Зæрдиагæй арфæ кæнын газет «Республикæ»-йы коллективæн сæ 25 -азон юбилейы цытæн!

25 азы – уый дæргъвæтин фæндаг у, кæцыйы рæстæджы газеты фæрстыл мыхуыр цæуы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты тыххæй алыварсон информаци.

«Республикæ» аивгъуыйгæ дæсгай азты дæргъы райста хъомысджын профессионалон потенциалимæ  æмæ бæрзонд журналистон культурæимæ рауагъдады репутаци, уымæн цыт кæнынц йæ бирæнымæц кæсджытæ.

Ныридæгæн зын фенæн у хуссарирыстойнаг информацион тыгъдад æнæ ацы æнæординарон рауагъдадæй.

Газет фæдфæдылонæй хъахъхъæны нæ адæмы историон æргъадтæ, арф анализ аразы нæ республикæйы æрцæугæ цаутæн, радзуры, Ирыстоны кад чи парахат кæны, уыцы адæймæгты тыххæй.

Æппæт коллективæн мæ фæнды цымыдисон æмæ цæхæркалгæ куыстытæ, мысынады баззайгæ журналистон æрмæджытæ æмæ æгæрон сфæлдыстадон фантази. Мæ зæрдæ уын зæгъы ног уæлахизтæ, æнтыстытæ, æмбарындзинад æмæ газеткæсджыты ‘рдыгæй фарсхæцынад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.