Æрæджы Мидхъуыддæгты министрадмæ хъаст балæвæрдта Дзæуджыхъæуы цæрæг, кæцыйæ горæт Норильскы 54-аздзыд цæрæг арендæйы акодта автомашинæтæ «Лада Гранта» æмæ «HYUNDAI GRETA», фæлæ сæ фæстæмæ нал æрбакодта. Ахæм хъæстытæ ма уый фæстæ балæвæрдтой ноджы цалдæр уæрæсейаг æмбæстаджы. Æдæппæт давд автомашинæты нымæц ахызт дæсæй.
Милицийы кусджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй ацы автомашинæтæ æрбахызтысты Хуссар Ирыстоны территоримæ. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн уал дзы ссардтой цыппар автомашинæйы «Лада Гранта»-тæ. Дарддæр дæр ист цæуынц агурæн мадзæлттæ. Рабæрæг ис фæлитойты цæстфæлдахæн пълан дæр, – арендæйы уæвæг автомашинæтæн сæ гæххæттытæ æххæстæй семæ никуы вæййынц æмæ сæ уымæ гæсгæ фыдгæнджытæ не ‘мбæстæгтæн ауæй кодтой асламдæр аргъыл.
Ацы цыппар автотранспорты хицæуттæм фæдзырдтой нæ республикæмæ æмæ сын сæ радтой. Уæрæсейы Федерацийы та фыдгæнджытыл бакодтой уголовон хъуыддаг æмæ сæ ныридæгæн агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ.
Не ‘мбæстæгтæй ахæм машинæтæ чи балхæдта, уыдон се ‘хцайы фæрæзтæ дæр фесæфтой æмæ æнæ машинæтæй дæр аззадысты. Уымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрад сиды нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæхи хизой ахæм фæлитойтæй æмæ лæмбынæгдæр кæсой автомашинæты гæххæттытæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.