Ныр дæс азы архайы Знауыры районы Джиоты Рустемы фермерон хæдзарад «Знауыр-продукт» æмæ республикæйы цæрджыты зынгæ хаймæ хæццæ кæнынц йæ æркæнгæ халсæрттæ, дыргътæ æмæ фыдызгъæл.

Амалиуæггæнæг, сæйраджыдæр, кæны  маргъдарды куыст.

Æрмæст Знауыры районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр районты хъæуты цæрджытæ дæр, сæ кæрчытæн къуыртт æвæрыны бæсты цъиутæ æлхæнынмæ бацæ-уынц Джиоты Рустемы хæдзарадмæ. Йæ фермæйы сæйраг «фидыц» та сты французаг гогызты мыггаг –  урсытæ æмæ фæныкгъуызтæ. Уыдоны бæрц у минæй фылдæр æмæ дардмæ фехъуысы сæ уасын. «Фарон нæм уыд 500 гогызы, ацы аз сæ фæфылдæр кодтам. Гогызы фыд пайда кæй у адæймагæн, уый алчидæр зоны. Æнæуый сæ дарын зындæр у, иннæ мæргътæм абаргæйæ. 70 боны сæ хъæуы хъомыл кæнын æмæ сæ уый фæстæ ауæй кæнæм. Дыууæ мæймæ сæ уæз схизы 20 килограммæ», – загъта Джиоты Рустем.

Уый ма дары кæрчытæ, цицыртæ, уæрццытæ. Æлхæнынц ын сæ куыд  хицæн адæймæгтæ, афтæ чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн дæр. Нæ горæты ресторантæ æмæ хæрæндæттæй дæр бирæтæ маргъы фыд фелхæнынц «Знауыр-продукт»-ы. Маргъдарды куыст у æнæрлæугæ процесс – гогыз, карк, цицыр æмæ цъиутæ кæрæдзи ивынц. Уыцы-иу рæстæджы ам хъомыл кæны 11 минæй фылдæр маргъы. Ныртæккæ хæдзарады цы кæрчытæ ис, уыдон нырма рæзинаг сты, æргæвдынæн сбæздзысты 2-3 къуырийы фæстæ. Иу карчы уæй кæнынц 500 соммæ. Абаргæйæ, æрласæггаг маргъы фыд у 600-700 сомы. Цицыры фыд диссаджы хæрзад у, чысыл сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы ныййарджытæ йæ зæрдиагæй фæагурынц, уымæн æмæ аллерги кæмæн ис фыдызгъæлæй, уымæн цицырты дзидза ницы зиан кæны.

Джиоты Рустемы хæдзарады мæргътæй дарддæр ис родтæ дæр. «Мах балхæнæм афæдздзыд родтæ, базилæм сæм ноджы иу аз æмæ сæ стæй ауæй кæнæм фыдызгъæлæн. Ныртæккæ хæдзарадæн разамынд кæны мæ фырт Руслан. Æз та архайын, цæмæй Цæгат Ирыстоны дæр кæнæм маргъдарды куыст. Уым æлхæнæг дæр фылдæр ис, уавæртæ дæр хуыздæр сты.

Куыд ма загътам, афтæмæй ацы хæдзарад кæны халсар æмæ дыргъдоны куыст дæр. Джитри æмæ пъамидортæ æркæнынц цы цыппар хъæрмуаты сын ис, уым. Ацы аз кæд хъæуы цæрджытæн сæ пъамидортæ рæгъæд кæныны афон низ фæзынд æмæ æмбыдысты, уæддæр хъæрмуаты æркæнгæ тыллæг уымæй хызт уыд. «Донæй цух нæ уыдысты. Сæ садзæнтæ сын æрхæссæм Кæсаг-Балхъарæй, уымæн æмæ уыдон низы ныхмæ фидар дæр сты», – зæгъы Рустемы фырт.

Æрыгон лæппу куыд зæгъы, афтæмæй кæд фыдæбон бирæ ис, уæддæр хæссынц пайда. Æлхæнæг сæм бынатмæ кæй цæуы уый, уымæ гæсгæ йыл алы афоны дæр сæмбæлынц.

Джиотæ ма уыцыиу рæстæджы кæнынц сæндоны куыст дæр. «Æз нырма чысыл уыдтæн, афтæмæй ныккалдтам ацы сæнæфсиртæ, ныр уыдон тыллæг хæссын райдыдтой. Ныртæккæ дæр нæ ныккæнды ис 10 тоннæйы сæн. Æрвылаз дæр саразæм сæн. Нæхи сæнæфсирæй дарддæр ма æлхæнгæ дæр бакæнæм. Нæ сæн нын æлхæнынц чындзæхсæвтæм æмæ æндæр фынгтæм дæр», – зæгъы Джиоты Руслан.

Джиоты бинонтимæ ма «Знауыр-продукт»-ы фирмæйы фæллой кæнынц æндæр кусджытæ дæр. Сæ куыстмызд хæццæ кæны 25 мин соммæ. Æрцæуæггаг кусджыты сифтонг кодтой цæрæнбынæттæй. Зна-уыры поселочы та æрæджы бакодтой сæрмагонд магазин æмæ дзы уæй кæнынц сæ æркæнгæ продукци.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.