Æхцондзинады æнкъарæнтимæ адæймаг раздæхы, нӕ горӕты хуссарварс цы базарадон объект ис, Стыр базар кæй хонæм, уырдыгӕй. Арӕх æй бабӕрӕг кӕны бӕстӕйы разамонӕг Гаглойты Алан дӕр. Аныхас кӕны хъӕууон фӕллойгӕнджытимӕ, зонгӕ кӕны сӕ проблемӕтимӕ. Уавӕрӕй пайдагӕнгӕйӕ, нӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ дӕр фӕстӕ нӕ фӕлӕууынц ӕмӕ Президенты фӕрсынц бӕстӕйы ӕмӕ дунейы уавӕрӕй, цы фарстытӕ сӕ тыхсын кӕнынц, уыдонæй. Сӕ фӕндиӕгтӕ лӕгӕй лӕгмӕ зӕгъынц бӕстӕйы разамонӕгӕн.

Ацы базары территорийыл не ‘мбæстæгтæ æлхæнынц бынаты æркæнгæ продукттæ æмæ нæ ныхас дæр ууыл у.

Алы хуыцаубон дæр нæ горæты ацы базарадон объект уæрæх йæ дуæрттæ бакæны республикæйы базаргæнджытæ æмæ æлхæнджытæн. Ацы бынаты йӕ рæстæджы архайдтой алыгъуызон дуканитæ, уæвынад дзы кодтой хæлцадон æмæ фæлхасадон товартæ уæйгæнæн бынæттæ, стæй-иу дард хæххон хъæуæй чи æрцыд, ахæм æххормаг лæг кæм ацаходыдтаид, ахæм хæрæндон дæр. Хъыгагæн, ныр уыцы фадæттæй иппæрд у ацы егъау базарадон уагдон.

 

Бынæттон продукци æлхæнынц горæты цæрджытæ

Æрвылхуыцаубон фæлхасгæнджытæ сæумæрайсомӕй фæтындзынц ацы базармæ. Уыдон ам балхæнынц экологион æгъдауæй сыгъдæг хъæууонхæдзарадон продукттæ. Уыцы продукттæ рæгъæй æвæрд вæййынц тæрхджытыл æлхæнджыты раз – уый дын цыхты дзæбæх – чысылтæ, егъаудæртæ, алы æмæ алы æргътыл æмæ равзар, дарддæр хъæууон карчы, гогызы, хъазы æйчытæ, æнгузы æппытæ, нартхоры ссад, хъæдур, «чурчхела» – уæдæ йæ æндæр куыд схуындæуа… хи цæхæрадоны æркæнгæ цъæхыгтæ, джитъритӕ кабачоктӕ æмæ бирæ æндæр хъæууон хæдзарады æркæнгæ продукттæ. Дарддæр цæуын, æмæ цæстытæ раирвæз-баирвæз кæнынц уæййæгтæм. Стæй мын зонгæтæй дæр мачи аирвæза æнæ салам, уыцы рæстæджы цæстæй ма аирвæзой алыгъуызон уæййæгтæ дæр …

Бирæ вæййы æнцойбоны ацы бынаты адæм дæр æмæ уæййæгтæ дæр, йæ  бахизæнæй, суанг йæ дыккаг хай – фос уæйгæнæны онг. Бахизæны æфсæйнагæй конд алыгъуызон кусæн дзаумæттæ æмæ хæдзарады цæмæй пайда кæнынц, ахæм мигæнæнтæ.

Ирыстоны алы къуымтæй нæртон æфсинтæ æрхæссынц уæймæ сæ цыхтытæ. Кæмæн къаннæг, кæмæн та егъаудæр вæййынц, чи фылдæр фос дары, уый бæрæг вæййы сæ цыхтытæй. Фæлæ диссаг уый у, æмæ цыхт цас уæззаудæр æмæ егъаудæр у, уыййас йæ аргъ дæр фылдæр у. Раст у, фыдæбон кæнын хъæуы, цæмæй уыййас цыхт бацахсай, бæстон сæ кæнай, уый тыххæй. Фæлæ сæ чи æлхæны, уыдон дæр фыдæбон кæнынц сæхирдыгонау уыцы къапеччытыл, цæмæй сæхи дæр æмæ сæ бинонты дӕр дарынхъом уой. Æгъатыр сты базары закъæттæ.

