Карз низтимæ чи тох кæны æмæ уый фæстиуæгæн инвалидтæ чи сты, ахæм адæмæн нæ горæты Белинскийы уынгыл арæзт цæуы реабилитацион центр «Точка опоры. Центр арæзт цæуы Хъæцмæзты Леойы хисæрмагонд хæдзары бындурыл.

Уый скодта йæ хæдзар низæфхæрд адæмæн центрæн радтыны фæнд. Фидæны ацы хæдзары, йæ фæнд куыд у, афтæмæй, хъуамæ инвалидтæ кæм улæфой æмæ æмбæлой сæхи хуызæн рынчынтимæ, канд ахæм центр нæ, фæлæ сын куысты фадæттæ дæр арæзт æрцæуа.

Хъæцмæзты Лео у нæ горæты хорз зынд-гонд дизайнер. Уый хъæдырмæгæй цы хæдзарон дзаумæттæ саразы, уымæй райгондæй баззайы алчи дæр. Ацы дæсныйадмæ гыццылæй дæр æвзыгъд уыд. Фæлæ 1990 азты уый афтыд Германимæ, уым ноджы лæмбынæгдæр сахуыр кодта хъæд-дæсныйы сусæгдзинæдтæ æмæ ныр йæ бон у цыфæнды вазыгджын хæйттæ дæр аразын. Ныр, хæдзармæ бахизгæйæ, цæстытæ разгъор-базгъор кæнынц, мидæгæй цы диссаджы дзаумæттæ арæзт цæуы, уыдонмæ кæсгæйæ.

«Ныртæккæ мæм цалцæггæнæн куыстытæ цæуы. Иунæгæй архайын. Æхцайы фæрæзтæ мæм куы фæзыны рæстæгæй-рæстæгмæ, уæд февналын мæ проект æххæст кæнынмæ. Уыдон тагъд фæ-вæййынц, фæлæ мæ уый нæ хъыгдары мæ фæндтæ æмæ нывæстытæ æххæст кæ-нынæн», – зæгъы Лео.

Ахæм центр саразыны хъуыды Хъæц-мæзы фыртмæ æрцыд 2008 азы фæстæ. Уый йæхæдæг дæр фæцис уæззау цæф. Цалынмæ реабилитаци цыд, уæдмæ йæ сæры бирæ хъуыдытæ зилдух кодта. Йæ дыууæ къах æмæ йæ галиу цонг уыдысты æвзæр уавæры. Бирæ тухиты бахауæг лæппу Стыр Хуыцауæн дзырд радта, кæд искуы йæ къахыл слæууа, уæд центр кæй сараздзæн, ныртæккæ йæхæдæг куыд тыхст у, ахæм адæмæн. Уадз, уыдон ахæм центры æххуысы фæрцы ахуыр кæнæт ногæй цæрын, сæхи хуызæн рынчынты æххуысæй исæт царды психологон уроктæ. Лео рынчын куы уыд, уæд æрцыд йæ хъуыдыйы, фидæ-ны цы центр хъуамæ сырæза, уый ном –  «Точка опоры».

Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, Израилы уæвгæйæ, йæ уникалон проект равдыста иу амалиуæггæнæгæн. Уый бафæндыд проект среализаци кæнын, фæлæ Леойæн йæ фæнд конд уыд, уый æрмæстдæр Ирыстоны кæй сæххæст кæндзæнис.

Арæзтцæуæг центр у æртæуæладзыгон, дих у цалдæр хайыл: æрмадз, сæрдыгон æмæ зымæгон дыргъдон, холл, уазæгдон, кухни, улæфæн хатæнтæ æмæ инвалидты хæрзиуæгæн спецификон къахæвæрæн.

Хæдзары ныридæгæн монтаж æрцыд сæрмагонд трансфер, кæцы инвалидты хæццæ кæндзæнис уæллаг уæладзгуытæм. Асинты пандустæ дæр цæттæ сты.

Проекты автор куыд зæгъы, афтæмæй иууыл зындæр саразæн уыд къахæвæрæн хатæн. Ам гигиенæ райсыны тыххæй инвалидты бирæ фыдæбон бахъæуы, уымæ гæсгæ дзы алцы дæр ахсджиаг у. Уæрæх  хатæны ис, рынчын хъæуæг медицинон процедурæтæ кæм исдзæнис, ахæм бынат дæр.

Хъæцмæзты фырты ныхæстæм гæсгæ уый хъæуæг информаци райста, цы инвалид хæлæрттæ йын ис, уыдонæй. Йæ проектмæ хаст æрцыдысты æппæт чысыл деталтæ дæр. Ныр уый архайы, цæмæй алы категорийы инвалид дæр центры йæхи хата хорз.

«Æз архайын, цæмæй ардæм цы инвалидтæ цæуой, уыдонæн уа аккаг уавæртæ. Сæ хæцъæфтæ цы инвалидтæн сты хъыгдард, уыдонæн арæзт æрцыд швециаг асин тæлытимæ. Æз бирæ размæдзыд бæстæты уыдтæн – Япони, Китай, Израиль, Австри. Уым инвалидтæм хуыздæр цæстдард ис, æз ахуыр кодтон уыдон лæмбынæг æмæ ныр хъавын нæхи инвалидтæн дæр уыдæттæ аразын. Мæ нысан у, цæмæй уыдон сæхи иппæрдыл ма нымайой», – зæгъы уый.

