Уацилла ирон зӕдты, ирон бардуӕгты ӕхсӕн сӕрмагонд бынат ахсы. Тыллӕджы, хоры, зӕххыл адӕймаджы хорздзинадӕн цыдӕриддӕр зайы, уыдоныл аудӕг бардуаг, арвнӕрды бардуаг у.

Уациллайыл сӕхи фӕдзӕхстой ирон адӕмы фыдӕлтӕ – алантӕ. Цӕгат Кавказы хӕхты дӕлвӕзты куы цардысты, уӕд райдыдтой зӕххы куыст ӕмӕ табу кодтой Уациллайӕн.

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарӕх ӕмӕ фосарӕхы бардуаг. Цӕмӕй уыгӕр-дӕнты ӕмӕ сӕрвæтты хорз, сойджын кӕрдӕг ӕрзайа, уый тыххӕй дӕр адӕм Уацилламӕ кувынц. Хус рӕстӕг куы скӕны, кӕнӕ бирӕ куы фӕуары, уӕддӕр Уациллайӕн лӕгъстӕ кӕнынц.

Хистӕр цины куывды бады, ӕмӕ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххӕй гаджидау ма рауадза, уый арӕх нӕ вӕййы.

Уациллайы бӕрӕгбон кӕнынц алы комы дӕр, быдыры хъӕуты, горӕтты. Ис ын бирӕ кувӕндӕттӕ, фæлӕ йӕ сӕйраг кувӕндон ис Дӕргъӕвсы, Тбауы хохы. Йӕ бӕрӕгбон арӕхдӕр вӕййы, Кӕрдӕгхӕссӕнӕй дыууӕ къуырийы куы рацӕуы, уӕд. Ахӕссы цалдӕр боны. Бирӕтӕ Уациллайы бӕрӕгбон кусарт акӕнынц. Раздӕрты, цыфӕнды ӕнӕбон бинонтӕ уыдаиккой, уӕддӕр-иу уӕрыкк ма аргӕвстаиккой, уый гӕнӕн нӕ уыд. Уациллайы бӕрӕгбон йӕ мӕгуырдзинад ничи ӕвдыста. Барджын бардуаг у, ӕмӕ йын куывтой лӕгъстӕгӕнгӕйӕ. Сылгоймӕгтӕ чъиритӕ кодтой ӕнӕдзургӕйӕ, сӕ комытӕф хыссӕмӕ куыд нӕ фӕхӕццӕ уыдаид, афтӕ-иу сӕ дзыхтӕ истӕмӕй бабастой.

Кусарт-иу куы кодтой, уӕд-иу бӕгӕны ӕмӕ ӕртӕ чъирийӕ Уацилламӕ скуывтой, цӕмӕй йын сӕ нывонд барст фӕуа, се ‘ртӕ чъирийы сын барстӕн айса. Кусӕрттагӕн-иу цӕхх радтой. Йӕ сӕр-иу ын куы ралыг кодтой, уӕд-иу ӕй артмӕ бадардтой, йӕ тӕф куыд рацӕуа, афтӕ, стӕй та-иу ӕй фӕстӕмӕ бӕрзӕйыл авӕрдтой.

Алы бинонтӕ дӕр-иу сӕ кувинӕгтӕ Уациллайы кувӕндонмӕ ахастой. Кувӕндонмӕ хӕстӕг-иу ӕрлӕууыдысты: дзуары бынмӕ бацӕуыны бар уыдис ӕрмӕстдӕр дзуары лӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Уацилла у карз, ӕнӕхатыр дзуар. Йӕ кувӕндонмӕ ӕнӕ хъуыддагӕй чи ссӕуа, уымӕн ӕй нӕ ныббардзӕн, адӕймаджы бакуырм кӕндзӕн.

Уациллайы бӕрӕгбоны-иу кувӕндоны къусы дзаг бӕгӕны сӕвӕрдтой. Кӕд афӕдзмӕ бӕгӕны нӕ фӕкъаддӕр, уӕд амондджын аз уыдзӕн. Кӕд фӕкъаддӕр, уӕд хорз аз нӕ уыдзӕн. Адӕм-иу дзуары лӕджы рацыдмӕ цымыдисӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕдӕ нын цы хабар фехъусын кӕндзӕн, зӕгьгӕ. Дзуары лӕг-иу бӕгӕны акалдта, ӕмӕ-иу къус фӕстӕмӕ ног бӕгӕныйӕ байдзаг кодта, йӕхӕдӕг-иу куывддзаутимӕ хъӕумӕ рацыд ӕмӕ- иу адӕмӕн хабар фехъусын кодта.

Уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу дзуары лӕг ӕхсӕвы кувӕндоны баззад. Уыцы ‘хсӕв, дам, Уацилла йӕ кувӕн бынатмӕ ӕрцӕуы, къусы цы бӕгӕны вӕййы, уый акалы. Бӕгӕны кӕд Ирыстоны ‘рдӕм акӕла, уӕд уый амоны: ома, ирон адӕм хорӕфсӕст уыдзысты, сӕ зӕххытӕй сисдзысты хъӕздыг тыллӕг, сӕ аз ацӕудзӕн ӕнӕфыдбылызӕй, ӕнӕмастӕй.

Уациллайы бӕрӕгбон ирон адӕм абон дӕр бӕрӕг кӕнынц. Йӕ фадат кӕмӕн куыд амоны, афтӕ йын йӕ ном ссары. Бирӕ хъӕу-ты скӕнынц хъӕугуывдтӕ. Аргӕвдынц гал кӕнӕ род, фыс. Уыцы бонмӕ сӕрмагондӕй сфыцынц бӕгӕны ӕмӕ рауадзынц арахъ, фӕкувынц, фӕбадынц, фӕзарынц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.