Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ныр ӕртӕ азы дæргъы архайы вокалон-инструменталон ансамбль. Йӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг у Ӕлборты Владимир. Фыццаг хатт университеты ахӕм ансамбль бакӕныны хъуыды кӕмӕ сӕвзӕрд, куыд ӕмӕ цахӕм уавӕрты райгуырд, уыцы ӕмӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл нын ӕрдзырдта Ӕлборты Владимир.

Университетмӕ бахизгӕйӕ, зæрдæйыл æмбæлдысты музыкӕйы æхцон зӕлтӕ. Вокалон-инструменталон ансамблы мах баййӕфтам репетицийы рӕстӕджы. Куыд ӕрвылхатт, афтӕ ныр дӕр Владимир йӕ хъомылгӕнинӕгтӕн зӕрдӕбынӕй амыдта музыкӕйы сусӕгдзинӕдтӕ.

«Вокалон къорд саразыны хъуыды фыццаг фӕзынд университеты ректор Тедеты Вадиммӕ æмæ мæм уый фæдыл бахатыд. Уыцы хъуыды мӕхимӕ дӕр цымыдисон фӕкаст ӕмӕ сразы дӕн»,- зӕгъы Владимир.

Ансамбль йӕ куыст райдыдта, университет ма ӕмдзӕрӕндоны куы уыд, уæд. Кӕд сӕ уым сӕ уавӕртӕ нӕ амыдтой, уӕддӕр коллектив йӕ куыст кодта, архайдтой, цӕмӕй сын ӕнтыстытӕ уа ӕмӕ размӕ цӕуой. Ныр университет ног бӕстыхайы кӕй ис, уый ӕвӕрццагӕй бандӕвта коллективы куыстыл дӕр, ам сын рахицӕн ӕрцыд сӕрмагонд хатӕн, цыран фӕуадзынц репетицитӕ.

Университеты чи ахуыр кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр фадат ис ансамблмӕ ӕрбацӕуынӕн. Ис дзы дыууӕ къорды. Фыццаг, афтӕ зӕгъӕн ис, хистӕр къорд,  сырæзт ансамблы бакондӕй ӕмӕ йæ архайджытæ сты 4 чызджы – университеты студенттæ. Се ‘хсӕн ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ уый размӕ дӕр архайдтой музыкӕйы къабазы ӕмӕ сӕм уыд бындурон зонындзинӕдтӕ, иннӕтӕ та – музыкӕйы сӕ фыццаг къахдзӕфтӕ сарӕзтой ансамблмӕ ӕрбацӕугӕйӕ. Ацы къорды чызджытӕй иу йӕхӕдӕг фыссы зарджытӕн ныхӕстӕ ӕмӕ музыкӕ дӕр.

Дыккаг къорд та фӕзынд 2018 азы. Чызджытӕй дарддӕр се ‘хсӕн ис дыууӕ лӕппуйы дӕр. Сты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр факультеттӕй.

Райгонд у йӕ хъомылгӕнинӕгтӕй сӕ къухдариуӕггӕнӕг. «Уарзынц аивад, уарзынц музыкӕ ӕмӕ сын ӕнтыстытӕ дӕр ис. Алкӕйы дӕр сӕ фӕнды кусын, архайын, дзӕгъӕлы сӕ рӕстӕг нӕ сафынц, амындтытӕ дӕр хорз ӕххӕст кӕнынц. Кӕд сын исты нӕ рауайы, уӕд дӕр не ‘рулæфынц, цалынмӕ йӕ базонынц, уæдмæ, æмæ уый та ууыл дзурӕг у, кӕй сӕм ис фӕндон музыкӕйы ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ базоныны. Уый та нын ноджы нӕ куыст рӕвдздӕр кӕны ӕмӕ уӕд ӕнтыстытӕ дӕр ӕнӕ-мӕнг фылдӕрӕй фылдӕр кӕндзысты», – банысан кодта Владимир.

Ансамблы цӕгъдынц алыхуызон музыкалон инструменттыл: барабантӕ, бас-гитара, соло-гитара, ритм-гитара, клавишджынтæ. Инструменттӕ сын иууылдӕр самал кодта университеты ректор ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййафынц, кусынӕн сын ис ӕппӕт дӕр ӕмӕ уый тыххӕй бузынг зӕгъы Владимир Тедеты Вадимӕн.

Ансамблы репертуары сты ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтыл фыст зарджытæ. Се ‘хсæн сты, Ӕлборты Владимир йӕхӕдӕг музыкæ цы зарджытӕн ныффыста, ахæмтæ дæр.

Вокалон-инструменталон ансамбль хайад райсы куыд университеты цӕуӕг мадзӕлтты, афтӕ горӕты ӕмвӕзадыл уагъд цæуæг мадзӕлтты дӕр. Цæвиттон, хайад райстой ивгъуыд аз нӕ горӕты уагъдцæуæг фестиваль «Ирон рок»-ы, стæй – Дзӕуджыхъӕуы ирон зарӕджы фестивалы дæр.

Ансамблы архайджытӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ басусӕг кодтой сӕ бирӕнымӕц ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ ӕхсызгонӕй дзырдтой, ансамблмӕ куыд ӕрбацыдысты ӕмӕ сын цы ӕнтыстытӕ ис, уыдоныл.

«Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, ӕмӕ нæ ансамблы архайдзынæн, фӕлӕ куы базыдтон, университеты ахӕм ансамбль ис, уӕд мӕ бафӕндыд йе скондмӕ бацӕуын. Цӕгъдынмæ, раст зæгъгæйæ, тынг нæ арæхстæн, фӕлӕ нӕ къухдариуӕггӕнӕджы фӕрцы сахуыр дӕн, стыр бузынг ын уый тыххæй. Ныр барабантыл цӕгъдын», – зӕгъы 1-аг курсы экономикӕйы факультеты студенткӕ Хуыбылты Заринӕ.

«Цалынмӕ университетмӕ не ‘рбацыдтӕн, уӕдмӕ фондз азы ахуыр кодтон музыкӕйы хаххыл ӕмӕ мæм бæлвырд зонындзинӕдтӕ ис ацы къабазы. Ацы ансаблмӕ кæй ӕрбацыдтӕн, уый та мын ноджы тынгдӕр фӕахъаз мæ музыкалон курдиат райхалынмӕ. Кӕд мӕ сомбон музыкӕимӕ не сбӕттон, уӕддӕр мӕ зӕрдӕйы кӕддӕриддӕр цӕрдзӕн ӕхсызгон мысинагӕй», – загъта 1-аг курсы фӕсарӕйнаг факультеты студент Тедеты Гермаген.

«Тынг ӕхсызгон мын у, кӕй дӕн ацы ансамблы. Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, нæхиуыл куыд кусӕм, куыд нын амоны Владимир, уый. Тынг райгонд дзы дӕн ӕмӕ йын зӕгъын стыр бузныг. Куыд адӕймаг, афтӕ дӕр у тынг хорз миниуджыты хицау», – йӕ хъуыдытӕ зӕгъы 3-аг курсы журналистикӕйы факультеты студенткӕ  Кокойты Аннӕ дæр.

Ацы ансамблы архайджытӕй кӕд сомбоны алчи йӕ хъысмæт музыкӕимӕ не сбӕтта, уӕддӕр сын абон ӕхцондзинад хӕссы, зӕрдиагӕй архайынц ӕмӕ сын ӕнтыстытӕ дӕр ис. Ӕвзонг музыканттӕн нӕ зӕрдӕ дӕр зӕгъы ноджы фылдӕр сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ.

Къæбысты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.