2023 азы нæ горæты разамынад фæнд кæны Цæрæн массивы районы Остъаты Алексийы уынгыл, раздæры хъармгæнæн станцы бынаты улæфæн зонæ саразын, – зæгъы горæты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Зозиаты Эдуард. 

«Ацы фæзуат рагæй лæууы æнæхъусдардæй. 2016 азы Тыбылты Леонид президент куы уыд, уæд тынг популярон уыд программæ «Спорт в шаговой доступности». Уый фæлгæтты горæты æмæ республикæйы районты хъæуты арæзт цыдысты спортивон залтæ, кæцытæ ифтонг цыдысты зынаргъ тренажертæй. Ацы районы фæсивæд дæр бахатыдысты президентмæ, зæгъгæ, нæхи хъарутæй ныссыгъдæг кæндзыстæм, Советон дуджы Остъайы фырты уынгыл бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ уагдæттæн цы хъармгæнæн системæ уыд, уыцы бынат. Сымах та нын баххуыс кæнут уым тренажерон зал саразынæн. Ацы уагдоны спортивон зал арæзт æрцыд, фæлæ йæ алфæмблай кæронмæ арæзт не ‘рцыд. Ацы аз мах ам хъавæм улæфæн зонæ саразын. Сараздзыстæм дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуат дæр. Æвæрд дзы æрцæудзæнис алыгъуызон хъазæнтæ», – загъта уый.

Зозиаты Эдуард ма куыд зæгъы, афтæмæй 2023 азы горæты администрацийы нывæзты ис æндæр районты дæр сабитæн фæзуæттæ схæрзарæзты куыстытæ бакæнын. Нæ горæты цалдæр азы размæ сывæллæттæн цы фæзуæттæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй бирæ рæтты сæ хъазæнтæ цъæл æрцыдысты, кæмдæрты та сты баххæсткæнинаг. Фæзуæттæ сæхæдæг дзуапп нæ дæттынц æдасдзинады нормæтæн. Уыдонмæ хъусдард аздахын хъæуы. Бирæ рæтты нæй броны урнæтæ æмæ сабитæ сæ къанфетты цъæрттæ фæзуаты аппарынц. Ныссадзын хъæуы фæзуаты алфæмблай цъæхдарæнтæ, бæлæстæ, цæмæй сæрдыгон аууон дарой. Æппæт уыцы цухдзинæдтæ баххæст хъуамæ æрцæуой 2023 азы.

«Горæты цады цур цы сывæллæтты фæзуат ис, уым сæвæрдзысты фылдæр хъазæнтæ. Фаллагфарс микрорайоны дæр арæзт æрцæудзæн ног фæзуат, уымæн йæ ифтонгад ныридæгæн æлхæд у. Мæскуыйаг микрорайоны цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ ма, ноджы иу улæфæн зонæ та хъуамæ уым æрцæуа арæзт», – загъта  Зозиаты Эдуард.

УАЗÆГТЫ Марфа