Знон, 15-æм октябры æгас Ирыстоны банысан кодтой ирон литературæйы бындурæвæрæг, гений Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 159 азы сæххæсты бон. Уый цытæн мысæн мадзал уагъд æрцыд Дзауы районы Синагуры астæуккаг скъолайы дæр. Мадзал бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бестауты Мери.  Хуынд æм æрцыдысты ныййарджытæ æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ

Мадзалы райдианы скъолайы директор Бестауты Аркади цыбыртæй æрдзырдта, Хетæгкаты Къостайы цардвæнфаджы тыххæй æмæ загъта, Къостайы ном кæй у æнæмæлгæ.  «Къостайы сфæлдыстадимæ зонгæ сты æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр. Ирон фысджытæй иу дæр ахæм нæй, Къостайыл уацмыс чи нæ ныффыста. Скодтой йыл зарджытæ дæр. Зындгонд композитор Хаханты Дудар Къостайы уацмыстæм гæсгæ сарæзта балет  «Хетæг», афтæ ма йæ 5-æм симфони дæр хуыйны «Къоста», Кокойты Тæтæрхъан ныффыста музыкæ йе ‘мдзæвгæтæ «Додой», «Ал-ло-лай», æмæ «Усгуры сагъæс»-æн» – радзырдта Бестауты Аркади.

Уый фæстæ  ирон æвзаг æмæ  литературæйы ахуыргæнæг Бестауты Мери æрбацæуджытæн æрдзырдта ирон генийы цард æмæ сфæлдыстадыл. «Хетæгкаты  Къостайы сфæлдыстад æдæппæтæйдæр у зæрдæмæхъаргæ, рæстдзинад æмæ сæрибардзинадмæ сидæг. Къоста тынг бирæ уарзта йæ Райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы æмæ тырныдта æппæтдæр уыдоны хæрзæбонæн саразынмæ. Ирон адæмы фæтæджы ном цæрдзæнис уæдмæ, цалынмæ цæрой ирон адæм æмæ йын пайда кæной йе сфæлдыстадæй. Къостайы сфæлдыстад та  кæцыфæнды дуджы дæр  у домгæ æмæ уымæ гæсгæ уыдзæн æнусон» –  радзырдта Мери.

Уый фæстæ 9-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Декъанозты Динæ æмæ Бестауты Леди аив бакастысты Къостайы æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Марходарæг», 7-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Танделаты Тимур æмæ Декъаноидзе Рая та  бакастысты «Цъиу æмæ сывæллæттæ»,   «Бирæгъ æмæ Хърипупп», афтæ ма аив бакастысты  бирæ æндæр æмдзæвгæтæ Къостайы сфæлдыстадæй. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ  ма сæххæст кодтой ирон зарджытæ æмæ кæфтытæ. Мадзалы кæронбæттæны скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ-вæрдтой дидинтæ скъолайы «Ирон къуым»-ы уæвæг Хетæгкаты Къостайы нывы раз.

Фæззыгон сæртæг уæлдæф æмæ райдзаст хурбон,  фадат лæвæрдта, мысæн мадзал скъолайы кæрты ауадзынæн. Мадзалы хайадисджыты алварс æрдз дæр уыд бæрæгбонгъуыз, йæ алыгъуызон æрдзон ахорæнты хуызæй рухс кодта адæймаджы зæрдæ.

Банысан кæнын ма хъæуы, ныртæккæ ацы скъолайы ахуырдзауты нымæц кæд иннæ азтæм абаргæйæ фæкъаддæр ис, уæддæр ам уагъд кæй цæуынц, хъомыладон нысаниуæджы æмæ ирон адæмы историимæ баст чи сты, ахæм мадзæлттæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.