Дзырдæппарæн

Советон Цæдисы рæстæджы Хуссар Ирыстоны автономон областы иууыл ахсджиагдæр куыстуæттæй иу уыд завод «Электровибромашинæ». Цæдисы ныппырхимæ Ирыстоны территорийыл уæвæг заводтæ æмæ фабрикæтимæ ацы завод дæр раууатмæ æрцыди, йæ рауадзгæ продукци хъæуæг нал уыд æмæ æппынфæстагмæ йæ куыст урæд æрцыд.

Фæлæ абон мæ дзырды сæр æндæрыл у. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ завод «Электровибромашинæ»-йы территорийыл æртæ-цыппар азы размæ аразын райдыдтой цахæмдæр объект, бантыст ын егъау блоктæй бæстыхайы æртæ уæладзыджы къултæ самайын æмæ ууыл йæ куыст æрлæууыд. Объект аразын куы райдыдтой, уæд  Хъайтарты уынджы цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд заводæн йæ иувæрсты тротуарыл сарæзтой, йæ дæргъ 50-70 метры бæрц кæмæн у, ахæм чысыл «тъунелы» хуызæн, ома, тротуар æрæмбæрзтой шиферæй æмæ тротуарон плиткæйыл та сæвæрдтой фæйнæджы лыггæгтæй астæрд. Рæстæг куыд цыд, афтæмæй фæйнæджытæ ныцъæлтæ сты адæмы къæхты бын æмæ сыл ныр дæргъвæтин рæстæджы æдæрсгæйæ ахи-зæнтæ нал ис. Бæргæ адæймаг бумбулийæ уæззаудæр куы нæ уаид, фæлæ царды афтæ никуы вæййы æмæ йæ уæз 100 килограммы кæмæн у, ахæм адæймæгты къæхты бын куыд хъуамæ фæлæууыдаиккой æнæбары фæйнæджы лыггæгтæ. Стæй дæр æххæстæй æмбарæн нæй, тротуарон плиткæйыл фæйнæджытæй астæрд æвæрын цæмæн хъуыд, уый.  Уымæй дарддæр ма абон бæрæг нæу æрдæгарæзт объекты фидæны хъысмæт дæр…

Цъæлтæ фæйнæджытыл фæцæйцæугæйæ, адæмæй бирæтæ хаугæ дæр акæнынц, сæ къæхты бын тæнæг фæйнæг кæй æрцъæл вæййы, уый аххосæй. Ацы уацы автор йæхæдæг æвдисæн уыд цалдæр ахæм цауæн. Вогзалгæрон уынджы цæрæг сылгоймаджы æрвылрайсом йæ куыстмæ æмæ фæстæмæ йæ хæдзармæ цæуын хъæуы ацы чысыл «тъунелгондыл». Иу хатт йæ быны æрцъæл фæйнæг, ахаудта æмæ йæ уæрджытæ ныццавта. Иу хорз уыд, æмæ дзы сæтгæ ницы акодта. Къæвдабонты та фæйнæджыты иу хай схуылыдз вæййы æмæ йыл къах бырын райдайы. Уыд ахæм цау дæр, иу ацæргæ нæлгоймаг ыл фæбырыд æмæ   афæлдæхт.

Ис ахæм адæймæгтæ, уыцы нымæцы ацы уацы автор дæр, æмæ ацы «тъунелгондыл» нал цæуынц, фæлæ рахизынц машинæвæндагмæ, кæцы  цардæн тæссагдзинад æвзæрын кæны, уымæн æмæ ацы бынаты ис Хъайтарты уынджы иу фарсæй иннæ фарсмæ машинæты разилæн, стæй дзы бирæ машинæтæ змæлынц.

Фарстæуы, кæдмæ афтæ уыдзæн? Объекты арæзтадыл ныр цасдæр рæстæджы дæргъы ничиуал кусы æмæ дзы, чизоны, æввахс рæстæджы дæр ма райдайой арæзтадон куыстытæ, уæд адæм кæдмæ хъуамæ æвзарой зындзинæдтæ, ууылты цæугæйæ? Хорз уаид, æмæ «тъунелæн» йæ астæрд уæддæр куы сисиккой, æмæ йын фæлтау йе ‘мбæрзт ныууадзæт афтæмæй, фæлæ уый дæр кæдмæ хъуамæ фыдуынд кæна уынджы ацы хай. Æниу, дызæрдыггаг у уый дæр, æмæ куыстыты рæстæджы исты арæзтадон æрмæг куы рахаудаид, уæд æй ацы шифертæ баурæдтаиккой… Хорз уаид, æмæ ацы проблемæ иуварсгонд куы æрцæуид, цалынмæ исты фыдбылыз не ‘рцыд, уæдмæ…

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.