Ныры дунемæ куы акæсай, уæд цыма иуæй-иу бæстæтæ ерыс кæнынц цыфыддæр ракæнынæй, уыйау сæмтъеры сты, раст æмæ зылын чи у, уый нал æвзарынц. Бирæ хатт, цыма, сæрæй быцæу цæуыл райдыдта, уый дæр сæ ферох, афтæ дугъ кæнынц, кæрæдзи сæрты схъиугæйæ. Æмæ цæуыл у сæ тыхстдзинад? Цæмæй адæмы зæрдæтæ æмæ сæ хъуыды рамбулой, стæй уый фæстæ та… Уый фæстæ та цы, уый зын зæгъæн у, фæлæ уал абон ссарын хъæуы дзыллæйы зæрдæмæ дæгъæл. Уæвгæйдæр, куыд зынаргъ сын лæууы адæмы хъуыды рамбулыныл тохы уæлахизы бæллиц! Уый сæраппонд удзиæнттыл дæр нæ ауæрдынц. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æнæ удзиæнттæ иунæг стыр хъуыддаг дæр нæма сырæзт. Æмæ цымæ æндæр амæлттæ нæй? Ис, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ фыдлæгæн йæ хъуыддæгтæ фыдæхæй рæзынц. Хæрзиуæг йæ риуы бынат нæ ары. Зæгъæм, æрымысæм иу ахæм рагон хабар. Паддзах Ирод цæмæй иу адæймаджы уидаг зæххæй стыдтаид, уый тыххæй ныццагъта 14 000 сабийы. Раст у, уыцы сабийы райгуырды нысаниуæг егъау уыди, фæлæ йæ кæд афтæ тынг хъыгдардта уыцы саби, уæд ын йæхи цæуылнæ ссардта æмæ цæмæннæ бацымыдис кодта, чи у, цы у? Фæлæ уый рæстдзинад не ‘ндæвта. Уый тугкалыны амалæй дарддæр æндæр амалæй архайын нæ зыдта. Афтæ Гуырдзыстоны бодзтæ дæр алы æмæ алы рæстæджыты агурынц ирон адæмы фæд. Аллон-биллоны тæф сæ удхарæй мары, æмæ бæллынц не скуынæг кæнынмæ. Тыхæй сын кæд ницы уайы,   уæд архайынц хинæй. Уымæн æвдисæн уыди æрæджы гуырдзиаг «хъайтар» (афтæ йæ хонынц ныр та йæ рарвитджытæ) Ирыстоны зæххыл куы фæмард, уыцы хабар. Кæд экспертизæ хорз сахуыр кодта йæ мæлæты аххосæгтæ, уæддæр хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Ацы цау, сау халæттæ иумæ куыд атыгуыр вæййынц æмæ иу хуыскъ бæласыл куыд абадынц, афтæ абадт дунейы æрцæугæ æндæр цаутимæ: Хъырым Уæрæсеимæ кæй æрбаиу, æмæ стæй Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ, Скрипалы хъуыддаг, Америчы æвзæрстыты Трампы уæлахизы аххосджынты агурыны куыст, Уæрæсейы спортсментæ Олимпиадæмæ уагъд кæй не ‘рцыдысты æмæ уый алыварс цъиувæдис, æмæ а.д.

Раст у, мах дунейы æгæрон тыгъдады цæсты афтæ тынг хъуамæ ма хауиккам, фæлæ йæ дыууæ ныхмæлæууæг лагеры æхсæн нейтаралон хъуыдыйыл кæй нæ лæууæм, уый тыххæй ма æгæрдæр хауæм цæсты. Уый амонд у æви æнамонд, уый чи зæгъдзæн развæлгъау, фæлæ ацы ран æрымысын хъæуы Горькийы «Песнь о соколе». Уыцы ран цæргæс цы фæндаг равзæрста, уый махæй алчидæр зоны. Хицæн адæймæгты царды дæр æмæ æмткæй адæмы царды дæр ис равзарыны бар – фæнды дæ, уæд уаллоны цард кæн, æмæ дын æрхауынæй тас нæ уыдзæн. Кæд нæ, уæд та дæ базыртæ сис æмæ дæ фæстаг тыхтæй дæр фæлвар стæхыныл. Нæ адæмæн сæ зæрдæтæ æмæ сæ удыхъæд сæхицæй стырдæр кæй сты, уый тыххæй абон мах æрлæууыдыстæм Уæрæсеимæ иумæйаг фæндагыл. Уымæ гæсгæ абон дызæрдыггаг нæу, ацы къахдзæф нын раст кæй уыди.

Уæдæ æрæджы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты цы рæвдз февнæлд равдыстам, уый дæр æнæхъуаджы нæ уыд. Нæ адæм æууæнкджын разындысты сæхи хъысмæтыл дæр, стæй Уæрæсеимæ нæ хæларадон ахастытыл дæр. Дарддæр та цы уыдзæн, уый чи зоны, фæлæ йын йе ‘ууæлтæ бамбарæн ис. Цæуы Уæрæсейы æмæ йæ хæлæртты ныхмæ информацион, экономикон, психологион, демографион тох. Историйы дæргъы-иу хъуыддаг ахæм хуыз куы райста, куы-иу схæцыдысты рæст-дзинад æмæ мæнгард, уæд-иу рацыд рæстæг, æмæ та-иу раст хъуыдыгæнæг адæм радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ, æмæ та-иу æрцыд зæххыл фидыдад. Ахæм хъуамæ уа цыфæнды тохæн æмæ ныхмæлæудæн дæр йæ кæрон, науæд абон иу бæлæгъыл бадджытау, зæххыкъорийыл цæрæг адæмæн сæ хъысмæт иумæйаг у… Алчидæр хъуамæ йæ хъуыдыйы дара – цы уыдзæн дарддæр, зæгъгæ, цæмæй ма ‘рцæуа фæстаг хæст.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.