горæтты дæр, талынг цардæй рахизой рухсмæ кæрæдзи уарзгæйæ, кæрæдзи фарсмæ лæугæйæ.

Чиныг «Æндон зæлланг»-ы фæстæ фæзынд Хъазбегæн йæ иннæ чиныг 1935 азы. Уый та схуыдта «Ног хъæлæс». Йе сфæлдыстад кæд æххæстæй нæ, уæддæр йæ уыцмысты æмбырдгонд фæзынд 1958 азы.

Хъазбеджы литературон бынтæ, сæйраджыдæр, дихгонд цæуынц мæнæ ахæм ахсджиаг фарстытыл: «Фыдыбæстæ æмæ дзыллæйы раздзæуджытæ», «Куыст æмæ ахуыр», «Хæст æмæ сæрибардзинад», «Лирикон рæнхъытæ», «Хъазбег – сатирик», «Сабитæ æмæ Хъазбег».

Бирæ ахсджиаг фарстытæ агайдтой поэты зæрдæ, фæлæ уыдоны ‘хсæн Хъазбегæн иууыл ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр уыдысты йæ адæм. Райгуырæн къуым, Фыдыбæстæ.

 

«Ирыстон, Ирыстон,

Мæ ныййарæг мад,

Ды нал дæ гæныстон,

Ды нал дæ æнкъард».

Уыцы уæззау царды нывтæ æмæ ног дуджы ралæуд поэт æвдисы йæ поэмæ «Æцæгæй дæр чи уыд мæ фыд». Поэмæйы автор йæхи царды хабæрттæй дæр бавæрдта цыдæртæ, фæлæ уацмыс, сæйраджыдæр, дзурæг у хæххон адæмы уæззау царды нывтыл, куыд тухийаг уыд сæ цард революцийы агъоммæ.

Цæуынц удисгæ йæ фæстаг балцы фæндæгтыл зæронд цард, зæхджынтæ, ауæдзтæ, бырсы размæ ног цард. Куыд рæзы уыцы цард, уый йæхи цæстæй уыдта цардбæллон лæппу æмæ сыл цингæнгæйæ дзуры йе ‘мдзæвгæтæ: «Кæм кусы ныр кусæг йæхицæн», «Æз зонын мæ хæстæ», «Ам», «Худут, нæ хæхтæ» æмæ æнд.

Поэт зары ахæм зæххыл, цыран кусæг кусы йæхицæн, цыран æххуырст нал ис, кæм нал хæссы ауæдз фыдæх, кæм рæзынц скъолатæ, кæм басыгъд мæгуырдзинад, кæм раивта галты трактор, кæм цин кæнынц адæмтæ иумæ. Уыцы хорздзинæдты уынгæйæ поэт сæрыстырæй зæгъы:

 

«Дæуæн у кæронмæ,

Кæронмæ нывонд

Мæ мæлæты бонмæ

Мæ хъару мæ зонд».

æмæ

«Нæ ферох кæндзынæн

Дæ бирæ лæггад, –

Фæндырты цæгъддзынæн

Дæ намыс, дæ кад».

Алы дугæн дæр вæййы йæхи цæсгом, йæхи домæнтæ. Уыдон æххæст кодта Хъазбег дæр.

Поэт фидарæй дзырдта иу хъуыддагыл: адæм адæм сты, адæмтæ хæларæй хъуамæ цæрой, æфсымæрты уарзтæй хъуамæ уа сæ цард. Уыцы темæйыл арæхстджынæй дзуры йе ‘мдзæвгæтæ: «Æри дæ къух» æмæ «Мæ цинтæ» – йы.

Поэт ног дуджы цæргæйæ, арæх æрымысы Къостайы (æмдз. «Къостайæн»), æрфæнды йæ, уый дæр абон (Хъазбеджы дуджы) «куы фенид йæ цæсты кæронæй нæ цард».

Хъороты Хъазбег царды скъæрæнты бахауд, нæ уыд йæ фадат Фыдыбæстæйон хæсты хайад райсынæн, фæлæ йемæ, тугуарæн бонтимæ, æнæзонгæ нæ уыд. Æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ йæ иувæрсты нæ ахызт Хъазбегæн. Йе ‘мдзæвгæтæ: «Фæндараст», «Рауай мæм», «Фæлтæрд у къухты кард», «Ызнаг æрцæудзæн саст», «Стыр цин», æмæ æндæрты уынæм ацы темæ.

Фæсхæсты азты дуджы уавæр реалон нывты æвдисы поэт. Адæмы нæ хъæуы хæст, «фæлæ, æмбал, цæхæрцæст у», знагыл æууæнк нæй. Æмдзæвгæ «Нæ мæ фæнды хæст»-ы поэт фидарæй зæгъы, æгъгъæд у æргæвдæнтæ аразынæн, æгъгъæд у фыдбылызы æртытæ æндзарынæн, атом уадзынæн:

 

«Фашисттæн нæ радтам,

Нæ бартæ, нæ цард,

Сымахæн та ноджы уæлдайдæр».

