Нæ горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ иуварс кæнынц, ивгъуыд азты фæндагаразджытæ уынгты хæрзарæзтады рæстæджы цы цухдзинæдтæ æруагътой, уыдон.

«Фæстаг азты нæ горæт, зæгъæн ис, йæ хуыз скалдта. Инвестицион программæйы фæлгæтты æндидзыд æрцыдысты горæты уынгтæн сæ фылдæр æмæ адæймаджы зæрдæйæн æхцондзинад хæссынц. Фæлæ уынгтæй иуæй-иуты арæзтады рæстæджы æруагъдæуыд рæдыдтытæ. Зæгъæм, Джиоты Аланы уынджы 2-æм астæуккаг скъолайы ныхмæ фистæгæйцæуджытæ кæуылты хъуамæ ахизой, уый цæуы фæндаджы, афтæхуыйнæг, зебрæйыл. Цæмæй тротуармæ бахиза фистæгæйцæуæг, уый тыххæй хъуамæ ацæуа газоныл. Газоныл ахизын растыл чи нæ нымайы, уый та хъуамæ цалдæр метры ацæуа машинæвæндагыл. Куыд зонæм, афтæмæй уый та  æвзæрын кæны аварион ситуаци. Раст ахæм уавæрæн фенæн ис Мæскуыйы уынджы дæр», – загъта нын горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хайады сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Юри.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй иуæй-иу уынгты асфальт раст кæй нæ сæвæрдтой æмæ уый аххосæй къæвдадæттæ канализацитæм нæ фæцæуынц, фæлæ дзыхъхъыты сцад вæййынц, æмæ дзы ахизæн нал вæййы. Зымæгон уазал бонты ахæм бынæтты дон  ныссæлы æмæ æвзæрын кæнынц тæссагдзинад цæуджытæн.

«Хъайтарты æмæ Тæболты Сергейы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым уыйбæрц дон æрæмбырд вæййы æмæ дзы къæвдабон фистæгæйцæуæг нæ ахиздзæнис. Харебаты Исахъы æмæ Лужковы уынгтыл дæр фенæн ис ахæм ныв. Мах хъавæм уыцы проблемон фадгуытæ ногæй асфальтæй бамбæрзын æмæ сæ фæндаджы иннæ уæлцъаримæ сраст кæнын», – загъта ма Джиоты Юри.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ уынгтæ эксплуатацимæ дæттыны рæстæджы хъуамæ хъусдард здæхт  цæуид ахæм хъуыддæгтæм æмæ, цалынмæ згъуыдтæ аиуварс кæна арæзтадон организаци, уæдмæ сæ райсын нæ хъæуы, цæмæй уый фæстæ уæлдай фыдæбæттæ æмæ фи-нансон хæрдзтæ дæр ма цæуа.

Джиоты Юри ма нын радзырдта ныртæккæ Фидауынгæнæг тыхты уынджы №2,5,8,10 æмæ 12 бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс хæрзарæзтадон куыстыты тыххæй дæр.

«Ам ныртæккæ ивд цæуынц зæххы бын коммуникацитæ. Уый фæстæ хæдзæртты кæртытæ асфальт æрцæудзысты. Хæдзæртты рæзты цы газонтæ ис, уыдонмæ дæр базилдзыстæм, дидинджытæ сæ ныссадздзыстæм. Ам куыстытæ куы фæуæм, уæд та ахæм æнгæс куыстытæ бакæндзыстæм, Джиоты Аланы проспекты кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уым æмæ Гафезы уынджы дæр», – зæгъы Джиойы фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.