Хуссар Ирыстоны ног историйы трагикон бонтæй сæ иу – Ереды трагедийæ мысинæгты уæззаудзинадæй ризы адæйма-джы зæрдæ. Сабыр цæрджыты уæд, 1991 азы 18 марты рахизын кодтой автомашинæйæ Ереды хъæуы. Бæлццæттæ цыдысты Сатихъарæй горæт Цхинвалмæ. Тугдзых сырдтæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты рауагътой, фæлæ 12 нæлгоймаджы аластой æбæрæг ранмæ. Кæм ауæрстой сырдон фыдми кæныныл, æмæ… Æмæ сæ уый фæстæ фыднад æмæ уæнгтæцъæлтæй, удымидæг ма уыдысты, афтæмæй сыджыты бын фæкодтой.

Ацы 12 лæппуйы трагикон хъысмæт рабæрæг æрмæстдæр 1993 азы фæззæджы. Уæдмæ сæ хиуæттæй алчи дæр йæхицæн йæхимид лæвæрдта ныфсытæ: «чизоны æмæ ма сæрæгас сты…» фæлæ…

18 марты алы аз дæр фыдмардæй цы 12 лæппуйы бабын сты гуырдзиаг агрессорты къухæй, уыдоны иумæйаг уæлмæрдмæ сæ æввахс хиуæттæ ссæуынц Згъудермæ, сæ рухс ном мысыны охыл. Ацы аз дæр уыд афтæ – сæ хиуæттæй дарддæр ма ардæм æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Трагедийы амæттæгты номыл иумиаг цырты раз сæ рухс ном арынæн дидинджыты губаччытæ сæвæрдтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Мадзал уагъд цыд æнæдзургæйæ – Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ дæр цыдысты æмæ хастой цырты размæ дидинджытæ, æмырæй алæугæйæ ардтой трагедийы амæттæгты рухс ном.

Азтæ азты ивынц – зæгъынц, зæгъгæ, рæстæг хъæдгæмттæ гасгæнæг у – фæлæ уый зæгъæн нæй, ацы трагедийы амæттæгты хиуæттæй. Ереды трагедийы амæттаг чи бацис, уыдонæй иу,  æвзонг лæппу – Дыгъуызты Иван нæ уыд бинонты хицау, нæ бавзæрста хъæбулы ад дæр. Гуырдзыйы тугмондаг сырдты фыдаудæн архайды фæстиуæгæн уыйбæрц фæрыст йæ ныййарæг мады æнкъараг зæрдæ, æмæ куы фехъуыста йæ хъæбулы хабар, уæд зæрдæдзæф фæци. Иваны хо Катя æмбæхста мадæй йæ æфсымæры хабар, чизоны æмæ сæрæгасæй разына, – зæгъгæ, уый ныфсæй… фæлæ нæй… Мады сусæгæй-иу йæхи йæ цæстысыгæй ныхсадта. Уый фæстæ мад нал ныллæууыд горæты, йæ фыртмæ зæрдæхсайгæйæ, æмæ ацыд Сатихъармæ. Бæлццæттæласæн автобусы базыдта хабар æмæ йыл уыцы хъуыддаг дæр уым æрцыд.

Афтæ алы трагедийы амæттагæн дæр ис йæхи трагикон истори. Уыдон сæ бинонтæн, хиуæттæн уыдысты стыр ныфс, фæлæ знаг нæ бацауæрста сабыр цардуарзаг ирон адæмыл æмæ йæ тугмондаг дзæмбы кæдæм æххæст, уым куынæг кодта ирон адæмы хуыздæр минæвæртты.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.