Дзауы районы администрацийы пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ 7-æм сентябры хуссарирыстойнаг политикон парти «Ныхас» поселокæн балæвар кодтой сывæллæтты хъазæн фæзуат проект «Площадки детям»-ы фæлгæтты. Районы цæрджытæ сæ лæварыл сæмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ, уымæн æмæ дзы ныртæккæ цы иунæг хъазæн фæзуат ис, уымæй пайда кæнынц бирæ азты дæргъы æмæ ис мæгуырау уавæры. Ногæй йæ кæй раивдзысты, ууыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдис Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ дæр æмæ арфæ ракодта парти «Ныхас»-æн.

«Уæхæдæг куыд федтат, афтæмæй нæ сы-вæллæтты хъазæн фæзуат у раивинаг, хъазæн-тæ, каруселтæ ацъæлтæ сты æмæ сывæллæттæ сæхи кæм ирхæфсой, уыцы бынат сын нæй. Уыимæ иумæ ма æвидыц кæнынц улæфæн парчы æддаг бакаст дæр. Нæ сывæллæтты нын кæй æрхъуыды кодтат, уый тыххæй уын нæ райцентры ныййарджыты номæй зæгъын стыр бузныг. Мах ацы бонты бацархайдзыстæм, цæмæй нæ ног лæвар йæ бынат ссара æмæ та йæм райзæрдæйæ уайой нæ сывæллæттæ», – загъта Тыбылты Вандæ.

Партийы сæргълæууæг Бесаты Зитæ куыд банысан кодта, афтæмæй сæ политикон организаци йæ сæйраг хæсыл нымайы рæзгæ фæлтæримæ куыст: «Ахсджиаг хъуыддаг фæсивæд æмæ сывæллæтты фарсмæ æрбалæууын æмæ сын истæмæй баххуыс кæнын. Мах архайæм, цæмæй сын баххуыс кæнæм сæ проекттæ среализаци кæныны хъуыддаджы дæр. Ныртæккæ нæ партийы активонæй кусынц фæсивæдон хайадтæ æмæ реализаци кæнынц алыгъуызон идеятæ. Уый у тынг хорз хъуыддаг, ис ын стыр нысаниуæг, уымæн æмæ нæ республикæйы фæсивæд афтæмæй хуыздæр æрбангом вæййынц, кæрæдзи фарсмæ æрбалæууынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах, хистæртæ хæсджын стæм, цæмæй нæ хъус дарæм фæсивæдмæ æмæ сын æххуыс кæнæм сæ хорз фидæны сæраппонд», – загъта Бесаты Зитæ.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæлдæрбанысангонд проекты фæлгæтты горæт æмæ районты хъуамæ схæрзарæзт кæной дæс ахæм сывæллæтты хъазæн фæзуæттæй. «Мах Цхинвал æмæ Ленингоры районты фæнд кæнæм сывæллæтты фæзуæттæ сæвæрын. Фæлæ ма нæм уымæй уæлдай бахатынц нæ республикæйы цæрджытæ дæр. Ахъуыды кæндзыстæм æмæ скъуыддзаг æрцæудзæн, иннæ хъазæн фæзуæттæ та кæм сæвæрдзыстæм, уый», – банысан кодта партийы сæргълæууæг.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.