Цхинвалы скъола-интернаты сæрдыгон улæфтыты сывæллæттæн байгом вæййы лагерь.

Уый у куыд сабиты, афтæ ныййарджыты хæрзиуæгæн дæр. Уымæн æмæ ныййарджытæй кусгæ чи кæны, уыдонæй бирæтæн нæй, сæ сывæллæтты хæдзары кæимæ ныууадзой, уый.

Лагерь ацы аз райсдзæн 450 сывæллоны. Ивгъуыд азы та дзы баулæфыдысты 300 сывæллоны. Æцæгæй та номхыгъды, кæцыты фæндыд баулæфын, уыдысты 500 сабийы бæрц.

Ахуырады министрады пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй лагерь йæ дуæрттæ байгом кæндзæн июны мæйы кæрон. Сывæллæттæ дих æрцæудзысты æртæ къордыл. «Фæстæдæр ноджы иу лагерь бакæндзыстæм Дзауы скъола-интернаты бындурыл. Уым та сывæллæттæ баулæфдзысты дыууæ къор-дæй. Уыцы лагерь та байгом уыдзæнис июлы æмбисы», – зæгъы Ахуырады министрады минæвар Джиоты Эльзæ.

Лагеры кусджыты сконд ныридæгæн у зындгонд. Ам сабитæ канд сæ рæстæг не ‘рвитдзысты, фæлæ ма сæм кусдзæн психолог дæр. Ахуыры æмрæнхъ сывæллæттимæ цæудзæн хъомыладон куыст дæр, уаддзысты сын алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.