Нæ республикæмæ æддейæ цы дыргътæ æмæ халсæрттæ ласынц, уыцы бынæттон базаргæнджытæ дæр нæ уадзынц иу хуыцаубон дæр – рæгъæй бауромынц машинæтæ, сæ разы рарæгъ кæнынц сæ уæййæгтæ æмæ сæ рæзты ацæуæг нæ уадзынц: «исты нæм алхæн, хорз уырыдзы мæм ис, хорз хъæдындз, мæнæ сау булкъ…»

 

Фос уæйгæнæн нæ уыд хъæздыг

Фос уæйгæнæн базары, зæгъæн ис, æмæ ацы хуыцаубон нæ уыд бирæ фос. Чысыл родтæ машинæты гуыффæтæй уæлвонгæй кастысты адæммæ, чи-иу сæм баввахс, уыдонæй-иу сæхи афæсфæд кодтой. Хæдзарон кæрчытæ æмæ тæрхъустæ, гогызтæ, хъазтæ, раст цыма æлдар æмæ йæ фæсдзæуинтæм æнхъæлмæ кастысты, уыйау сæ хъустæ хъилæй дардтой, хатт та-иу гогызтæ æмæ хъазтæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн сæхирдыгонау зарджытæ нывæстой.

Уым ма самалгæнæн вæййы бынаты æркæнгæ бурбын мæнæу, нартхор æмæ æндæр нæмыгон культурæтæн.

 

Фысы кæнæ сæгъы хъуынæй къухæй быд дзаумæттæ

Стыр базары уæйгæнæн тæрхджытыл ма адæймаджы цæст схæцы къухæй быд цъындатæ, сылгоймаджы уæрагæмбæрзæнтæ, нæлгоймаджы мидæггаг хæлæфтæ æмæ æндæр дзаумæттыл. Ныры размæдзыд дуджы алы дзаума ссарæн дæр ис, фæлæ раджы рæстæджы хæдзарон æфсинтæ фысы къуымбилæй æмæ сæгъы хъуынæй быдтой алыгъуызон дзаумæттæ. Ныр адæм фылдæр рахызтысты фабрикты уагъд дзаумæттæ æлхæнынмæ, стæй ма стæмтæ ис, фысы кæнæ сæгъы тинтычъийæ чи бийы дзаумæттæ. Тагъд уыцы къухæй быд дзаумæттимæ нæ кæстæр фæлтæр зонгæ кæндзысты музейты. Уыцы цъындатæ æмæ æндæр уæййæгтæн та сæ фылдæр вæййынц æлхæнгæ тæбынæй конд.

 

Æппынæдзух æфхæрын дæр раст нæу

Æмæ ма иу хъуыддаг – ацы базары куысты фæдыл интернеты хызæджы фӕзыны зыгъуыммæ ныхæстæ, кæцытæ нæ вӕййынц пайда нæдæр йæ фыссæгæн, нæдæр æхсæнадæн æмæ нæдæр нæ бæстæйæн. Искæйы цæсты къала бæлас агурын бирæтæн ссис сæ сæйраг професси, уæлдайдæр, йæ адæмы хъысмæт уæлæнгай кæмæн у, йæ адæмы цардæй чи нæ цæры, фæлæ дардæй æфсæст ныхæстæ чи рафыссы, уыдонæн.

Уыцы «зæрдæрисгæ» адæймæгтæй иу фыссы, зæгъгæ, афон у, æмæ уыцы бынат, йæ территори æмбæлон уагмæ æркæнæм. Базары территори хицауады тыхтæй раджы æрцыд рог цалцæг, арæзт дзы æрцыд ног тæрхджытæ, территори цæуы сыгъдæг – уый иу бакастæй, фæлæ ма дзы цы куыстытæ конд æрцыд, уыимæ уæ базонгæ кæндзыстæм радон æрмæджы, йæ къухдариуæгадимæ аныхас кæныны фæстæ. Æнæмæнгдæр æй бафæрсдзыстæм, цал зæрдæрисгæ æмбæстаджы æрбалæууыдысты сæ фарсмæ, цалæй бахастой фæндон, цæмæй кæддæры нæргæ стыр базар йæ риуы æмбæрц сулæфа, йæ фадæттæ скусын кæна, рæдауæй æмбæла, йæ къæсæрæй цы уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджытæ хизынц, уыдоныл.

КЪÆБУЛТЫ Марина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.