Нæ фыдæлтæ, хæххон царды карз, уæззау уавæртæм нæ кæсгæйæ, архайдтой, цæмæй æрдзимæ цардаиккой гармонийы æмæ дзы хорзæй, пайда цы ис, уый истаиккой сæхицæн. Кодтой зæххыкуыст фосдарды куыст. Æнусты дæргъы се ‘мбæлццон уыдысты мыдыбындзытæ æмæ кодтой мыддарды куыст дæр. Ахæм куыст кæнынæн та æппæт уавæртæ дæр уыдис. Хъæдтæ йедзаг – алыгъуызон дидинæфтауæг бæлæстæй æмæ сæйраджы сæйраг та – хæххон альпион уыгæрдæнтæй, кæцытæ сæ сæ дидинтæй гауызвæлыст кодтой. Æппæт уыцы бæлæсты, къутæрты, кæрдæджыты дидинтæ мыдыбындзытæн уыдысты, гъæдджын мыд кæм хъуамæ æмбырд кодтаиккой æмæ абон дæр кæм хъуамæ æмбырд кæной, ахæм бынæттæ.

Æмæ бирæтæ кодтой мыддарды куыст. Ацы куыст йæхæдæг зонад у æмæ йæ бæстон чи базыдта, чи йæ сахуыр кодта, ахæм мыдгæсты нæмттæ адæмы ‘хсæн зындгонд уыдысты. Ахæмтæм цыдысты æндæр мыдгæстæ, уæлдайдæр та – райдайæг мыдгæс-тæ, цæмæй сын сæ хъуыддаджы баххуыс кæ-ной, цы не ‘мбарынц, уый сын бамбарын кæной.

Нæ фæрæдидзыстæм, афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ, ахæм номдзыд мыдгæсыл нымад кæй уыдис, абон не ‘хсæн чи нал ис, фæлæ йæ царды арф фæд чи ныууагъта, уыцы дзæнæттаг адæймаг Тедеты Хъауырбег. Ууыл ацы бонты сæххæст уыдаид 95 азы. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, æнафоны йæ атыдта йæ сабитæй, йе ‘ввахс хиуæттæй.

Æнæ арт фæздæг нæ вæййы. Уæдæ Хъауырбег дæр мыддарды куыстыл æнæнхъæлæджы кæм фæхæст уыдаид. Йæ райгуырæн хъæу Хъорсеуы бирæтæ дард-той мыды чыргъæдтæ. Æмæ æрмæст уыдон нæ, хъæуккон лæппу уæвгæйæ, йæ зæрдæ-мæ æввахс лæууыдысты æппæт хъæу-уонхæдзарадон куыстытæ.

Йе ‘взонджы бонты Хъауырбег, цæйау фæзæгъынц, рассæнд-бассæнды фæндагыл уыдис. Фæлæ куыдфæнды ма уыдаид, уæддæр æмбæрста – ахуыры фæндагыл лæууын кæй хъæуы. Æмæ йæ хъæуы авдазон скъола каст куы фæцис, уæд дард-дæр ахуыр кæнынмæ бацыдис Цхинвалы медицинон техникуммæ. Каст æй куы фæцис, уæд та фæлварæнтæ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститутмæ æмæ уый дæр каст фæцис æнтысгæйæ. Æп-пынфæстаг, каст фæцис Мæскуыйы мыд-дарды зоотехникты цæттæдзинад бæрзонд-дæргæнæг институт.

Хъауырбег, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Цхинвалы цы эвакуацион госпитал уыдис, уым хистæр фельдшерæй цы акуыста, уымæй дарддæр йæ цард сбаста хъæууон хæдзарадимæ. Уыимæ куыста бæрнон бынæтты: уыд раздæры областы облæх-хæсткомы хъæууон хæдзарады управленийы мыддарды сæйраг зоотехник, æндæр æмæ æндæр рæстæджыты куыста Мармазеты, Додоты, Громы хъæуты колхозты сæрдарæй, Дзауы райæххæсткомы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæгæй, Дзауы фосдарды совхозы парткомы секретарæй. Уыд Дзауы райæххæсткомы коммуналон-цардуагон лæггæдты комбинаты сæргълæууæг, куыста ацы районы хъæууон хæдзарады хайады сæйраг зоотехникæй… кæмфæнды ма куыстаид Хъауырбег, алы ран дæр йæ хæстæ æххæст кодта намысджынæй, адæмимæ ардта иумæйаг æвзаг æмæ йын аргъ кодтой уыдон дæр – стыр авторитет ын уыдис се ‘хсæн. Йе ‘нувыд фæллойадон архайдыл дзурæг сты йæ фæллойадон  хорзæхтæ дæр. Хорзæхджын уыд «Кады нысан»-ы æмæ «Фæллойадон Сырх Тырыса»-йы ордентæй, æртæ майданæй, ГССР Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæйæ. Уыдон та йæм æрхаудтой йæ куыстмæ уарзондзинады фæрцы, лæвæрд ын æрцыдысты, йæ цæсгом кæй никуы фæчъизи кодта, адæмы ‘хсæн ын кад кæй уыд, уый тыххæй. Бирæ уарзта адæмы, уæлдайдæр та – йæ мыгга-джы. Царды дæр æмæ куысты дæр бирæ хорздзинæдтæй фæзминаг уыд йе ‘мбæлт-тæн æмæ йæ зонгæтæн дæр. Цины æмæ хъыджы рæстæджы дæр уыд се ‘хсæн. Хорз арæхст зарынмæ æмæ кафынмæ. Иу рæс-тæджы уый куыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ы дæр.

