Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд статс-секретарь – УФ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ.

Фембæлды хайад райста РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Бибылты Анатоли банысан кодта РХИ æмæ УФ-йы мидхъуыддæгты министрадты ‘хсæн æнгом æмгуыстад, афтæ ма информацион-координацион центры проект среализаци кæныны ахсджиагдзинад дæр.

«Æз зонын, ды активонæй кæй архайдтай Информацион-координацион центры сырæзтыл. Проект гъæдджынæй æмæ сфидаргонд æмгъуыдмæ арæзт фæцис. Центрæн ис серьезон ифтонгад æмæ йæ байгом кæнын фадат ратдзæн иумæйагæй министрадты æнгом æмархайдæн æмæ фыдракæндтимæ тох кæныны фæдыл куыст бирæбæрцæй фæрогдæр кæндзæн. Цæмæй нæ центр тагъддæр скуыстаид, уымæ дæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй дын зæгъын бузныг», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, центры сырæзт  æнæмæнгхъæуæг кæй у РХИ  æмæ УФ-йы структурæты æххæст æмæ оперативон æмархайдæн, афтæ ма банысан кодта, центры территорийыл куыстæн хорз уавæртæ арæзт кæй æрцыдысты.

Йæ рады Игорь Зубов банысан кодта, Информацион-координацион центры байгом кæнын кæй у Уæрæсе æмæ

Хуссар Ирыстоны интеграцийы фæндагыл ног къахдзæф.

«Центр кусдзæн дыууæ паддзахады компетенцийы фæлгæтты, йæ сæйраг хæс та у организацион фыдракæндты ныхмæ тох кæныны иумæйаг архайд. Æхсæнведомствæйон координацийы органтæ скъуыддзаг кæндзысты райсгæ информациты фæдыл фарстатæ. Уый ма у домгæ информацийæн тагъд дзуапп радтын дæр, æрмæст Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæлгæтты нæ, фæлæ нæ æндæр партнертимæ дæр æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадæн баххуыс кæнын хæцæнгарз æрзылдыл хуссары контроль сæндидзын кæнынæн. Дыууæ паддзахады ахсджиаг хæс у давд автотранспорты бацагурыны фарст аскъуыддзаг кæнын. Мах ма æххуыс кæндзыстæм автотехникон экспертизæйы фадыджы эксперттæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы», – загъта Игорь Зубов.

Уый ма йæ идеятæ раргом кодта центры æмæ йæ алыварс территорийы дарддæр фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.