Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ныр 26 азы рацыд, гуырдзиаг фыдгæнджытæ, мах æнустæм дæр зæрдæрисгæйæ кæй мысдзыстæм, уыцы æппæты æбуалгъдæр æмæ тæссагдæр фыдракæндтæй сæ иу куы сарæзтой, 1991 азы 18 марты уыцы уалдзыгон бонæй.

Ереды трагедийы фæнд конд уыд æмæ æххæст æрцыд адæймаджы хуызы удхæсджыты къухтæй. 12 ирон нæлгоймаджы сырдон фыдмитæ æмæ  нæдтытæ бавзарыны фæстæ удæгасæй ныгæд æрцыдысты. Уыцы фыдракæндæн æрæвæрæн ис дыккаг дунеон хæсты рæстæджы æрцæуæг, Хатыны трагедийы æмрæнхъ. Ахæм фыдракæндтæм рæстæг ницы бар дары.

Ереды трагеди нæ зæрдæтыл æнустæм лæудзæн, байгасгæнæн кæмæн нæй, ахæм хъæдгомау, æмæ ирон адæмы ныры æмæ фидæны фæлтæртæн дæр уыдзæн зæрдылдарæн, махæн æрмæст æнгомæй æмæ иудзинады фæрцы нæ бон кæй суыдзæн æрлæууын цыфæнды æртхъирæнты ныхмæ дæр. 12 æназым удыскъуыд адæймаджы, нæ Ирыстоны фидæны сæраппонд хъизæмайраг мæлæт чи ссардта, йæ зæрдыл лæудзысты алы ирон адæймагæн дæр, æмæ дидинæфтауæг æмæ размæцæуæг Хуссар Ирыстон та уыдзæн хуыздæр цыртдзæвæн, Райгуырæн бæстæйы хæдбар æмæ сæрибардзинады тыххæй йæ цард чи радта, уыдонæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдары хæстæ

æххæстгæнæг Мамиты Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.