Фыццаг хатт Цхинвалы уагъд æрцыд ерыстæ лидзынæй «Backyard Ultra», зæгъгæ. Уыдон иннæ ерыстæй хицæн кодтой уымæй, æмæ фæуæлахиз уыдаид, уыцы спортсмен, кæцы разындаид иууыл фæразондæр. Маршрут арæзт æрцыд Цхинвалы уынгты. Йæ дæргъ уыд 6700 метры бæрц. Уагæвæрдмæ гæсгæ ацы маршрут хъуамæ алыгъдаиккой иу сахатмæ.

«Алы стартæн дæр лæвæрд цыд иу сахат. Райдыдтам 9 сахатыл.  Зæгъæм, спортсмен ацы дистанци алыгъд 40 минутмæ, уæд ын улæфынæн рæстæг ис 20 минуты. Стæй та 10 сахатыл ногæй хъуамæ рахызтаид стартмæ æмæ афтæ дарддæр», – загъта Caucasus Backyard Ultra-йы пресс-секретарь Ольга Симакина.

Ерысты хайад райстой дæс уæрæсейаг спортсмены æмæ æртæ та бынæттон спортсмены. Уæлахиздзауæн бар лæвæрд цæуы Уæрæсейы чемпионаты хайад райсынæн. Уый хынцгæйæ бирæты фæндыд фыццаг бынат бацахсын. Фæлæ цас фылдæр лыгъдысты, афтæ цадæггай фæлладысты æмæ бирæтæ рахызтысты дистанцийæ. 11 зылды фæстæ ма баззадысты дыууæйæ – Сергей Кузин æмæ Александр Парковский, кæцы уыд Backyard Ultra дыууæ хатты уæлахиздзау. Се’хсæн цыд карз спортивон тох. Фæлæ 14 зылды фæстæ дистанцийæ рахызт Сергей Кузин. Уымæ æнæкæсгæйæ, цæмæй Александр Парковский ерысты уæлахиздзауыл нымад æрцыдаит, уый тыххæй йæ хъуыд ноджы иу хатт ацы дистанци рацæуын. Зæгъгæ йын нæ бантыст иу сахатмæ æрзилын, уæд ерыстæн нæ уыдаит уæлахиздзау. Уый 15-æм хатт стартмæ куы рахызт, уæд  уыд æрдæгæхсæв. Кæй зæгъын æй, хъæуы афæллад, фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ рæстæгыл æрбалыгъд бынатмæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау.

ФУТБОЛ

«РХИ-йы футболы федераци»-йæн сывзæрстой ног сæргълæууæджы. Футболон тренертæ æмæ ветерантæн уагъд æрцыд коллеги, цыран федерацийы президентæй сæвзæрстой Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимиры. Йæ кандидатурæйы тыххæй 27 адæймагæй схъæлæс кодтой 19 адæймаджы.

ГОМ ФЕСТИВАЛЬ

Хуссарирыстойнаг æвзонг спортсментæ 9 майданы рамбылдтой  хæстон аивæдты фыццаг гом фестиваль «Спортивная Россия – сильная Россия»-йы. Ерыстæ уагъд цыдысты Кисловодскы. Фыццаг бынæттæ бацахстой Харебаты Давид, Хаситы Давид, Уалыты Сослан æмæ Æлборты Елизаветæ. Æвзист призертæ систы Мæргъиты Дмитри, Дзадзиты Аслан æмæ Пухаты Эдуард. Пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызтысты Уалыты Сослан æмæ Цхуырбаты Сослан.

Спортсменты тренертæ сты Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим, Бестауты Азæмæт, Дзабиты Артем, Хетæгкаты Яков, Лолоты Артур æмæ Коцты Алан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.