Кæд тынг бирæ не сты, уæддæр нæ республикæйы дæр ис, мыддарды куыст чи уарзы æмæ сæм æдзухон хъусдард чи здахы, ахæм дæсны мыдгæстæ. Æрмæст Цхинвалы районы Къостайыхъæуы нымадæуы 10 адæймаджы, уыдонæй иутæ мыд æрдуцынц канд сæ бинонты фаг нæ, фæлæ ма дзы фæхай кæнынц, ацы зынаргъ продукци зæрдиагæй чи фæагуры, уыцы æмбæстæгтæн дæр. Лæмбынæг хъусдард куы здахай ацы ахсджиаг куыстмæ, куы сын сахуыр кæнай сæ рапарахат кæныны æппæт амæлттæ, куы сæм зилай рæстæгыл, уæд дзæвгар уыдзæн æркæнгæ продукци. Хъæуы мыддарды куысты дæсны у бынæттон цæрæг Тыбылты Олег, уый рагæй зилы мыдыбындзытæм, йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны, чи йæм бахаты, уыдонмæ дæр.

Дæсны мыдгæс куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз бынтон раппæлинаг нæ уыд райсгæ продукцийы бæрц. Зындгонд у, æрдзон кæрдæгæй дæр мыдыбындзытæ кæй исынц дзæвгар нектар, фæлæ, хъыгагæн, уый дæр ацы аз не ‘рзад зæрдæйы фæндиаг. Сæ куыст ма сын бакъуылымпы кодта, хъæумæ æввахс цы ног фæткъуыйы дыргъдон сырæзт, уый дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мыдыбындзытæ нектар хæссынмæ батæхынц уырдæм дæр, фæлæ, фæстæмæ тæхгæйæ, фæкъуыхцы вæййынц, дыргъдон уæлейæ хызæй æхгæд кæй у, уый аххосæй. Мыдгæстæ цалдæр мæйы размæ æрдыгътой мыд, кæмæн хуыздæр уыд райсгæ продукци, кæмæн та – къаддæр.

Къæртатæ ацафон вæййынц сыгъдæг, уымæн æмæ мыдыбындзытæ уыцы æнæмæнгхъæуæг куыст кæнынц сæхæдæг. Уый мыдгæстæ бакæнынц уалдзæджы. Сæйраг хъусдард здахын хъæуы джыбыниз æмæ варроатозы ныхмæ æмæ сæм хъæуы рæстæгыл хостæй фæкæсын. Сæ иу дæр æмæ иннæ дæр тынг тæссаг сты, мыдыбындзыты кусын нал фæуадзынц æмæ уый фæстиуæгæн бахуыссынц къæртайы æнæхъæн бинонтæ дæр. Уымæ гæсгæ алы мыдгæс дæр хъуамæ рæстæгыл бацархайа хостæ самал кæныныл, цæмæй мыдыбындзытæ уой æдас. Уæд сæ зымæгиуат арвитдзысты хорз æмæ уалдзæгыл сæмбæлдзысты куыстæввонгæй. Мыдгæс хъуамæ сентябры мæйы базона, хæринаг сын фаг ис æви нæ. Кæд цух сты, уæд сæм хъуамæ фæкæса æмбæлон хæлцæй. Зымæгмæ та сын уадзын хъæуы 7-8 рамкæйы дзаг мыд, ома, 16-18 килограммы, цæмæй уалдзæгмæ хæринагцух ма уой. Нæ сын хъæуы уадзын ивгъуыд азы мыд, уый тагъд ссæкæр вæййы æмæ йæ нал фæхæрынц. Уымæй дарддæр къæртатæй хъуамæ ист æрцæуой афтид æмæ сау рамкъæтæ. Мыдгæс хъуамæ бацархайа, цæмæй къæртатæ уой хъарм, уæд хæринаг дæр къаддæр фæхæрынц. Магуса мыдыбындзыты расурынц æддæмæ, цæмæй сын сæ хæринаг мауал хæрой.

Фæззæджы хъарм бонты ратæхынц æддæмæ, фæлæ иугæр боныгъæд куы фæива, уæд сын сæ батæхæнтæ хъæудзæн фæуынгæг кæнын, гом ма дзы ныууадзын хъæудзæн 1-2 см, цæмæй сæм сыгъдæг уæлдæф цæуа. Мыстытæ тынг æмхиц сты къæртатæм æмæ цæмæй хызт уой уыдонæй, уый тыххæй сын уынгæг кæнынц сæ батæхæнтæ. Иуæй-иу мыдгæстæ ма дзы  бакæнынц æфсæйнаг хыз, уæлдæр банысангонд дæрддзæг ныууадзгæйæ. Зымæджы мæйты дæр сæм хъæудзæн хъусдард здахын. Кæд сæ хъуыса сабыр гуыз-гуыз, уæд зымæгиуат кæнынц æмбæлонæй. Фæлæ сæ иугæр фæхъуысы æнахуыр сыбар- сыбур, уæд сты æххормаг, фæцух сты хæринагæй æмæ сæм уæд фæкæсын хъæудзæн æвæстиатæй. Раззагон æмæ фæлтæрд мыдгæсы амындтытæ куы æххæст кæна алчи дæр, уæд мыдыбындзытæ уыдзысты куыстæввонг, сæ райсгæ продукци та уыдзæн  зæрдæйы фæндиаг.

                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.