Хъазбег æрыгон фæлтæрæй домы уды рæсугъддзинад, æнувыд уарзондзинад. Йе ‘мдзæвгæ «Цы у мæнæн æнæ дæу хур» – ы лæппу йæ уарзон чызгæн афтæ зæгъы:

 

«Мæнæн ды дæ мæ уарзт, мæ цин,

Мæ цардамонды стъалы,

Зæрдæйæ мулк æмæ æхсин, –

Дæ кой мæ риуы зары».

Сатирæйы фадыджы йын цы æмдзæвгæтæ фыст ис, уы-дон дзурæг сты алыгъуызон фарстытыл. Уыдон æввахс лæууынц Гæдиаты Секъайы зондамонæнтæ æмæ миниа-тюрæтæм.

Поэт зæгъы: лæгæн сæдæ хатты йæ къух куы саразай, иу хатт та нæ, уæд де знаг фестдзæнис. Зæгъы уый дæр: де ‘взагыл хæцынхъом куы уай, уæд цæрдзынæ, уалдзæг куы байтауай, уæд фæззæджы æркæрддзынæ.

Йæ рæстæджы Гæдиаты Секъа фыста:

 

«Фыдæвзагæй бæстæ хæлы, –

Макуы йæ схæсс дæ сæрмæ».

Секъайы хъуыдыйыл хæст у Хъазбег дæр. Уый фыссы:

 

«Æвзаг, дам дур сæтты, – фæдзурынц, –

У бирæтæн сæ низ,

Хуыцауæй адæм уымæн курынц:

Фыдæвзагæй нæ хиз».

1930 азтæй ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй Плиты Харитоны фæстæ Хъазбеджы хуызæн нæ сабиты ничи барæвдыдта. Æвæццæгæн, йæхицæн йæ сабион дуг мæгуыр, тæригъæддаг кæй уыд, уый йæ æркодта уымæ, цæмæй ирон сабиты барæвдауа, сæ ном сын ссара, сæ къухмæ сын исты радта.

Хъазбеджы сæйраг бæллиц уыд  – сабитæн ног дуджы ис фæндæгтæ æмæ хъуамæ кæной ахуыр. Ахуыримæ хъуамæ зоной хи дарын, æгъдау, хистæртæн аргъ кæнын, мад, фыды уарзын, куыстыл æнувыд уæвын. Уыдæттыл æмæ сабиты егъау бæллицтыл дзурæг сты æмдзæвгæтæ: «Сабитæ», «Ахуырмæ тырнæм», «Сабийы фæсмон», «Райæм», «Дзоцци», «Зонын, мæ ныййарæг», «Пионерты бал-цы зарæг», «Ахуыр кæн», «Мады фæдзæхст» æмæ æнд.

Автор йе ‘мдзæвгæтæй бирæты æмбарын кæны сабитæн иу ахсджиаг хъуыддаг – куыст цардæн фæрæз кæй у, уый.

Афæдзы афонтыл саби куыд фæцин кæны, уый иу æмæ дыууæ фыссæджы не сныв кодтой, ныв сæ кæны Хъазбег дæр йе ‘мдзæвгæтæ: «Зымæг», «Уалдзæг æрцу» æмæ æнд.

Хъазбег курдиатджын поэт уыд, кæд рæстæй æфхæрд баййæфта, уæддæр йæ фыссæн сис æмæ йæ адæмыл йæ къух никуы систа. Уый уыдис æцæг патриот, æцæг ирон лæг, йæ дзырдтæ зæлдагау фæлмæн, рæсугъд кæмæн уыдысты, ахæм адæймаг.

Зæрдæмæдзæугæ у Дзуццаты Хаджи-Мураты ныхас Хъазбеджы тыххæй:

 

«Йе ‘мдзæвгæтæ тыхджын æви лæмæгъ уой, уæддæр ахæм сыгъдæг, намысджын, лæгуарзон адæймаджы трагикон хъысмæт йæхæдæг поэзийы аккаг у!».

Æрдæг æнус йедтæмæ нæ фæцард Хъазбег (амард 1964 азы), уый дæр цы хуызæн цардæй, фæлæ йын уæддæр бантыст адæмы размæ рæгъмæ  рахæссинаг хуынтæ æмæ абон кæнæм сæ кой, Хъазбеджы райгуырдыл 115 азы куы сæххæст, уæд. Æгæр рохуаты аззад Хъоройы фырт, фæлæ уый рæстæджыты аххос дæр у.

ПЛИТЫ ГАЦЫР,

Хетæгкаты Къостайы номыл

 паддзахадон премийы лауреат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.