Ногбонмæ-иу Чеселтгомы Сыгъдты хъæуы цæрджытæ дæр сæхи развæлгъау цæттæ кæнын райдыдтой. Сæ хæдзæрттæ иу хæрзæфснайд бакодтой. Сæрмагондæй иу рауагътой арахъ, бахсыстой-иу бæгæны. Хæдзары æфсинтæ-иу Ногбоны номыл нывæрдтой цыхт, царв.

Ногбон та нысан кодтой зæронд нымадæй 13-14-æм бон. Уый нымад цыд æцæг Ногбоныл. Ногбоны æрцыдмæ æнхъæлмæ кастис алчидæр, стырæй чысылæй. Цæмæдæр гæсгæ сæ уырныдта, йе ‘рбалæудæй сын кæй æрхæсдзæн хорздзинæдтæ. Уæлдай тынгдæр æм æнхъæлмæ кастысты сывæллæттæ, уымæн æмæ-иу сын хыссæйæ скодтой фыркъатæ, дедатæ, адджын гуылтæ. Уæд сæкæр бæрцыл уыдис, фæлæ дардтой мыдтæ æмæ-иу адджын гуылтыл ныккодтой мыд æмæ-иу сæ хæрынæй не ‘фсæстыстæм.

Ногбоны алы хæдзар дæр æргæвста хуы. Стур æргæвстой стæмтæ, дæсныйы амынд кæмæн уыдис, ахæмтæ. Хуытæм-иу базылдысты сæрмагондæй æмæ-иу сæ тынг снард кодтой. Ныр нард дзидза хæргæ дæр ничиуал кæны, фæлæ-иу ын йæ нард барстой къухæй æмæ-иу дзырдтой, 4-5 æнгуылдзы у, зæгъгæ. Уыцы нардæй иу мур дæр ничи аппæрстаид, хордтой йæ зæрдиагæй. Уæд алчидæр æмхуызон цард, се ‘хсæн нæ уыд хъæзныджытæ æмæ кæрæдзийыл уыдысты тынг зæрдейæ. Ногбонты уыдысты уæлдай хъæлдзæгдæр. Уырныдта сæ, цас хъæлдзæгдæр сæхи дардтаиккой, уыйас уыцы аз уыдаиккой æнæмастдæр.

Ногбоны æхсæв кæрæдзимæ нæ цыдысты, уæд алчидæр куывта йæхи хæдзары, йæ бинонты фæдзæхста Ногбонæн. Æмæ ма абон дæр мæ хъусты зæлынц, лæгъзтæгæнгæ-иу куыд куывтой, цæмæй сын амондджын аз уа, сæ бæркæдтæ фылдæр кæной.

Дыккаг бон-иу сæумæцъæхæй, нырма бинонтæ фынæй кодтаиккой, афтæмæй хæдзары хистæр, кæнæ нæлгоймаг, кæстæртæй æмбаргæдæр чи уыд, уыдон- иу разылдысты скъæттыл, хордæттыл æмæ-иу куывтой, цæмæй сæ фос фæфылдæр уой, сæ хорты æрзад бæркадджын уа, уырдæмыты хастой сæрмагонд кувинæгтæ. Уый фæстæ-иу сæ къухы бахастой хосы бындзыг æмæ-иу æй алчи йæ хæдзары къуымты ныппырх кодта афтæ дзургæ, цал хосы хал æрхауд, уал хорздзинады уыл æрцæуæд. Амондджыны аз уын фæуæд. Мæ сæрыл цас æрду ис, уал амонды уæ уæд, зæгъгæ.

Бæрæгбонон фынгыл куывтой æртæ кæрдзынæй, физонæгæй. Хуыйы фыд-иу æрæвæрдтой доны фыхæй. Ногбон æхсæв ахсджиаг уыд æртхурон скæнын бинонтæн. Фæзæгъынц, зæгъгæ, иу ын йæ мидæг бавæрдтой лыстæг æхца, фысы къуымбил, гæххæтты гæбаз. Махмæ æртхуроны æвæрдтой æрмæстдæр æфсæйнаг æхца, хуыдтой йæ шауриани. Дзæбæх-иу æй ныхсадтой, афтæмæй иу æй бавæрдтой æртхуроны. Кæмæ-иу æрхауд, уымæй-иу дзырдтой, уыцы аз амондджын кæй уыдзæнис. Кæд-иу хæдзары æнхъæлцау чындз уыд, уæд иу дзы уымæн лæвæрдтой дыууæ хайы, чи нæма райгуырд, уыцы сывæллоны хай дæр хъуамæ бахордтаид, уый. Уæд сахат нæ уыд, Ногбон бæлвырдæй кæд æрбалæу-уыдаид, уый нæ зыдтой æмæ йын куывтой рагацау. Уый фæстæ-иу фæсивæд æрæмбырд сты æмæ-иу сарæзтой хъазт. Афтæ иу æмбисæхсæвтæм хъæлдзæгæй арвыстой сæ рæстæг. Дыккаг райсом та-иу сæ арæхстдзинад æвдыстой фат æхсы-нæй. Цы дедатæ æмæ иу сын фыркъатæ скодтой, уыдон-иу чи цы сцæф кодта, уый рамбылдта.

Ногбоны дыккаг бон-иу хъæубæстæ райдыдтой кæрæдзийы рахон-бахон кæнын. Фæлæ диссаг уый уыд æмæ хæрд æмæ нозтæй зыдтой бæрц. Фæрасыг уæвын уыд худинаг. Æрмæст нæхи хъæуы Сыгъдты, уæд 40 цæрæг хæдзары бæрц уыдысты æмæ-иу сæ куывдтæ адаргъ сты. Йæ хуыйы сæр иунæгæй ничи бахордтаид. Уый дæр худинагыл нымад цыдис.

КЪÆБЫСТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.