3-æм апрелы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры брифинг ауагътой республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев. Уыдон журналисттимæ ныхас кæныны рæстæджы катайдзинад равдыстой республикæйы æхсæнадон-политикон æмæ æвзæрстыты     агъоммæйы уавæры тыххæй.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев куыд фехъусын кодта, афтæмæй кæронмæ фæхæццæ кæны æвзæрстыты агъоммæйы кампани, æмæ зæгъгæ, кæд цавæрдæр катаклизмæты æнхъæл ничи уыд, уæддæр уыдон фæзындысты.

«Бæрæг рæстæгмæ æвзæрстыты агъом-мæйы кампани цыд сабырæй, æппындæр ничи æнхъæлмæ каст катаклизмæтæм, цалынмæ цавæрдæр тыхтæ нæ фæзындысты, уæдмæ. Мах иууылдæр тыхсæм республикæйы оперативон æмæ æхсæнадон-политикон уавæры тыххæй. Цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабырæй, уый тыххæй нæ ныфс ис, фыццаджы фыццаг журналистты корпус  æмæ æхсæнады фарсхæцынадæй», – загъта уый.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй 9-æм апрелы йæ ведомствойы кусджытæй алчи дæр æрцæудзæн йæ æвзарæн фадыгмæ æмæ хъæлæс ратдзысты иу кæнæ иннæ кандидаты пайдайæн.

Дарддæр раныхас кодта Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ банысан кодта республикæйы криминогенон уавæры стабилондзинад.

Уый куыд загъта, афтæмæй фæстаг рæстæджы республикæйы регистраци не ‘рцыд уæззау фыдракæндтæ. Мидхъуыддæгты министрады куыст сæрмагондæй здæхт у закъондзинад бахъахъхъæнын æмæ сæрибар æмæ закъонон æвзæрстытæ сабыр уавæрты ауадзынмæ. Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу политиктæ æмæ сæ фарсхæцджытæ архайынц уавæр сдестабилизаци кæныныл. Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ уадзынц æнæсанкцион æмбырдтæ æмæ массон æгъдауæй рацу-бацу кæнынц уынгты.

О, фæлæ барадхъахъхъæнæг органтæ æппæт сæ тыхтæ радтой уымæ, цæмæй æнæзакъонон мадзæлттæ ма æркæной уæззау фæстиуджытæм.

«Æвзæрстыты агъоммæйы кампани куы райдыдта, уæд мах æвдисæн уыдыстæм претенденттæй сæ иуы æмæ йæ фарсхæцджыты активондзинад æмæ æнæсанкцион архайдæн. Æз дзурын экс-президент Кокойты Эдуарты тыххæй. Афтæ тынг æй фæнды президент суæвын, æмæ йæ архайд ахызт фæтк æмæ æгъдауы фæлгæттæй. Централон æвзарæн къамис æмæ Сæйраг тæрхондон, ома, йæ ныхмæ цы «æнæзакъонон» уынаффæ рахастой, уый фæстиуæгæн цалдæр боны йæхæдæг æмæ йæ фарсхæцджытæ горæты дæр æмæ республикæйы дæр æвзæрын кодтой æндыгъддзинад. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органтæ цы уынаффæтæ рахастой, уыдон сты закъонон, Кокойты Эдуард Президент куы уыд, уæд цæмæй йæ оппонентты æвзæрстытæм ма бауагътаид, уый тыххæй цы закъæттæ æмæ закъондæттынадон акттæ фæкарздæр кодта, сфидар кодта æмæ райста, уыцы закъæттæм гæсгæ. Уæдæй фæстæмæ йæ амбицитæ ноджы фæфылдæр сты, æмæ паддзахадон органтыл æндавгæйæ, уый фехæлдта Республикæйы Конституци æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй сбада президенты къæлæтджыныл», – загъта Лæууойты Æхсар.

Мидхъуыддæгты министр куыд банысан кодта, афтæмæй Кокойты Эдуард æмæ йæ фарсхæцджытæ домынц, цæмæй сæ бынæттæй ист æрцæуой иуæй-иу ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, æгæрыстæмæй, Президент дæр. Уыимæ иумæ алыгъуызон æфхæрæн ныхæстæ кæнынц æмæ уымæй халынц республикæйы паддзахады имидж.