Центры азилгæйæ, адæймаджы дисы æппары, куыд æнтысы адæймагæн иу-нæгæй уыйбæрц саразын. Дуæрттæ сты автоматикон. Ис сыл цалдæргъуызон кноп-кæтæ, кæцыты фæрцы инвалидтæн сæ бон суыдзæнис бадзурын, кæдæм сæ  бафæнда, уырдæм.

Центры кусдзæнис æрмадз, кæцыйы инвалидтæ цайдагъ кæндзысты, цы куыст сæ бон у бакæнын, ууыл. Фæстæдæр сæ бон суыдзæнис сæхицæн æхца бакусын дæр. Ам уыдзæн, сæ архайдмæ сын йæ хъус чи дара, ахæм мастер, кæннод та мультимедийон хуызы, 3D форматы, сæхæдæг монитормæ кæсгæйæ, ахуыр кæндзысты алыгъуызон професситыл.

Хъæцмæзты хæдзары цы дыргъдон ис, уый алфæмблай арæзт æрцыд коридор, цæмæй рынчынтæ тезгъо кæной сæ коляскæйыл дыргъдоны, уыдзæнис сын фадат дыккаг уæладзыгæй дыргъ ратонынæн. Фыццаг хатт ахæм конструкци хæдзары хицау федта Японийы, лæмбынæг æй сахуыр кодта æмæ йæ ныр йæхи къухтæй сарæзта. Лео зæгъы, зæгъгæ, инвалид йæхи къухæй бæласæй дыргъ куы ‘ртоны, уый йын хæссы æнахуыр æхцондзинад.

«Ацы «уæларвон» асин саразын зын уыд, фæлæ йæ куы зонай, уымæй кæйдæр хъизæмæрттæ фæрог уыдзысты, уæд дæ фыдæбоныл мур дæр нæ фæсмон кæндзынæ. Асины алфæмблай ис дидинджытæ, халсæрттæ – уыдонмæ хъуамæ зилой инвалидтæ сæхæдæг æмæ афтæмæй цайдагъ кæной сæ уавæрыл», – зæгъы ма центры хицау.

Æртыккаг уæладзыджы та уыдзæн улæфæн зонæ. Ам монтаж æрцæудзæн стыр монитор, уый фæрцы рынчынтæн фадат уыдзæн Интернеты хызæджы руаджы бæстæйы сæхи хуызæн инвалидтимæ бастдзинад аразынæн.

Æппæт ацы диссæгтæ аразыныл дизайнер бирæ тыхтæ æмæ æхцайы фæрæзтæ бахардз кодта, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый у йæ царды нысан. Уый уырны, ацы центр куы сырæза, уæд уый суыдзæн инвалидтæн сæ уарзон бынат.

Ныртæккæ дæр ын бирæ инвалидтимæ ис бастдзинад, гæнæн уæвгæйæ сын æххуыс дæр бакæны. Æрæджы дæр, нæ республикæйы Парламентон æвзæрстытæ куы цыдысты, уæд «Точка опоры»-йы сæргъ-лæууæг цалдæр рынчын адæймагæн сарæзта фадат, цæмæй схъæлæс кодтаиккой се ‘взарæн фадыджы. Ахæмтæм хæдзæрттæм бацæуынц къамисы уæнгтæ. Сæ иу – Гафезы уынджы цæрæг Уалыты Зоя схъæлæс кодта №16-æм æвзарæн фады-джы. Уырдæм æй йæхи машинæйыл баласта Лео.

«Дыккагæй райгуырдтæн. Мæнмæ-иу хæдзармæ æрбацыдысты, науæд та-иу мæ чызг хъæлæс кодта мæ бæсты. Бæллыдтæн-иу, искуы мæхæдæг дæр иннæ адæмы æмрæнхъ хъæлæс куы радтин, фадыгмæ бацæугæйæ. Ныр мын уыцы бæллиц сæххæст кодта Хъæцмæзты Лео. Президенты æххуысæй мын мæ фатермæ пандус аразы. Ныр мæ цард цæхгæр фæивта!», – цингæнгæйæ дзуры инвалид сылгоймаг.

Пандус ацы бонты монтаж æрцæудзæн Зояйы фатермæ, фæлæ фатеры дуæрттæ уынгæг кæй сты, уымæ гæсгæ дзы коляскæ нæ хизы, æмæ уæддæр сылгоймаг æнæ искæй æххуысæй æддæмæ нæ цæудзæн. Хъыгагæн, æвзарæн фадгуытæ æмæ ма æндæр административон уагдæтты дæр инвалидтæ æмбæлдзысты ног цæлхдуртыл, уыдон сахъат адæмы уавæртæн дзуапп нæ дæттынц.

 «Ис мæм авд куырдиаты, къуындæг авналæнтæ цы бинонтæн ис, ахæм инвалидтæй пандустæ саразыны тыххæй. Президент ныфс бавæрдта, кæй сын баххуыс кæндзæн йæхи фæрæзтæй», – зæгъы Хъæцмæзы фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.