Ныртæккæ фермерон хæдзарады райрæзтæн хорз уавæртæ ис. Фермертæн лæвæрд цæуы æхцайы фæрæзтæ кредиты хуызы, хуыздæр ифтонг цæуынц техникæйæ дæр.

Цалдæр азы размæ Габуты Ия хицауадæй райста кредит. Цхинвалы районы Ксуисы йын уый уыд скъæт æмæ стуртæ балхæныныл рагæй архайдта, тырныдта, цæмæй йын йæхи хæдзрад уа. Фæлæ стуртæ цæмæй балхæдтаид, уый æхца йæм нæ уыд. «Хицауадæй цы фæрæзтæ райстон, уыдон кæй, зæгъын æй хъæуы, фосдарды райтынг кæнынæн цъус уыдысты. Фæлæ мын чысыл фермæ арæзт кæй уыд, уый мын бæрæг мæ къух сарæзта. Кредиты хуызы цы æхцатæ райстон, уымæй та балхæдтон дыгæрдгуытæ æмæ родтæ. Уыдон иууыл иумæ баисты 20 сæры.

Куыст цадæггай йæ къахыл слæууыд. Холлаг амал кæнын нæ хъуыд. Мæ фермæ арæзт кæм ис, уымæн йæ алфæмблай иууылдæр у быдыр. Раздæр ам цардысты гуырдзиæгтæ, фæлæ ныртæккæ хъæуы цæрæг нал ис».

Сылгоймаг ма куыд зæгъы, афтæмæй райдианы йæ зæрды уыд фос æрмæстдæр дзидзагуыст кæныны тыххæй дарын. Фæлæ родтæ куы байрæзтысты, уæд сæ йæ цæст фыдызгъæлæн аргæвдын нал бауарзта. Цадæггай ахызт æхсыры куыст кæнынмæ. Ныртæккæ йæ фермæйы ис 9 стуры. Æхсыр æрвылбон дæр радты нæ горæты хæлцадон магазинтæм. Зæгъы, зæгъгæ, æрбаласæггаг продукцийы гъæд бынæттон æхсырæй хуыздæр нæу. Сывæллоны организмæн кæд уый уадиссаг зиан нæ хæссы, уæддæр йæ пайдайы æууæлтæ дæр бæрæг фæкъаддæр вæййынц. Уыимæ бынæттон æхсыр уæй  цæуы къаддæр аргъмæ.

Æвзонг сылгоймаджы фермæйы цы хъуццытæ ис, уыдон сты хæрззылд. Зæгъы, зæгъгæ, уый арæх æрбахоны ветеринары, кæцы лæмбынæг басгары стурты, кæд йæ зæрдæ фехсайы истæмæ, уæд амындтытæ радты сылгоймагæн. «Мæ фос мæн æрмæст бизнес кæнынæн нæ хъæуынц, хи бинонтау сæ уарзын. Дæ сабийы æнæниздзинадмæ дæ хъус куыд дарыс адонмæ дæр мæ ахаст афтæ у. Рæстæгыл сын аразын прививкæтæ хæцгæ низты ныхмæ. Æрмæст кæрдæджы æвджид не сты, витаминтæ æмæ ма хæрды рацион цы уæлæмхас хæринæгтæ хъуамæ уа, уыдонæй ме стурты цух нæ уадзын. Стуртæм зилын æнцон нæу ис мын иу кусæг, фæлæ æндæр исты куыстытæ кæнын дæр æнцон нæу. Адæймаг та куыннæ змæла, уæд куыд фæцæрдзæнис. Æз мæ чысылæй фæстæмæ фæллой кæнын уарзын. Мæ ныййарджытæ дæр ахæм уыдысты. Цалдæр азы размæ бафæлвæрдтон зæххы куыст кæнын дæр, фæлæ мæ фæнд нæ фæрæстмæ ис. Боныгъæдты аххосæй иу цы байтыдтон, уый рæстмæ тыллæг нæ лæвæрдта. Фæлæ уæддæр мæ къухтæ никуы ауагътон. Ныр та ме ‘ргом фосдарды куыстмæ аздæхтон. Мæ уæндон къахдзæф рауад æнтысджын. Нырма кæд æрмæстдæр æхсыр уæй кæнын, уæддæр фæстæдæр мæ зæрды ис æхсырæй цалдæр хуыз продукттæ уадзын», – зæгъы Габуты Ия.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.