Дарддæр министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Кокойты Эдуард комкоммæ сидт, цæмæй æвзæрстытæ ма ацæуой, уымæ.

Лæууойты Æхсар куыд загъта, афтæмæй экс-президент халæн куыст кæны куыд горæты, афтæ районты дæр. Ахæм митæ та нæ фидауынц, республикæйы сæргъ слæууынмæ чи хъавы, ахæм адæймагыл, йæхи политик чи хоны, ууыл.

Министр ма банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы Тыбылты Леонид æмæ Владимир Путин куы фембæлдысты, уæд Уæрæсейы Президент загъта, дарддæр дæр æй Хуссар Ирыстонимæ кæй фæнды хæларадон æмахастытæ æууæнчы бындурыл æмæ æнæ коррупцион хъаугъатæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны имидж ма фегад уа дунеон æмæхсæнады раз, уый тыххæй.

Министры ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ хæлд куы æрцæуой, уæд æбæрæг æм-гъуыдмæ фæстæмæ алæудзысты республикæйы инфраструктурæйы æндидзынад æмæ арæзтад, афтæ ма социалон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл цы мадзæлттæ æрцыдысты плангонд, уыдон се ‘ппæт дæр.

«Адæмы хæрзиуæгæн кусыны бæсты Кокойты Эдуард йæ архайдтытæй сиды адæм-мæ, цæмæй паддзахады коммæ ма кæсой æмæ йын йæ закъæтты ма æххæст кæной. Уый та Хуссар Ирыстоны адæмæн ницы хорздзинад æрхæсдзæн», – йæ ныхасы кæрон загъта Лæу-уойты Æхсар.

Марты мæйы æмбисы цы уавæр сæвзæрд республикæйы, уый тыхæй йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæвзæрдысты ахæм уавæртæ, кæцытæ разиан кодтой, куыд республикæйæн, афтæ республикæйы хицауиуæгадæн дæр.

«Уыцы бонты цытæ цыд, уыдон иууылдæр нысан æрцыдысты. Алы цаумæ дæр æрвыстæ-уыд оперативон къорд. Ис нæм алыгъуызон æрмæджытæ, уыцы нымæцы видео æмæ ау-диоæрмæджытæ дæр. Уыцы æрмæджытæ нæм æрвыст цыдысты Мидхъуыддæгты ми-нистрадæй æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетæй. Ацы æрмæджытыл куыст цæуы æмæ рæстæг уыдзæн æмæ республикæйы уавæр чи дестабилизаци кæны, уыцы адæймæг-ты архайдæн лæвæрд æрцæудзæн æмбæлон аргъ», – загъта Генпрокурор æмæ ма банысан кодта, кæй йæ нæ фæнды ацы адæймæгты ныхмæ карз санкцитæ райсын, фæлæ йæ хъуа-мæ æмбарой сæ антиконституцион æмæ æнæзакъонон хъуыддæгтæ дарддæр дæр куы аразой, уæд дзуапп ратдзысты закъоны раз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуысынц цавæрдæр лозунгтæ, æвзæрстытæ ма бауадзыны æмæ цавæрдæр акцитæ ауадзыны тыххæй.

«Закъон халынмæ чи хъавы, уыдон кæд ныфс нæй хицауиуæгады принципиалондзинадæй, уæд сын æз фидарæй дзурын, ахæм фактты иувæрсты ахизыны бар æз нæ ратдзынæн прокуратурæйæн. Барвæтк чи фехала, уыцы адæймæгтæй алкæцыйы ныхмæ дæр – рæнхъон æмбæстаг уа, депутат æви экс-президент,  карзæй æмæ дырысæй кусдзæн закъон», – карзæй банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Дарддæр Генпрокурор æрсидт адæммæ, цæмæй уой сабыр æмæ хъахъхъæной стабилондзинад. «Æвзарæн фадгуытæм æрцæуын æмæ сабырæй хъæлæс радтыны фадат хъуамæ радтæм кæрæдзийæн. Ничи никæмæй домы, цæмæй иу кæнæ иннæ кандидаты тыххæй радта хъæлæс. Сæйраг у, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой æмбæлон æгъдауыл, ома, политиконæй зондджын æмæ стыр æмбæстагон активондзинадимæ», – кæронбæттæны банысан кодта Генералон прокурор.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.