Кæд бæрнон бынæтты фæкуыста Тедеты Хъауырбег, иу куыст ивта иннæйы, уæддæр мыддарды куыстмæ цымыдисдзинад никуы фæкъаддæр йæ зæрдæйы. Йæ бæллиц  æдзух уыд Хуссар Ирыстоны мыддарды куыст райтынг кæнын. Йæ зонындзинæдтæ рæдауæй лæвæрдта æндæр мыдгæстæн. Уыцы нысанæн мыхуыры ирон æвзагыл рауагъта къорд чиныджы. Хъæуæгыл нымайæм, мыддарды куыст чи кæны, уыдонæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Уыдон сты: «Æххуыс мыдгæсæн», «Хуссар Ирыстоны мыдхæссæг зайæгойтæ» æмæ æндæртæ. Æдæппæт – æхсæз чиныджы. Арæх фыста уацтæ газет «Советон Ирыстон»-мæ мыд-дард райтынг кæныны тыххæй Хуссар Ирыс-тоны хъæуты.

Йæ фæстаг чиныг кæд 1979 азы рауагъта æмæ уæдæй фæстæмæ кæд дзæвгар азтæ рацыд, кæд мыддарды къабазы дæр бирæ ногдзинæдтæ фæзынд, уæддæр сæ ахсджиагдзинад нæ сафынц абон дæр. Ныр уыцы чингуытæн се ссарæн нал ис, афтæ-мæй стыр æххуыс уаиккой абоны мыдгæс-тæн, уæлдайдæр та – райдайæг мыдгæстæн.

Хъауырбег тынг хорз зыдта æмæ æмбæрста, Хуссар Ирыстоны æппæт уавæртæ дæр кæй ис мыддард райтынг кæнынæн æмæ йæ зæрдæ рыст, æмбæлон органты ‘рдыгæй йæм æмбæлон хъусдард кæй нæ уыд, ууыл.

«Хуссар Ирыстоны автономон областы ис иууыл хуыздæр уавæртæ æмæ æнæкæрон фадæттæ мыддард райтынг кæнынæн – фыссы йæ чингуытæй сæ иуы Хъауырбег…

– Фаг нæм ис дыргъбæлæстæ, бирæазон кæрдæджы байтыдтытæ, хъæд æмæ ма афтæ альпиаг æмæ субальпиаг уыгæрдæнтæ. Æппæт уыдон дæттынц диссаджы холлагон базæ æмæ æххуыс кæнынц облас-ты мыддарды куыст æнтысгæйæ райтынг кæнынæн.

Алы ран дæр дидинджыты æмбæхст ис уыйбæрц мыд, æмæ æххæстæй æрæмбырд кæнын къухты куы бафтид, уæд нæм мыдæй сырæзид цæугæдæттæ. Мыдыбындзытæ стыр пайда хæссынц адæймагæн.

Мыдыбындзытæ зайæгойты кæй барыг кæнынц, уый руаджы мыд æмæ  мыдадзæй фылдæр пайда дæттынц хъæууон хæдзарады культурæтæ барыг кæныны хъуыддаджы. Нæ рельеф алыгъуызон кæй у, уымæ гæсгæ мыддæттæг иугъуызон зайæгойтæ дидинæг фефтауынц æндæр æмæ æндæр рæстæджы. Ныллæг бынæттимæ иумæ нæм ис бæрзонд хæххон зонæтæ дæр. Климатон уавæрты ахæм алыгъуызондзинадмæ гæс-гæ у бынæттон мыддарды сæйраг хицæн-дзинад дæр.

