Хъыгагæн, фиддонтæ фидыны уавæр нæ республикæйы мæгуырау у. Уавæр рараст кæныны тыххæй «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» уадзы алыгъуызон мадзæлттæ. Систематикон рейдты, бæрæг кæнынц нымайæнты куыст, архайынц, цæмæй горæт ахиза электрон нымайæнтæм, йæ фиддонтæ кæмæн сбирæ вæййынц æмæ сæ афоныл чи нæ фиды, уыдон ивар æрцæуынц.

Ныртæккæ электроэнерги æмæ газ  æнæкъуылымпыйæ Уæрæсейæ исæм, æмæ стратегион æмцæдисоны раз хъуамæ бæрнон паддзахад уæм. Цæрджытæ сæ фиддонтæ афоныл кæй нæ фидынц, уый негативонæй æндавы «Энергоресурс»-ы куыстыл.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы генералон директор Къæбысты Ацæмæз зæгъы: «Цæрджыты хицæн категоритæ азæй-азмæ нæ фидынц сæ хæстæ. Контролгæнæг органтæ дæр фаг куыст нæ кодтой, æндæра куыд гæнæн ис æмæ иу хæдзары фиддонтæ 30-50 мин сомæй ахизой. Афтæмæй та Хицауад уадзы социалон нысанмæздæхт тарифон политикæ, ома, цæрджыты фидынхъомдзинад хынцæг политикæ. Цæвиттон, электроэнергийы тарифтæ къаддæр сты хъæууон цæрджытæн, æрдзон газ сæм кæй нæй, уый тыххæй.

Уавæр ноджы уæззаудæр у газ æмæ электроэнергийæ хæсты фæдыл Паддзахадон административон куыстуæтты. Уыдо-ныл дæр стыр хæстæ ис. Ныртæккæ дзырд цæуы, цæмæй «Энергоресурс»-æн бюджетæй хæстæ бамбæрзынæн Хицауад хъуамæ хæсджын куыстуæттæн рахицæн кæна  субсидитæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, уыцы суммæтæ сын куы радтой, уæд уыдон Республикæйы хæстæ бамбæрздзысты. Æмæ уæд мах та Уæрæсейы Федерацийæн бафиддзыстæм нæ хæс. Иумæйаг тыхтæй мах хъæуы сæвзаргæ ситуаци рараст кæнын. Хъæуы хицæн нормативон акттæ райсын, кæнæ нырыккон акттæм ивындзинæдтæ бахæссын. Ацы фарстыл куыст цæуы Президенты уынаффæмæ гæсгæ. Хъуамæ арæзт æрцæуа сæрмагонд къамис, кæцы фарстатыл бакусдзæн лæмбынæг», – загъта Къæбысты Ацæмæз.

Уый ма йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, нæ республикæйы бирæ ис цæсгомджын абоненттæ афоныл чи фиды æрвылмæй дæр сæ фиддонтæ, уыдон аннæтæй дзæвгар фæфылдæр сты хуымæтæг пайдагæнджытæ уымæй æххæст кæнынц сæ æмбæстагон хæс. Ахæмты дæр сбæрæг кæндзæн къамис æмæ сын официалонæй бузныг зæгъдзæн.

Кæддæрты æнæнхъæлæджы рухс куы ахуыссы, уæд адæм катайы бахауынц. Кæд та, зæгъгæ, аваритæ æрцыд электроадæттæн хаххыл. Нæ адæм хорз æмбарынц æнæ электроэнерги куыд зын цæрæн у ныры дуджы. Фæлæ, хъыгагæн, алчи не ‘мбары, кæ-нæ та йæ нæ фæнды бамбарын, бахардзгонд электроэнергийы фидын хъæуы. «Энергоресурс» цæрджыты уавæр зонгæйæ бар дæтты, цæмæй абонент цадæггай фида йæ хæстæ, кæд æмæ бахардзгонд энергийыл æмткæй йæ бон бафидын нæу, уæд. Хъыгагæн, уыцы фæдзæхст дæр чидæртæ мурмæ дæр нæ дарынц. Ахæмты фылдæр хатт бахъæуы тæрхондонмæ адæттын, уым сæ куы фæивар кæнынц, æрмæстдæр уæд бафидынц сæ хæс.

Уæрæсейы Федерацийы раз нæ фиддонты хæстæ уæлæмæ куы хизой, уæд уый негативон æгъдауæй бандавдзæн Хуссар Ирыстоны дарддæры газификацийы фарстатыл. Мах æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсæм республикæйы районтæ æмæ хъæутæ газификацигонд кæд æрцæудзысты, уымæ.

Уымæн æмæ уый фадат ратдзæнис бирæ социалон-экономикон проблемæтæ аиуварс кæнынæн. Æгæрыстæмæй, йын ис по-литикон нысаниуæг дæр. «Газпром» ныридæгæн конкретон куыст бакодта Хуссар Ирыстоны хъæуты газификацийы проектон-сметæйон документацийыл. Йæхимæ райста республикæйы газификаци кæныны фæдыл сæйраг закъазгæнæджы, аразæджы æмæ эксплуатацигæнæджы функцитæ. Арæзт æрцыд генералон схемæ дæр нысангонд æрцæудзысты 200 цæрæн пункты, иу сæудæджерадон куыстуат, 26 километры æхсæн-поселокон газы хæххытæ, 520 километры хъæууон бынæтты газы хæххытæ. «Газпром» ма йæхимæ бæрндзинад райста газотран-спортон системæйы тыххæй дæр. Газ хаст æрцыд, таможнæйон фиддон ист кæмæй нæ цæуа, ахæм продукцийы скондмæ. Уый та фадат дæтты, 30 проценты асламдæрæй исын газ Цæгат Ирыстоны куыд у, уыимæ абаргæйæ. Уымæй дарддæр ма «Газпром»-ы фæрцы хъуамæ арæзт æрцæуа «Газпром-Телеком»-ы оптикон-фæскъауон (оптико-волоконный) хызæг дæр. Йæ фæрцы интернет бастдзинады лæггæдты гъæд фæхуыздæр уыдзæн. Уый та ратдзæн коммуникацион фадæттæ дæрддзæф, хæххон хъæуты цæрджыты сифтонг кæнынæн.

«Энергоресурс» раргом кæндзæн  хæсджынты номхыгъд

Зынаргъ абоненттæ! Нæ уацы мах лæмбынæг уымæн æрдзырдтам ацы фарстыл æмæ, цæмæй искæцы фадыджы размæ къахдзæфтæ арæзт цæуа, уый тыххæй фæхъæуы уæзгæ куыст бакæнын. Хъæутæ газæй сифтонг кæнын нæ бæстæйы социалон-экономикæйыл хуыздæрæрдæм кæй бандавдзæнис, уый хъуамæ алы æмбæстаг дæр æмбара.

Цæмæй нын Уæрæсейы Федерацимæ кæрæдзимбарынад уа, дарддæры æмгуысткæнынадæн та – уавæртæ, уый тыххæй «Газпром»-ы раз мах хъуамæ æхца хæсджын ма уæм. Уымæй равдисдзыстæм, куыд нымайæм нæхæдæг нæ Паддзахад æмæ ма фæ-рогдæр кæндзыстæм республикæйы районты, хъæуты цæрджыты уавæртæ. Уый та æнæмæнг ратдзæнис хорз импульс хъæутæм цæрджыты раздахынæн. Уымæй ма ноджыдæр мах бахъахъхъæндзыстæм нæ бæстæйы рæсугъд æрдз æмæ хъомысдзинад.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.