Нæ республикæ хъæддаг мыддæттæг зайæгойтæй хъæздыг кæй у, уый нын фадат дæтты мыддæттæг сæрмагонд байтыдтæй æнæпайдагæнгæйæ бирæ мыд райсынæн.

Кæд нæм стыр фадæттæ ис, уæддæр мыддарды хъуыддаг рæзы уæззаугай. Бирæ колхозты разамонджытæ фаг аргъ нæ кæнынц мыддардæн æмæ йæм не здахынц аккаг хъусдард», – дзырдта-иу Хъауырбег.

Хъыгагæн, Хъауырбег ацы ныхæстæ куы дзырдта æмæ фыста, уæддæр уавæр нæ ивта хуыздæрæрдæм. Уый нæ, фæлæ дуджы фæивд тынг бандæвта, нæ республикæйы цæрджытæй мыддарды куыст чи кодта, уыдоныл. Сæ архайд æрнымæгау, уавæртæ сын сæ къух нал арæзтой. Æрмæстдæр фæстаг азты ногæй сытынг ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст. Цы  фæлтæрд мыдгæстæ уыд нæ республикæйы, уыдонимæ фæзындысты райдайæг мыдгæстæ дæр. Æмæ хорз хъуыддаг у, фылдæрæй фылдæр кæй кæнынц, уый.

Тедеты Хъауырбег уыд рæсугъд бинонты хицау. Йе ‘мкъай Тертерова Христинæимæ базонгæ сты, ансамбль «Симд»-ы кусгæ-йæ. Уыцы рæстæджы сæ дыууæ дæр цагътой домрæйыл. Уæд ансамблæн къухдариуæггæнæгæй куыста Галаты Барис. Хъæрмуд бинонтæн фæзынд æртæ чызджы. Хистæр чызг Алисæйыл ном сæвæрдтой, 1957 азы мыхуыры чи рацыд, «Алиса в стране чудес», зæгъгæ, уымæ гæсгæ. Дыккаг чызг Индирæйыл та ном сæвæрдтой, Индийы сæргълæууæг Индира Ганди 1957 азы Мæскуымæ кæй æрцыд, уый цытæн. Æртыккаг чызг Ноннæйыл та ном сæвæрдтой, 1962 азы Ноннæ Гаприндашвили дунейы чем-пионкæ кæй ссис, уымæ гæсгæ.

Хъауырбеджы хæдзары бæрзонд бынат ахстой нæ фыдæлты рæсугъд традицитæ, ирон æгъдау æмæ æфсарм. Йе ‘ртæ чызджы дæр бæрæг дардтой се ‘мбæлтты ‘хсæн сæ уагахастæй, уыдысты цæвиттойнаг сæ ахуыр, се ‘гъдауæй. Алиса скъола бакаст сыгъзæрин майданыл. Тынг хорз нысæнт-тыл бакаст Дзæуджыхъæуы медицинон институт дæр. Уый тыххæй Хъауырбегмæ мединститутæй æрæрвыстой арфæйы гæххæттытæ. Сæ цард кæстæр фæлтæр хъомыл кæнынæн снывонд кодтой Индирæ æмæ Ноннæ дæр. Индирæ кусы Мæскуыйы сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæгæй. Ноннæ та кусы 5-æм астæуккаг скъола-йы ахуыр-хъомыдалон куысты фæдыл директоры хæдивæгæй.

Хъауырбеджы бинонтæ систы интернационалон. Хистæр сиахс у гуырдзиаг, дыккаг – уырыссаг, кæстæр та – ирон. Хорз æмбарынц бинонтæ кæрæдзийы æмæ Хъауырбеджы хæдзары фарн дæлæмæ нæ уадзынц, афтæ йæ дарддæр кæнынц сæ кæстæртæ дæр. Раджы аивгъуыдта йæ хъарм бинонты ‘хсæнæй Тедеты Хъауырбег. Бæрцæй йыл цыдис 55 азы. Диссаг уый уыд, æмæ Хъауырбеджы куы сæмбæлын кодтой йæ сыджыты хайыл, уæд сæ чыргъæдтæй афардæг сты сæ мыдыбындзытæ дæр. Царды цы нæ вæййы… Ацы хъуыддаг арæх æрымысынц бинонтæ.

Йæ бакаст – хæрзаив, йæ ныхас – уæздан, йæ алы хъуыддаг дæр нывыл, æгъдауыл кæмæн уыд, йæ алы фезмæлд дæр цæвит-тойнаг кæмæн уыд, уыцы дадайæ абон сæ сæр бæрзæндты хæссынц йæ хъæбулты кæстæртæ, сæ мыггаг, сæ хиуæттæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.